Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 сентябрь
    • «Нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат»

      «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат» (МАТФ. 25:13).

  • «Нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 сентябрь
    • 1–3. а) Йесо йӕ фӕсномыг ныхӕстӕй цы зӕгъинаг уыд, уый цавӕр цӕвиттонтӕй ис равдисӕн? ӕ) Дзуапп цавӕр фарстатӕн хъуамӕ ссарӕм?

      ЗӔГЪӔМ дын стыр хицау загъта, цӕмӕй йӕ ахсджиаг фембӕлдмӕ аласай. Кӕм хъуамӕ фембӕлат, уырдӕм цӕуын куы сфӕнд кодтай, уӕд ӕй бамбӕрстай, дӕ машинӕйы бензин фаг кӕй нӕй. Ӕмӕ дӕ хъӕуы фӕтагъд кӕнын, цӕмӕй бензин ныккӕнай. Цалынмӕ цыдтӕ, уӕдмӕ хицау ӕрбацыд. Ӕмӕ дӕ уым куы нӕ федта, уӕд ӕндӕр кӕмӕндӕр загъта, цӕмӕй йӕ аласа, уымӕн ӕмӕ тагъд кӕны. Уӕдмӕ ды дӕр фӕзындтӕ ӕмӕ йӕ бамбӕрстай, хицау ӕнӕ дӕуӕй кӕй ацыд. Цы ахъуыды кӕндзынӕ?

      2 Ныр та, зӕгъӕм, ды дӕ хицау ӕмӕ ӕртӕ арӕхстджын адӕймаджы равзӕрстай, цӕмӕй сын цавӕрдӕр ахсджиаг куыст бахӕс кӕнай. Сӕ хӕстӕ сын бамбарын кодтай, ӕмӕ ӕртӕ дӕр сразы сты. Фӕлӕ цасдӕры фӕстӕ куы ӕрыздӕхтӕ, уӕд базыдтай, цы сын бахӕс кодтай, уый ӕрмӕст дыууӕйӕ кӕй бакодтой. Ӕртыккаг та куыстмӕ ӕвналгӕ дӕр нӕ бакодта ӕмӕ ма йӕхи рӕстытӕ дӕр кӕны. Уӕд та цы ахъуыды кӕндзынӕ?

      3 Ацы дыууӕ цӕвиттоны абарӕн ис, Йесо дӕс чызджы тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдонимӕ. Уыцы фӕсномыг ныхӕстӕй бамбарын кодта, кӕроны рӕстӕг сӕрст чырыстӕттӕй иутӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цӕмӕн разындзысты, иннӕтӕ та – цӕуылнӕa (Матф. 25:1–30). Цы зӕгъинаг уыд, уый фӕбӕлвырддӕр кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат», ома, Хуыцау Хӕйрӕджы дунейӕн цы тӕрхон рахаста, уый Йесо бӕлвырдӕй кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уый (Матф. 25:13). Уыцы уынаффӕ абон махмӕ дӕр хауы. Чырысти нын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм. Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? Кӕмӕй ис зӕгъӕн, нӕ бафынӕй, зӕгъгӕ? Ӕмӕ нӕ ныр цы хъӕуы аразын, цӕмӕй ма бафынӕй уӕм?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын