Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Фыдгӕнджытӕ ма зӕххыл кӕдмӕ уыдзысты?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 февраль
    • 9 Аввакум лӕмбынӕг хъусы, Хуыцау дарддӕр цы зӕгъдзӕн, уымӕ. Уыцы ныхӕстӕ фыст сты Аввакумы чиныджы 1:6—11-ӕм стихты. Уый у Иегъовӕйы ӕрвыст, ӕмӕ никӕцы мӕнг хуыцауӕн, никӕцы ӕдзард гуымирыйӕн у йӕ бон Иегъовӕйы йӕ сӕххӕст кӕнынӕй бакъуылымпы кӕнын: «Мӕнӕ, Ӕз сыстын кӕндзынӕн халдейты, кӕйдӕр цӕрӕнбынӕттӕ сӕхи бакӕныны тыххӕй зӕххы иу кӕронӕй иннӕмӕ чи цӕуы, уыцы ӕгъатыр ӕмӕ тӕвдтуг адӕмы. Тӕссаг ӕмӕ тасӕфтауӕг сты. Сӕхӕдӕг сты сӕхицӕн тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ хицау. Сӕ бӕхтӕ сты фӕранктӕй тыхджындӕр ӕмӕ ӕхсӕвыгон цуаны чи фӕцӕуы, уыцы бирӕгътӕй знӕтдӕр. Сӕ бӕхджын ӕфсад бырсы алырдӕмты; дардӕй ӕрбафсӕрынц йӕ барджытӕ, йӕ амӕттагыл йӕхи чи ныццӕвы, уыцы цӕргӕсау ӕрбатӕхынц. Уыдон се ’ппӕтдӕр цӕуынц тыхгӕнӕг; сӕ ных размӕ сарӕзтой ӕмӕ семӕ кӕнынц змисау бирӕ уацайрӕгты. Ӕмӕ хынджылӕг кӕнынц паддзӕхтӕй, ӕмӕ сын хицӕуттӕ сты хъазинаг; алы фидарыл дӕр кӕнынц худгӕ: хъулаон быру ныккалынц ӕмӕ йӕ басӕттынц. Ӕмӕ уӕд сӕхимӕ ныззынынц, цӕуынц ӕмӕ цӕгъдӕн кӕнынц [«арӕнӕй ахиздзысты ӕмӕ фӕаххосджын уыдзысты», НД]; сӕ хъару у сӕ хуыцау».

  • Фыдгӕнджытӕ ма зӕххыл кӕдмӕ уыдзысты?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 февраль
    • 12. Цавӕр ахаст ис вавилойнӕгтӕн ӕмӕ уыцы фыдызнаг цавӕр хъуыддаджы «фӕаххосджын уыдзӕн»?

      12 Халдейты ӕфсад хынджылӕг кӕны паддзӕхтӕй ӕмӕ хъазы хицӕуттӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ ныхмӕ фӕлӕууын сӕ бон нӕу. Вавилойнӕгтӕ худынц «алкӕцы фидарыл», уымӕн ӕмӕ алы фидар дӕр басӕттынц, «хъулаон быру» ныккалынц ӕмӕ йӕм уырдыгӕй бабырсынц. Иегъовӕйы снысангонд рӕстӕджы тасӕфтауӕг знаг «арӕнӕй ахиздзӕн». Иудей ӕмӕ Иерусалиммӕ куы лӕбура, уӕд «фӕаххосджын уыдзӕн», Хуыцауы адӕмӕн зиан кӕй ракодта, уыцы хъуыддаджы. Уыцы диссаджы уӕлахизы фӕстӕ халдейты ӕфсадфӕтӕг ӕппӕлдзӕн, «нӕ хъару у нӕ хуыцау», зӕгъгӕ. Уӕвгӕ та куыд бирӕ цыдӕртӕ нӕ зоны!

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын