-
Ӕрбабырсдзысты цӕгатӕй!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2020 | апрель
-
-
14. Иоилы 2:28, 29 стихты цы пехуымпарад ис, уый кӕд сӕххӕст?
14 Уый фӕстӕ Иоил дзуры хорз хабар. Зӕхх та дӕтдзӕн бирӕ тыллӕг (Иоил 2:23–26). Фӕстӕдӕр та бирӕ адӕмӕн фӕзындзӕн фадат рӕстдзинад базонынӕн. Йегъовӕ загъта: «Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты. [...] Уыцы бонты мӕ тых ӕруадздзынӕн суанг лӕггадгӕнӕг-нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ лӕггадгӕнӕг-сылгоймӕгтыл дӕр» (Иоил 2:28, 29). Ацы ныхӕстӕ, израилӕгтӕ Вавилонӕй сӕ зӕхмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд нӕ сӕххӕст сты. Уыцы хабар ӕрцыд иу-600 азы фӕстӕ, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны. Уый кӕцӕй зонӕм?
15. Хъуыддӕгты 2:16, 17 стихтӕм гӕсгӕ, Петр Иоилы 2:28 стихы ныхӕсты цы фӕивта ӕмӕ уый цӕуыл дзурӕг у?
15 Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй апостол Петр загъта, Иоилы 2:28, 29 стихты ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты Фӕндзайӕм боны. Уӕд ӕрцыд диссаджы хабар. Райсомӕй 9 сахатмӕ ’ввахс Хуыцау ахуыргӕнинӕгтыл диссаджы хуызы йӕ сыгъдӕг тых ӕруагъта, ӕмӕ уыдон алы ӕвзӕгтыл «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» дзурын райдыдтой (Хъуыд. 2:11). Петр Иоилы пехуымпарады кой куы кодта, уӕд дзы Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындӕй гыццыл цыдӕр фӕивта. Бафиппайдтай йӕ? (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 2:16, 17.) Иоилы пехуымпарады фыст ис, «уый фӕстӕ ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн», зӕгъгӕ. Петр та йӕ афтӕ загъта, «фӕстаг бонты... ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн», зӕгъгӕ. Ацы ран «фӕстаг бонтӕ» амыдтой дзуттаг цардӕвӕрды фӕстаг бонтӕм. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг Хуыцау йӕ сыгъдӕг тых хъуамӕ ӕруагътаид «алыхуызон адӕймӕгтыл». Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ, цалынмӕ Иоилы пехуымпарад сӕххӕст, уӕдмӕ дзӕвгар рӕстӕг рацыд.
16. Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы 1 ӕнусы хъусын кӕныны хъуыддаг кӕуылты аххӕссыд? Нӕ рӕстӕджы тыххӕй та цы ис зӕгъӕн?
16 Хуыцау 1 ӕнусы чырыстӕттыл йӕ сыгъдӕг тых куы ’руагъта, уӕд уыдон хъусын кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уыцы хъуыддаг ӕппынфӕстаг аххӕссыд ӕнӕхъӕн дунейыл. Апостол Павел йӕ фыстӕг Колоссӕгтӕм ныффыста н. э. 61 азмӕ ’ввахс. Ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ бон уыд зӕгъын, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ӕрцыд «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» (Кол. 1:23). «Арвы бын ӕппӕт адӕм» амыдтой, Павелӕн ӕмӕ-иу иннӕтӕн сӕ бон ацӕуын кӕдӕм уыд, уыцы бӕстӕты цӕрӕг адӕммӕ. Нӕ рӕстӕджы та Йегъовӕйы хъомысджын сыгъдӕг тыхы фӕрцы хорз хабар хъуыстгонд цӕуы ноджы фылдӕр рӕтты – «суанг зӕххы кӕроны онг дӕр»! (Хъуыд. 13:47; кӕс рамкӕ «„Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн“ мӕ лӕггадгӕнджытыл»).
-