-
«Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!
-
-
15, 16. Йесо цы «фӕлтӕры» кой кодта, уымӕ чи хауы?
15 Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ та кӕд ӕрцӕудзӕн? Уыцы хабар бӕлвырдӕй кӕд хъуамӕ ӕрцыдаид, уый Йесо нӕ загъта (Матф. 24:36). Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕй бӕрӕг у, тынг тагъд кӕй уыдзӕн. «Ацы фӕлтӕр» хъуамӕ сӕхи цӕстӕй феной, Йесо цы пехуымпарӕдты кой кодта, уыдон куыд сӕххӕст сты, уый, ӕмӕ уый фӕстӕ ӕрцӕудзӕн Хуыцауы Паддзахад. (Бакӕс Матфейы 24:32–34.) Йесо цы «фӕлтӕры» кой кодта, уымӕ чи хауы? Йӕ ныхӕстӕм-ма йын лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсӕм.
16 «Ацы фӕлтӕр». Цымӕ Йесо ӕнӕуырнӕг адӕмы кой кодта? Уый афтӕ нӕу. Фыццаджыдӕр ахъуыды кӕнӕм, Йесо кӕимӕ ныхас кодта, ууыл. Йӕ апостолтӕ йӕм цалдӕрӕй «хибарӕй бацыдысты», ӕмӕ хабӕрттӕ уыдонӕн дзырдта (Матф. 24:3). Уыдон хъуамӕ тагъд сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдаиккой. Стӕй-ма контекстмӕ дӕр ӕркӕсӕм. Цалынмӕ Йесо «ацы фӕлтӕры» кой нӕ ракодта, уӕдмӕ загъта: «Цӕвиттонӕн райсӕм легъуибӕлас. Ног къалиутӕ йыл куы рацӕуы ӕмӕ сыфтӕр куы ракалы, уӕд ӕй фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал хъӕуы. Уӕдӕ ӕппӕт адӕттӕ куы уынат, уӕд ӕй зонут: Адӕймаджы Фырт лӕууы къӕсӕрыл». Йесо цы хабӕртты кой кодта, уыдон хъуамӕ федтаиккой ӕнӕуырнӕг адӕм нӕ, фӕлӕ йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ. Ӕмӕ, уыцы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты, уый дӕр хъуамӕ уыдон бамбӕрстаиккой – хъуамӕ бамбӕрстаиккой, Йесо «къӕсӕрыл» кӕй лӕууы. Уӕдӕ Йесо «ацы фӕлтӕры» тыххӕй куы дзырдта, уӕд йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты кой кодта.
17. Цы нысан кӕны дзырд «фӕлтӕр» ӕмӕ цы хауы «ӕппӕт ацы хабӕрттӕм»?
17 «Ӕрӕййафдзӕн ӕппӕт ацы хабӕрттӕ». Ацы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты? Цӕмӕй ацы фарстайӕн дзуапп раттӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зонӕм дыууӕ хъуыддаджы: дзырд «фӕлтӕр» цы нысан кӕны ӕмӕ «ӕппӕт ацы хабӕрттӕм» цы хауы. Библийы дзырд «фӕлтӕр» арӕх фӕамоны, уыцы иу рӕстӕджы чи фӕцӕры ӕмӕ алы кары чи вӕййы, ахӕм адӕммӕ, зӕгъӕм, фыд ӕмӕ фыртмӕ кӕнӕ фыды фыд ӕмӕ фырты фыртмӕ. Иу фӕлтӕр цы рӕстӕджы фӕцӕры, уый тынг бирӕ нӕ ахӕссы ӕмӕ йын кӕддӕр ӕнӕмӕнг кӕрон ӕрцӕуы (Рац. 1:6). «Ӕппӕт ацы хабӕрттӕм» та хауынц, Йесойӕн йе ’рцыдӕй, ома 1914 азӕй, суанг «стыр бӕллӕхы» онг цы хабӕрттӕ хъуамӕ цӕуа, уыдон иууылдӕр (Матф. 24:21).
18, 19. а) Йесо «ацы фӕлтӕры» тыххӕй цы загъта, уый куыд ӕмбарын хъӕуы? ӕ) Цы бӕлвырдгӕнӕнтӕм ӕркастыстӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн?
18 Ӕмӕ уӕд куыд ӕмбарын хъӕуы, Йесо «ацы фӕлтӕры» тыххӕй цы загъта, уый? «Ацы фӕлтӕрмӕ» хауы сӕрст чырыстӕтты дыууӕ къорды. Фыццаг къорды сты, Йесойы ӕрцыд цы хабӕрттӕй бӕрӕг уыдзӕн, уыдон 1914 азы ӕххӕст кӕнын куыд райдыдтой, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Дыккаг къорды та сты, фыццаг къорд чи ӕрӕййӕфта ӕмӕ ма иуцасдӕр семӕ иу рӕстӕджы чи цард, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд, дыккаг къорды чи ис, уыдонӕй чидӕртӕ нырма зӕххыл цӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕллӕх сӕхи цӕстӕй фендзысты. Уыцы сӕрст чырыстӕтты дыууӕ къорды сты иу фӕлтӕр, уымӕн ӕмӕ иуцасдӕр цардысты иу рӕстӕджыc.
19 Уӕдӕ цы бӕлвырдгӕнӕнтӕм ӕркастыстӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ цы ис зӕгъӕн? Йесо уӕлӕрвты паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый цы хабӕрттӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уыдон цӕуынц ӕгас зӕххыл дӕр. Стӕй уынӕм, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис ӕмӕ, Йесо цы «фӕлтӕры» кой кодта, уымӕ чи хауы, уыдон ӕрыгон кӕй нал сты. Фӕлӕ дзы уӕддӕр иуӕй-иутӕ, стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд нырма уыдзысты удӕгас. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у зӕгъын, Хуыцауы Паддзахад тынг тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕгас зӕххыл дӕр бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райсдзӕн! Уӕд сӕххӕст уыдзысты Йесойы куывды ныхӕстӕ, «ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад», зӕгъгӕ. Уыцы рӕстӕг дӕхи цӕстӕй фен, уымӕй диссагдӕр ма цы хъуамӕ уа!
-