Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2016 | январь
    • 1, 2. а) Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы тыххӕй пехуымпар Захарийы уылты цы загъта? б) Ацы статьяйы дзуапп цавӕр фарстатӕн базондзыстӕм? (Кӕс нывмӕ статьяйы райдианы.)

      ЙЕГЪОВӔ нӕ рӕстӕджы тыххӕй пехуымпар Захарийы уылты загъта: «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Зах. 8:23). Ацы стихы «дзуттаг лӕг» амоны, Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрста, уыдонмӕ. Библи ма сӕ «Хуыцауы Израил» дӕр хоны (Гал. 6:16). «Дӕс адӕймаджы» та амонынц, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕммӕ. Уыдон зонынц, Йегъовӕ уыцы сӕрстыты къордӕн кӕй арфӕ кӕны ӕмӕ сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, семӕ йын иумӕ кӕй лӕггад кӕнынц, уый.

  • «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2016 | январь
    • 4. Кӕд уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй абон сӕрст чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ нӕмттӕ зонӕм, уӕд нӕ бон куыд у семӕ «цӕуын»?

      4 Кӕд уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй «ӕндӕр фыстӕ» абон сӕрст чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ нӕмттӕ зоной, уӕд сӕ бон куыд у семӕ «цӕуын»? Библи зӕгъы: «Дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты иу дзуттаг лӕджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“». Ӕмӕ кӕд ацы стихы иу дзуттаджы кой ис, уӕддӕр дзы дарддӕр ӕмбӕлы номивӕг, «уемӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ уый та ӕрмӕст иу адӕймагмӕ нӕ амоны. Уӕдӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ «дзуттаг лӕг» амоны сӕрст чырыстӕтты ӕнӕхъӕн къордмӕ дӕр. «Ӕндӕр фыстӕ» уый зонынц, ӕмӕ уыцы къордимӕ Йегъовӕйӕн иумӕ лӕггад кӕнынц. Ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕй алкӕй ном дӕр зоной ӕмӕ сӕ алкӕй фӕдыл дӕр цӕуой. Махӕн нӕ Разамонӕг у Чырысти ӕмӕ нын Библи зӕгъы, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр йӕ фӕдыл цӕуӕм (Матф. 23:10).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын