Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Къӕрцхъус ут – фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Йесо дарддӕр дзуапп лӕвӕрдта йӕ апостолты фарстайӕн, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын ныр фӕсномыг ныхасы фӕрцы радта зондджын уынаффӕ. Уыцы фӕсномыг ныхас куыд сӕххӕст уыдзӕн, уый сӕхи цӕстӕй хъуамӕ федтаиккой, йе ’рцыды рӕстӕджы чи цардаид, уыдон.

      Йӕ фӕсномыг ныхас райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Уӕларвон паддзахад уыдзӕн, сиахсы размӕ ӕд цырӕгътӕ чи рацыд, ахӕм дӕс чызджы хуызӕн. Уыдонӕй фондз уыдысты ӕнӕзонд, фондз та – зондджын» (Матфейы 25:1, 2).

      Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй уӕларвон Паддзахад бынӕн чи райсдзӕн, уыдонӕн се ’мбис ӕнӕзонд уыдзысты, иннӕтӕ та – зондджын. Йесо уый кой кодта, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй алкӕмӕн дӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у, Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы къӕрцхъус уыдзӕн ӕви ӕндӕр хабӕртты фӕдыл адзӕгъӕл уыдзӕн. Фӕлӕ Йесо нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон кӕй у кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайын ӕмӕ йӕ Фыды стыр арфӕдзинӕдтӕ йӕхиуыл бавзарын.

      Фӕсномыг ныхасы дӕс чызджы дӕр сиахсы размӕ рацыдысты, цӕмӕй чындзӕхсӕвмӕ йемӕ ацыдаиккой. Сиахс куы ’рхӕццӕ уыдаид ӕмӕ чындзы, цы хӕдзар ын ӕрцӕттӕ кодта, уырдӕм куы фӕцӕйкодтаид, уӕд ын хъуамӕ йӕ фӕндаг сӕ цырӕгътӕй рухс кодтаиккой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй кадджын кодтаиккой. Фӕлӕ хабар куыд рауад?

  • Къӕрцхъус ут – фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Апостолтӕ йӕ куыннӕ бамбӕрстаиккой, Йесо цы сиахсы кой кодта, уый йӕхӕдӕг кӕй у. Уымӕй размӕ ма йӕхи сиахсимӕ баргӕ дӕр акодта (Лукайы 5:34, 35). Цы зӕгъӕн ис зондджын чызджытӕй та? Йесо, Паддзахад лӕвӕрд кӕмӕн ӕрцӕудзӕн, уыцы «гыццыл дзуджы» кой куы кодта, уӕд ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Уӕ астӕутӕ баст уӕнт, уӕ цырӕгътӕ судзӕнт» (Лукайы 12:32, 35). Уымӕ гӕсгӕ апостолтӕ, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстой, уыцы фӕсномыг ныхасы Йесо уыдоны хуызӕн иузӕрдион ахуыргӕнинӕгты кой кӕй кодта. Уӕдӕ Йесойы ацы фӕсномыг ныхасӕй цы зӕгъын фӕндыд?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын