Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй. Цӕуыл дзурӕг нын у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 мартъи
    • ӔВЗӔР ӔМӔ ЗИВӔГГӔНАГ ЦАГЪАР

      14, 15. Мыййаг, Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг суыдзысты? Бамбарын ӕй кӕн.

      14 Фӕсномыг ныхасы ма дзырд цӕуы, хицау иу талант кӕмӕн радта, уыцы цагъары тыххӕй дӕр. Уый уыцы талантӕй не спайда кодта – нӕдӕр дзы фылдӕр ӕхца бакуыста, нӕдӕр ӕй ӕхцайы куыстгӕнджытӕм радта, цӕмӕй йӕ стӕй проценттимӕ райстаид. Цагъар йе ’хца зӕххы баныгӕдта. Хицау ӕй схуыдта ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъар. Цы талант ын радта, уый дзы байста ӕмӕ йӕ радта фыццаг цагъарӕн. Уый фӕстӕ хицау ӕвзӕр цагъары «ӕддӕмӕ, талынгмӕ» аппарын кодта, ӕмӕ «уырдыгӕй цыди йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ хъӕрзын» (Матф. 25:24–30; Лук. 19:22, 23).

      15 Йесо афтӕ кӕй загъта, ӕртӕ цагъарӕй сӕ иу ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг уыд, зӕгъгӕ, уымӕй йӕ уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕн дӕр се ’ртыккаг хай уыцы цагъары хуызӕн суыдзӕн. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм-ма иннӕ дыууӕ фӕсномыг ныхасмӕ. Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым ракодта, иннӕ цагъарты чи ӕфхӕрдта, ахӕм фыдзӕрдӕ цагъары кой. Фӕлӕ Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къордмӕ чи хауы, уыдонӕй чидӕртӕ суыдзысты фыдзӕрдӕ. Йесо уыцы сӕрст чырыстӕтты фӕдзӕхста, цӕмӕй фыдзӕрдӕ цагъары хуызӕн ма суыдаиккой. Уый фӕстӕ, дӕс чызджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым Йесо ракодта фондз ӕнӕзонд чызджы кой. Уыцы чызджытӕ, сӕрст чырыстӕттӕн се ’мбис ӕнӕзонд кӕй суыдзысты, уымӕ нӕ амыдтой. Афтӕмӕй Йесо сӕрст чырыстӕттӕн бамбарын кодта, цӕттӕ ӕмӕ къӕрцхъус куы нӕ уой, уӕд сыл цы ’рцӕудзӕн, уыйh. Ӕмӕ талантты тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уым дӕр Йесо уый кой нӕ кодта, ӕмӕ фӕстаг бонты сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ суыдзысты ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг. Йесо сӕрст чырыстӕтты бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы ӕвзӕр цагъары хуызӕн ма суыдаиккой ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы алкӕддӕр ӕппӕт тыхтӕй архайдтаиккой (Матф. 25:16).

  • Фӕсномыг ныхас талантты тыххӕй. Цӕуыл дзурӕг нын у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 мартъи
    • Хицау дыууӕ ӕууӕнкджын цагъарӕй ӕппӕлы

      Раздӕр ӕй куыд ӕмбарын кодтам: 1919 азы Йесо йӕ сӕрст цагъарты схорзӕхджын кодта, сӕ бар сын фылдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бакодта, уымӕй.

      Ныр ӕй куыд ӕмбарын кӕнӕм: Чырысти фидӕны куы ’рцӕуа, уӕд йӕ иузӕрдион сӕрст цагъарты схорзӕхджын кӕндзӕн, уӕлӕрвтӕм сӕ кӕй акӕндзӕн, уымӕй.

      Ӕвзӕр ӕмӕ зивӕггӕнаг цагъар чи у?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын