Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Библийы 38 чиныг – Захари
    Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
    • 6 Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, чиныг 9-ӕм сӕрӕй фӕстӕмӕ Захарийы фыст нӕу, уымӕн ӕмӕ, дам, ӕндӕр хуызы фыст у. Фӕлӕ ӕндӕргомау фыст уымӕн у, ӕмӕ дзы пехуымпар ӕндӕр цауты тыххӕй дзуры. Кӕд ӕмӕ фыццаг аст сӕры дзырд цӕуы, Захарийы рӕстӕг чи цард, уыдонӕн ахсджиаг цы уыд, ууыл, уӕд 9–14 сӕрты та пехуымпар дзуры фидӕны тыххӕй. Иуӕй-иутӕ не ’мбарынц, Матфей, Захарийы ныхӕстӕ дзургӕйӕ, цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, уый Йеремийы ныхӕстӕ сты (Матф. 27:9; Зах. 11:12). Ӕвӕццӕгӕн, цасдӕр рӕстӕг Фӕстаг пехуымпартӕй фыццагыл нымадтой Исайы нӕ, фӕлӕ Йеремийы, нырыккон Библиты номхыгъдӕй куыд зыны уымӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ Матфей Захарийы «Йереми» схуыдта, ӕвӕццӕгӕн, дзуттаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. Дзуттӕгтӕ Фыстады чингуыты къорд хуыдтой фыццаг чиныджы номӕй. Йесо йӕхӕдӕг дӕр пайда кодта ном «Псалом»-ӕй, фӕлӕ амонгӕ та кодта, Фыстытӕ кӕй хуыдтой, уыцы чингуытӕм чи хауд, уыдонмӕ се ’ппӕтмӕ (Лук. 24:44)b.

  • Библийы 38 чиныг – Захари
    Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
    • 25 Фыццаг абзацты куыд дзырдӕуыд, афтӕмӕй Захарийы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты, зӕгъӕм: Йесо бацыд Иерусалиммӕ паддзахы цыдӕй, «сӕрныллӕгӕй ӕмӕ хӕрӕгыл бадгӕйӕ»; ауӕй йӕ кодтой «ӕртын ӕвзист ӕхцайыл»; уыцы рӕстӕджы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныппырх сты; хъӕдыл ӕй байтыгътой ӕмӕ йӕ арцӕй барӕхуыстой (Зах. 9:9; 11:12; 13:7; 12:10). Ацы пехуымпарад дзуры, Йегъовӕйы кувӕндон чи хъуамӕ сараза, уыцы «Тауы» тыххӕй. Исайы 11:1–10, Йеремийы 23:5 ӕмӕ Лукайы 1:32, 33 абаргӕйӕ бӕрӕг у, уыцы «Тау» кӕй у Йесо Чырысти, уый «паддзахиуӕг кӕндзӕн Иаковы хӕдзарыл мыггагмӕ». Захари фыссы, зӕгъгӕ, «Тау» у «сауджын йӕ паддзахбадӕныл», ӕмӕ ацы ныхӕстӕ ӕмхуызон сты апостол Павелы ныхӕстимӕ: «Йесо, ӕнустӕм Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын чи сси, уый», стӕй ма «уӕлӕрвты Цытджын Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс чи ӕрбадт» (Зах. 6:12, 13; Дзут. 6:20; 8:1). Уымӕ гӕсгӕ пехуымпарад ӕвдисы, «Тау» кӕй у Хистӕр сауджын ӕмӕ Паддзах, ӕмӕ кӕй бады Хуыцауы рахизфарс уӕлӕрвты, афтӕ ма дзы дзырд цӕуы, Йегъовӕ кӕй у Дунедарӕг: «Ӕмӕ Йегъовӕ суыдзӕн ӕгас зӕххы паддзах. Уыцы бон уыдзӕни иунӕг Йегъовӕ ӕмӕ иунӕг йӕ ном» (Зах. 14:9).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын