-
Иегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг у!Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 мартъи
-
-
14. Хуыцау, ӕрмӕстӕр ӕй дзыхӕй чи нымайы, уыдоны хъуыддӕгтӕ куы ӕвзара, уӕд цы уыдзӕн?
14 Иегъовӕ, ӕрмӕстдӕр ӕй дзыхӕй чи нымайы, уыдоны хъуыддӕгтӕ куы ӕвзара, уӕд цы уыдзӕн? Пехуымпарады дарддӕр дзырдӕуы: «Уыцы рӕстӕджы Ӕз рухсгӕнӕнтимӕ мӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдардзынӕн Иерусалиммӕ, ӕркӕсдзынӕн, йӕ бынтыл чи сбадт, ӕмӕ йӕхицӕн афтӕ чи дзуры: „Иегъовӕ хорзӕй дӕр ницы аразы ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр“, уыдоны хъуыддӕгтӕм. Сӕ хъӕздыгдзинад сын фӕхӕсдзысты ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕл баззайдзысты. Хӕдзӕрттӕ бӕргӕ сараздзысты, фӕлӕ сӕ цӕргӕ нӕ кӕндзысты; сӕнӕфсиртӕ садздзысты, фӕлӕ сын сӕ сӕн нӕ нуаздзысты» (Софони 1:12, 13).
-
-
Иегъовӕйы тӕрхоны бон хӕстӕг у!Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 мартъи
-
-
16. Хуыцауы тӕрхоны бон Иудӕйы паддзахадыл цы ’рцыд ӕмӕ уыцы хабар махыл куыд хъуамӕ ӕндава?
16 Иудӕйы аздӕхджыты Хуыцау развӕлгъау бафӕдзӕхста, вавилойнӕгтӕ сын сӕ хъӕздыгдзинад кӕй фӕхӕсдзысты, сӕ хӕдзӕрттӕ сын кӕй ныппырх кӕндзысты ӕмӕ сӕ сӕнӕфсирдӕттӕй цы тыллӕг райстой, уый сӕхицӕн кӕй афардӕг кӕндзысты, уый тыххӕй. Иудӕйы Хуыцауы азар куы баййӕфта, уӕд ын йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ мулк нӕ баххуыс кодтой. Афтӕ уыдзӕн, Иегъовӕйы тӕрхоны бон нырыккон цардӕвӕрдыл куы ӕрцӕуа, уӕд дӕр. Цӕй уӕдӕ алы хъуыддагмӕ дӕр уырнындзинады цӕстӕй кӕсӕм, Иегъовӕйы хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм, ӕмӕ афтӕмӕй «нӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнӕм арвыл»! (Матфейы 6:19—21, 33).
-