-
«Ӕууӕнкджын цагъар» фӕлвӕрд ӕрцыд!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 мартъи
-
-
2, 3. «Уыцы фыдзӕрдӕ цагъар» кӕцӕй равзӕрд ӕмӕ куыд рӕзти?
2 Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» кой куы ракодта, уӕд йӕ хӕдфӕстӕ радзырдта фыдзӕрдӕ цагъары тыххӕй дӕр. Уый загъта: «Уыцы цагъар, фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ куы зӕгъа йӕ зӕрдӕйы: „тагъд не ’рцӕудзӕн мӕ ӕлдар [«хицау», НФ]“, ӕмӕ куы райдайа нӕмын йе ’мбӕлтты, хӕрын ӕмӕ нуазын расыггӕнджытимӕ, — уӕд ӕрцӕудзӕн уыцы цагъары ӕлдар [«хицау», НФ], ӕнхъӕлмӕ кӕд нӕ кӕсы, уыцы бон ӕмӕ ӕнхъӕл кӕд нӕу, уыцы сахат, ӕмӕ йӕ афаддзӕн [«карзӕй бафхӕрдзӕн», НД] ӕмӕ йӕ цӕстмӕхъусты хъысмӕтӕй ӕмхай скӕндзӕн: уым уыдзӕн кӕуын ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс» (Матфейы 24:48—51). Дзырдбаст «уыцы фыдзӕрдӕ цагъар» нын не ’ргом здахы, Йесо раздӕр ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары тыххӕй цы загъта, уымӕ. Уӕдӕ «фыдзӕрдӕ цагъар» систы, раздӕр ӕууӕнкджын цагъары уӕнгтӕй чи уыд, уыдонa. Куыд?
-
-
«Ӕууӕнкджын цагъар» фӕлвӕрд ӕрцыд!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 мартъи
-
-
4. Цы бакодта Йесо «фыдзӕрдӕ цагъарӕн» ӕмӕ ма, ахӕм зӕрдӕйы уаг кӕмӕн уыд, уыдонӕн?
4 Уыцы раздӕры чырыстӕттӕ систы «фыдзӕрдӕ цагъар» ӕмӕ сӕ Йесо «карзӕй бафхӕрдта». Куыд? Йӕхи сыл атигъ кодта, ӕмӕ сӕ уӕларвон ныфс фесӕфтой. Фӕлӕ сӕ уыцы тӕккӕ не скуынӕг кодта. Нырма уал уыдон чырыстон ӕмбырдӕй «ӕддӕмӕ талынгмӕ» ӕппӕрст ӕрцыдысты ӕмӕ сын райдыдта, куыд фӕдзурынц, кӕуыны ӕмӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс кӕныны рӕстӕг (Матфейы 8:12, НФ). Уыцы рагон бонтӕй фӕстӕмӕ ма сӕрст чырыстӕттӕй кӕмӕндӕрты разынд ахӕм зӕрдӕйы уаг, сӕхи равдыстой «фыдзӕрдӕ цагъарӕй». «Ӕндӕр фыстӕй» дӕр чидӕртӕ уыдонау ӕнӕууӕнк разындысты (Иоанны 10:16). Чырыстийы ахӕм знӕгтӕй алчидӕр ӕппӕрст ӕрцӕуы «ӕддӕмӕ», монон «талынгмӕ».
-