-
Библийы 38 чиныг – ЗахариФыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
-
-
5 Чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, уымӕн иууыл хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ сты, Мессийӕйыл, Йесо Чырыстийыл, цы пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты, уыдон. Уый сбӕрӕг кӕнӕн ис, куы абарӕм Захарийы 9:9; Матфейы 21:4, 5 ӕмӕ Иоанны 12:14–16; Захарийы 12:10 ӕмӕ Иоанны 19:34–37; Захарийы 13:7; Матфейы 26:31 ӕмӕ Марчы 14:27. Уымӕй уӕлдай ма ӕмхуызон хъуыдытӕ ссарӕн ис Захарийы 8:16 ӕмӕ Ефесӕгтӕм 4:25; Захарийы 3:2 ӕмӕ Иудӕ 9; Захарийы 14:5 ӕмӕ Иудӕйы 14. Куыд диссаг у, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый кӕрӕдзиимӕ куыд баст у, уый!
-
-
Библийы 38 чиныг – ЗахариФыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
-
-
25 Фыццаг абзацты куыд дзырдӕуыд, афтӕмӕй Захарийы пехуымпарӕдтӕ иууылдӕр лыстӕг хабӕртты онг сӕххӕст сты, зӕгъӕм: Йесо бацыд Иерусалиммӕ паддзахы цыдӕй, «сӕрныллӕгӕй ӕмӕ хӕрӕгыл бадгӕйӕ»; ауӕй йӕ кодтой «ӕртын ӕвзист ӕхцайыл»; уыцы рӕстӕджы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ныппырх сты; хъӕдыл ӕй байтыгътой ӕмӕ йӕ арцӕй барӕхуыстой (Зах. 9:9; 11:12; 13:7; 12:10). Ацы пехуымпарад дзуры, Йегъовӕйы кувӕндон чи хъуамӕ сараза, уыцы «Тауы» тыххӕй. Исайы 11:1–10, Йеремийы 23:5 ӕмӕ Лукайы 1:32, 33 абаргӕйӕ бӕрӕг у, уыцы «Тау» кӕй у Йесо Чырысти, уый «паддзахиуӕг кӕндзӕн Иаковы хӕдзарыл мыггагмӕ». Захари фыссы, зӕгъгӕ, «Тау» у «сауджын йӕ паддзахбадӕныл», ӕмӕ ацы ныхӕстӕ ӕмхуызон сты апостол Павелы ныхӕстимӕ: «Йесо, ӕнустӕм Мелхиседекы хуызӕн хистӕр сауджын чи сси, уый», стӕй ма «уӕлӕрвты Цытджын Хуыцауы паддзахбадӕны рахиз фарс чи ӕрбадт» (Зах. 6:12, 13; Дзут. 6:20; 8:1). Уымӕ гӕсгӕ пехуымпарад ӕвдисы, «Тау» кӕй у Хистӕр сауджын ӕмӕ Паддзах, ӕмӕ кӕй бады Хуыцауы рахизфарс уӕлӕрвты, афтӕ ма дзы дзырд цӕуы, Йегъовӕ кӕй у Дунедарӕг: «Ӕмӕ Йегъовӕ суыдзӕн ӕгас зӕххы паддзах. Уыцы бон уыдзӕни иунӕг Йегъовӕ ӕмӕ иунӕг йӕ ном» (Зах. 14:9).
-