-
Чи хъусын кӕны хорз хабар?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 мартъи
-
-
Чи хъусын кӕны хорз хабар?
«...хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (МАТФЕЙЫ 24:14).
ХОРЗ ХАБАР ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ӕмӕ уый аразынц алыхуызон мадзӕлтты фӕрцы. Цымӕ цавӕр мадзӕлттӕ сты?
Адӕмимӕ ныхас кӕнынц. Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд кодтой, раст афтӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр адӕммӕ хорз хабар хӕссынц (Лукайы 8:1; 10:1). Уыдон не ’нхъӕлмӕ кӕсынц, адӕм сӕм кӕд ӕрбацӕудзысты, фӕлӕ сӕм сӕхӕдӕг цӕуынц. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕны алы Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр, абон сты авд милуанӕй фылдӕр. Хъусын кӕнынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ, уынджы, телефонӕй ӕмӕ ӕндӕр хуызы дӕр. Фӕстаг аз Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыцы хъуыддаджы архайдтой 1,5 миллиард сахатӕй фылдӕр.
Уыдон адӕмӕн ӕрмӕст Хуыцауы Паддзахады тыххӕй нӕ дзурынц, фӕлӕ сын Йесо Чырысти «цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕтты» тыххӕй дӕр (Матфейы 28:20). Адӕмимӕ ахуыр кӕнынц Библи, фӕлӕ сӕ уый тыххӕй ӕхца нӕ исынц. Ахӕм ахуыртӕ сын алы мӕй дӕр ӕмткӕй райсгӕйӕ вӕййы аст милуанӕй фылдӕр.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц ӕппӕт дунейы дӕр, 236 бӕстӕйы. Уыдон ныхас кӕнынц алкӕимӕ дӕр, хъулон никӕй кӕнынц. Хъусын кӕнынц хъӕуты ӕмӕ горӕтты, Амазонийы джунглиты ӕмӕ Сыбыры тархъӕдты, Африкӕйы ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ Гималайы хӕхты. Уыцы куысты тыххӕй сын ӕхца нӕ фидынц, кӕнынц ӕй сӕхи хардзӕй. Хуыцауы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ уыцы хъуыддагӕн сӕ фӕрӕзтӕ ӕмӕ сӕ рӕстӕг не ’вгъау кӕнынц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма хорз хабар хъусын кӕнынӕн пайда кӕнынц ӕндӕр мадзалӕй дӕр.
Мыхуыр кӕнынц литературӕ. Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад» цӕуы 185 ӕвзагыл, алы номыры тираж дӕр вӕййы 42 милуанӕй фылдӕр. Журнал «Райхъал ут!» дӕр хъусын кӕны Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, уый та цӕуы 83 ӕвзагыл, йӕ алы номыры тираж вӕййы 40 милуаны бӕрц.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Библи чи ӕмбарын кӕны, ахӕм чингуытӕ, брошюрӕтӕ, трактаттӕ, CD ӕмӕ MP3 дисктӕ, стӕй DVD-тӕ рауагътой иу-540 ӕвзагыл. Уыцы литературӕ ӕмӕ дисктӕй ӕрмӕст фӕстаг дӕс азы дӕргъы рауагътой ӕмӕ адӕмыл байуӕрстой 20 миллиардӕй фылдӕр. Ацы нымӕц зӕххы цӕрджыты нымӕцыл куы адих кӕнай, уӕд дзы алкӕмӕ дӕр ӕрхаудзӕн иу-ӕртӕ!
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ма сӕхи типографиты мыхуыр кодтой кӕнӕ ӕндӕр типографиты заказ кодтой Библийы алыхуызон тӕлмацтӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библи сӕхӕдӕг дӕр ратӕлмац кодтой, ӕмӕ йӕ мыхуыр дӕр ӕмӕ парахат дӕр сӕхӕдӕг кӕнынц. Уыцы тӕлмац хуыйны «Библи – Ног дунейы тӕлмац», ӕмӕ абон ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай ис 96 ӕвзагыл. Ныронг дзы байуӕрстой 166 милуанӕй фылдӕр. Хорз хабар хъусын кӕнынӕн ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ пайда кӕнынц ӕндӕр мадзалӕй дӕр.
Ахуыр кӕнынц чырыстон ӕмбырдты. Алы къуыри дӕр сын вӕййы ӕмбырдтӕ. Кӕм фембырд кӕнынц, уыцы бынӕттӕ хуыйнынц Паддзахады залтӕ. Уырдӕм ӕрмӕст Хуыцауӕн бакувынмӕ не ’рбацӕуынц, фӕлӕ ахуыр кӕнынмӕ дӕр. Вӕййы дзы раныхӕстӕ Библийӕ алыхуызон фарстаты фӕдыл, стӕй дзы алыхуызон публикациты фӕрцы фӕахуыр кӕнынц Библи. Ӕмбырдты ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ахуыр кӕнынц, хорз хабар ноджы хуыздӕр куыд хъусын кӕной, ууыл дӕр.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕгас дунейы дӕр ис 107 000 ӕмбырдӕй фылдӕр. Фӕахуыр дзы кӕнынц уыцы иу программӕмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый фӕрцы се ’хсӕн ис иудзинад. Се ’мбырдтӕм алкӕй бон дӕр у ӕрбацӕуын. Ӕхца дзы нӕ фембырд кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар цы мадзӕлтты фӕрцы хъусын кӕнынц, уыдонӕй иуӕй дӕр ницы пайда уаид, цы дзурынц, уый хъуыддагӕй куы не ’вдисиккой, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц ноджыдӕр иу хъуыддагыл.
Архайынц, цӕмӕй фӕзминаг уой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ архайынц, цӕмӕй сӕхи дарой, чырыстӕттӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ, сӕхицӕн сӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый кӕнынц иннӕтӕн дӕр (Матфейы 7:12). Кӕд ӕнӕххӕст сты ӕмӕ рӕдийгӕ дӕр кӕнынц, уӕддӕр сӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ фӕнды сӕ уарзондзинад алы адӕймагмӕ дӕр равдисын. Ӕмӕ сын уый тыххӕй ӕрмӕст хорз хабар нӕ хъусын кӕнынц, фӕлӕ, сӕ бон цӕмӕй вӕййы, уымӕй сын ӕххуыс дӕр бакӕнынц.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар уый тыххӕй нӕ хъусын кӕнынц, цӕмӕй сын адӕм се ’ппӕт дӕр сӕ дин райсой. Йегъовӕ куы зӕгъа, ӕмӕ хорз хабар фаг хъуыстгонд ӕрцыд, уӕд, Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрцӕудзӕн кӕрон. Уый зӕххӕн ӕмӕ адӕмӕн цы ’рхӕсдзӕн?
[Ныв 7 фарсыл]
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕнынц ӕппӕт дунейы дӕр
-
-
«Кӕрон» цы у?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 мартъи
-
-
«Кӕрон» цы у?
«...Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (МАТФЕЙЫ 24:14).
КӔРОНЫ тыххӕй, ома бӕстысӕфты тыххӕй, фӕстаг рӕстӕг цас дзурынц, афтӕ никуы. Чингуытӕ, журналты ӕмӕ киноты арӕх вӕййы, бӕстысӕфт куыд уыдзӕн, уый кой – райдай хъазӕн ныхӕстӕй ӕмӕ фӕу, ахуыргӕндтӕ цы дзурынц, уымӕй. Кӕрон дзы ӕвдыст фӕцӕуы алы хуызы, зӕгъӕм: адӕм фесӕфдзысты ядерон хӕсты, зӕххыл астероид сӕмбӕлдзӕн, адӕмыл мӕлӕтдзаг низ сыстдзӕн, климӕт тынг фӕивдзӕн кӕнӕ нӕм космосӕй чидӕртӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ сӕ амӕттаг фӕуыдзыстӕм.
Динтӕ дӕр ацы хъуыддаджы иу зондыл хӕст не сты. Бирӕтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, «кӕрон» куы ’рцӕуа, уӕд зӕххыл удӕгасӕй ничиуал баззайдзӕн. Матфейы 24:14 стихы фӕдыл иу диниртасӕг загъта, адӕймагыл тас чи ӕфтауы, ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы Ныхасы амӕй ахсджиагдӕр стих нӕй... Нӕ рӕстӕджы цӕрӕг адӕммӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр бӕллӕх. Уый цы ӕвирхъау хабар уыдзӕн, ууыл нӕ бирӕты хъуыды кӕнын дӕр нӕ фӕнды».
Фӕлӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдонӕй ферох вӕййы иу ахсджиаг хъуыддаг: Хуыцау Йегъовӕ зӕхх «фидар сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, [фӕлӕ йӕ] скодта... цӕрынӕн» (Исай 45:18). Уӕдӕ Чырысти «кӕроны» кой куы кодта, уӕд ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ зӕхх кӕй фесӕфдзӕн, стӕй афтӕ зӕгъынмӕ дӕр нӕ хъавыд, ӕмӕ адӕм бындзагъд фӕуыдзысты. Чырыстийы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ фесӕфдзысты фыдгӕнджытӕ, ома, Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын кӕй нӕ фӕнды, уыцы хивӕнд адӕм.
Зӕгъӕм, ис дын рӕсугъд хӕдзар, ӕмӕ дзы адӕм бауагътай, цӕмӕй дзы лӕвар цӕрой. Уыдонӕй иуӕй-иутӕ кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрынц ӕмӕ дын дӕ хӕдзармӕ дӕр зилынц. Иннӕтӕй та зиан йеддӕмӕ пайда ницы ис – кӕрӕдзийы дӕр хӕрынц ӕмӕ иннӕты дӕр ӕнцад цӕрын нӕ уадзынц. Уымӕй уӕлдай хӕдзары дзаумайыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ сын кӕд дзурыс, ма кӕнут, зӕгъгӕ, уӕддӕр сӕм дӕ ныхӕстӕ хъаргӕ дӕр нӕ кӕнынц.
Ахӕм уавӕры цы бакӕнис? Дӕ хӕдзар ныппырх кӕнис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Ӕвӕццӕгӕн уыцы ӕдзӕсгом адӕмы ратӕрис ӕмӕ дӕ хӕдзармӕ базилис.
Йегъовӕ дӕр раст афтӕ бакӕндзӕн. Йӕ лӕггадгӕнджытӕй иуӕн ныффыссын кодта ахӕм ныхӕстӕ: «Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты, йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдон та зӕхх бынӕн райсдзысты. Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (Псалом 37:9–11).
Апостол Петр дӕр уый тыххӕй дзырдта. Хуыцауы фӕндӕй ныффыста: «Рагзаманты дӕр... уыди арв ӕмӕ зӕхх – Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ уыцы фидар зӕхх зынди донӕй ӕмӕ лӕууыд дӕтты астӕу. Ӕмӕ уыдонӕй уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд» (2 Петры 3:5, 6). Ацы стихты Петр кодта, Нойы рӕстӕг цы Доны хъаймӕт уыди, уый кой. Уӕд зӕхх нӕ фесӕфт, фӕлӕ ӕнӕхуыцау адӕм. Ӕнӕхъӕн зӕххыл цы Доны хъаймӕт уыди, уый хорз ӕвдисы, «фидӕны ӕнӕхуыцау адӕмыл цы ’рцӕудзӕн, уый» (2 Петры 2:6).
Петр ма загъта: «Арв ӕмӕ зӕхх ӕвӕрд сты артӕй басудзынмӕ». Дарддӕр цы загъта, уый куы нал бакӕсӕм, уӕд, чи зоны, хъуыддаг раст ма бамбарӕм. Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, ацы стихы ма цы фыст ис, уымӕ: «Ӕнӕхуыцау адӕм... фесӕфдзысты». Уӕдӕ сӕфгӕ зӕхх нӕ фӕкӕндзӕн, фӕлӕ ӕнӕхуыцау адӕм. Стӕй та цы уыдзӕн? Петр ныффыста: «Мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв [Хуыцауы Паддзахад] ӕмӕ ног зӕхмӕ [ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы раст адӕм]» (2 Петры 3:7, 13).
Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдонӕй бӕрӕг у, «кӕрон» тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн. Бакӕс-ма Матфейы 24:3–14 ӕмӕ 2 Тимофеймӕ 3:1–5 стихтӕ. Уым ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ, уыцы рӕстӕг ӕцӕгдӕр хӕстӕг кӕй у, уымӕн.
Матфейы 24:14 стихы фыст ныхӕстӕ афтӕ хуымӕтӕг сты, ӕмӕ сӕ сывӕллон дӕр бамбардзӕн. Ӕмӕ дӕм уӕд диссаг нӕ кӕсы, бирӕтӕ сӕ цӕуылнӕ ӕмбарынц, уый? Афтӕ цӕмӕн у, уый Библи хорз ӕмбарын кӕны. Хӕйрӕг адӕмы бакуырм кодта, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы ахсджиаг хабӕрттӕ ис, уыдон ма уыной (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Уымӕй уӕлдай, Хуыцау йӕ фӕндтӕ сусӕг кӕны сӕрыстыр адӕмӕй ӕмӕ сӕ ӕргом кӕны сӕрныллӕг адӕмӕн. Чырысти уый фӕдыл афтӕ загъта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй» (Матфейы 11:25). Тынг бирӕ сӕрныллӕг адӕм ӕмбарынц, Хуыцауы Паддзахад ӕцӕгдӕр цы у ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонмӕ. Уыцы адӕмы ’хсӕн уай, уый цӕй стыр кад у!
-