-
Цӕттӕ разындзынӕ?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 мартъи
-
-
9. а) Йесо дӕс чызджы тыххӕй афтӕ кӕй загъта, «се ’ппӕтыл дӕр хуыссӕг фӕтых», зӕгъгӕ, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? ӕ) Сӕрст чырыстӕттӕ, сиахс кӕй ӕрбацӕуы, уый куы бамбӕрстой, уӕдӕй фӕстӕмӕ куыд архайынц? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)
9 Зондджын чызджытӕ ма сиахсы ӕрцыдмӕ цӕттӕ разындысты, къӕрцхъус кӕй уыдысты, уый фӕрцы дӕр. Фӕлӕ Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы загъта, сиахс куы нал ӕмӕ куы нал зынди, уӕд дӕс чызгӕй алкӕуылдӕр хуыссӕг кӕй фӕтых ӕмӕ кӕй ӕрфынӕй сты. Ӕмӕ цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй дӕр исчи «ӕрфынӕй уа», ома, Чырыстийы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ йе ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты аздаха? О, ис уый гӕнӕн. Йесо зыдта, йе ’рцыдмӕ йын тынг чи бӕллы, уымӕн дӕр йӕ бон кӕй у, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ ӕрлӕмӕгъ уа ӕмӕ къӕрцхъус мауал уа. Уымӕ гӕсгӕ иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ ӕппӕт тыхтӕй архайынц, цӕмӕй ма бафынӕй уой. Ома куыд? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй, чидӕр куы ныхъхъӕр кодта, сиахс ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, уӕд чызджытӕ се ’ппӕт дӕр фестадысты. Фӕлӕ дзы цӕттӕ разындысты ӕрмӕстдӕр зондджын чызджытӕ (Матф. 25:5, 6; 26:41). Раст афтӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр фӕстаг бонты, сиахс ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, куы фехъуыстой, уӕд «фестадысты». Дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ гӕсгӕ бамбӕрстой, Йесо тагъд кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ йе ’рцыдмӕ цӕттӕ стыa. Цӕй ӕмӕ ныр та ӕркӕсӕм, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы кӕрон кӕй тыххӕй загъта ӕмӕ бӕлвырд рӕстӕгмӕ чи хауы, уыцы хабӕрттӕм.
-
-
Цӕттӕ разындзынӕ?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 мартъи
-
-
a Фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ, сиахс ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ, куы ныхъхъӕр кодтой (6 стих), уӕдӕй, сиахс куы ’рбацыд, уӕдмӕ (10 стих) рацыд цасдӕр рӕстӕг. Фӕстаг бонты дӕргъы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ гӕсгӕ сӕрст чырыстӕттӕ бамбӕрстой, Чырысти кӕй «ӕрбацӕуы», ома Хуыцауы Паддзахады Паддзах кӕй сси. Фӕлӕ уӕддӕр, цалынмӕ не ’рцӕуа, уӕдмӕ хъуамӕ къӕрцхъус уой.
-