-
«Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 июль
-
-
16. Йесойы ӕрцыды кой ма ноджыдӕр кӕцы стихты ис?
16 Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары тыххӕй загъта: «Амондджын уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау ӕй афтӕ кӕнгӕ куы ӕрӕййафа, уӕд». Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо загъта: «Цалынмӕ уыдон [сой] ӕлхӕнынмӕ цыдысты, уӕдмӕ сиахс ӕрбахӕццӕ». Талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым та загъта: «Рацыди бирӕ рӕстӕг. Уыцы цагъартӕн сӕ хицау фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт». Ӕмӕ ма уыцы фӕсномыг ныхасы дарддӕр ис хицауы ныхӕстӕ дӕр, зӕгъгӕ, дам, ме ’хца «фӕстӕмӕ ӕрыздӕхгӕйӕ... райстаин» (Матф. 24:46; 25:10, 19, 27)e. Цымӕ ацы цыппар стихмӕ гӕсгӕ та йе ’рцыд цы рӕстӕгмӕ хауы?
17. Матфейы 24:46 цы ӕрцыды кой ис, уый фӕдыл нӕ литературӕйы раздӕр цы фыстам?
17 Ацы цыппар стихы тыххӕй раздӕр нӕ литературӕйы фыстам, зӕгъгӕ, уыдон амонынц, Йесо 1918 азы кӕй ӕрцыд, уымӕ. Цӕвиттонӕн райсӕм, Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» тыххӕй цы загъта, уый. (Бакӕс Матфейы 24:45–47.) Ныронг 46-ӕм стих афтӕ ӕмбарын кодтам, зӕгъгӕ, ацы ран хицауы ӕрцыд амоны, Йесо 1918 азы сӕрст чырыстӕттӕн сӕ уавӕрмӕ ӕркӕсынмӕ кӕй ӕрцыд, уымӕ. Стӕй ма афтӕ хъуыды кодтам, ӕмӕ хицау цагъарӕн, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый йӕ бар кӕй бакодта 1919 азы (Мал. 3:1). Фӕлӕ Йесойы пехуымпарадмӕ ноджы лӕмбынӕгдӕр куы ӕркастыстӕм, уӕд рабӕрӕг, кӕцыдӕр ныхӕстӕ дзы цы рӕстӕгмӕ амонынц, уый бынтон раст кӕй не ’мбӕрстам. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн?
18. Йесойы пехуымпарадмӕ ӕнӕхъӕнӕй куы ’ркӕсӕм, уӕд йе ’рцыды тыххӕй цавӕр хатдзӕг ис скӕнӕн?
18 Матфейы 24:46 размӕ цы стихтӕ ис, уыдоны дзырд «ӕрцӕуын» алы ран дӕр амоны, Йесо стыр бӕллӕхы рӕстӕджы тӕрхон рахӕссынмӕ ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕ (Матф. 24:30, 42, 44). Стӕй, 12-ӕм абзацӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй, Матфейы 25:31 стихы Йесо цы хабары кой кӕны, уый дӕр хауы фидӕны тӕрхоны рӕстӕгмӕ. Уӕдӕ раст уыдзӕн афтӕ зӕгъын, ӕмӕ Матфейы 24:46, 47 цӕй кой ис, ома, Йесо кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр ис, уый ӕууӕнкджын цагъары бар кӕй бакӕндзӕн, уый дӕр хауы фидӕнмӕ, ома стыр бӕллӕхы рӕстӕгмӕf. Иудзырдӕй, Йесойы пехуымпарадмӕ ӕнӕхъӕнӕй куы ’ркӕсӕм, уӕд бӕлвырд у: йе ’рцыды кой дзы цы аст стихы ис, уыдонӕй алкӕцы дӕр амоны фидӕнмӕ, стыр бӕллӕхы рӕстӕджы Тӕрхонгӕнӕгӕй куы ныллӕууа, уымӕ.
-
-
«Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ?»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 июль
-
-
e 16 абзац: Ацы абзацы цы цыппар стихы ӕвзӕрст цӕуы, уыдоны «ӕрӕййафын», «ӕрбахӕццӕ уын» ӕмӕ «фӕстӕмӕ ӕрыздӕхын»-ӕй тӕлмац ӕрцыд грекъаг мивдисӕг э́рхомай, ома «ӕрцӕуын».
f 18 абзац: Куыд базыдтам, афтӕмӕй, Матфейы 24:46 «ӕрӕййафын»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый арӕзт у, Матфейы 24:30, 42, 44 «ӕрцӕуын»-ӕй чи ӕрцыд тӕлмац, уыцы грекъаг мивдисӕгӕй.
-