-
Йесомӕ ӕрцыдысты астрологтӕЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Скӕсӕнӕй цавӕрдӕр лӕгтӕ ӕрцыд. Уыдон уыдысты стъалыдӕснытӕ, кӕнӕ астрологтӕ. Ахӕм адӕм, сӕхӕдӕг куыд зӕгъынц, афтӕмӕй, стъалыты змӕлдмӕ гӕсгӕ рагацау базонынц, адӕймагыл цы ’рцӕудзӕн, уый (Исай 47:13). Уыцы астрологтӕ ма сӕхимӕ Скӕсӕны куы уыдысты, уӕд иу «стъалы» федтой ӕмӕ сӕдӕгай километртӕ йӕ фӕдыл фӕцыдысты. Ӕрмӕст сӕ уыцы стъалы Вифлееммӕ не ’ркодта, фӕлӕ Иерусалиммӕ.
Гъемӕ Иерусалиммӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд бафарстой: «Кӕм ис дзуттӕгты ноггуырд паддзах? Скӕсӕны йын йе стъалы федтам, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй йын бакувӕм» (Матфейы 2:1, 2).
-
-
Йесомӕ ӕрцыдысты астрологтӕЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Куыд хъуыды кӕныс, афтӕ чи сарӕзта, цӕмӕй уыцы «стъалы» арвыл фӕзындаид ӕмӕ астрологтӕн фӕндаг амыдтаид? Куыд федтам, афтӕмӕй сӕ уыцы стъалы комкоммӕ Вифлееммӕ не ’ркодта, фӕлӕ уал сӕ ӕркодта Иерусалиммӕ. Уым фембӕлдысты Иродимӕ, Йесойы марынвӕнд чи кодта, уыцы паддзахимӕ. Хуыцау хабӕрттӕм куы не ’ркастаид ӕмӕ астрологты куы нӕ бафӕдзӕхстаид, уӕд ын йӕ фыдвӕнд ӕнтысгӕ дӕр бакодтаид. Уӕдӕ бӕлвырд у, уый кӕй уыди Хуыцауы знаг – Хӕйрӕг. Хӕйрӕджы фӕндыд Йесойы амарын, ӕмӕ цӕмӕй йӕ фӕнд йӕ къухы бафтыдаид, уый тыххӕй уыцы мадзалӕй спайда кодта.
-