Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм Чырыстийы ӕфсымӕртӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 мартъи
    • 4 1881 азы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, «Адӕймаджы Фырт», кӕнӕ «Паддзах», Йесо кӕй у. Паддзахы «ӕфсымӕртӕ» чи сты, уый фӕдыл та дзы фыст уыд, зӕгъгӕ, дам, уыдон сты, уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы чырыстӕттӕ. Фӕлӕ ма, дам, Паддзахы «ӕфсымӕртыл» нымад ӕрцӕудзысты, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм дӕр, ӕххӕст куы суой, уӕд. Фыст ма дзы уыди, фысты сӕгътӕй кӕй ахицӕн кӕндзысты, Чырысти мин азы дӕргъы Паддзах куы уа, уӕд. Ӕмӕ, дам, фыстыл нымад ӕрцӕудзысты, Хуыцауы уарзондзинад царды алы хъуыддаджы дӕр чи ӕвдиса, уыцы адӕм.

      5. 1923 азы Хуыцауы адӕм Йесойы фӕсномыг ныхас куыд ӕмбӕрстой?

      5 Фӕстӕдӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн баххуыс кодта, цӕмӕй ацы фӕсномыг ныхас хуыздӕр бамбӕрстаиккой. 1923 азы 15 октябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» ногӕй фыст уыд, «Адӕймаджы Фырт» Йесо кӕй у. Фӕлӕ дзы Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕм гӕсгӕ ӕмбарын кодтой, Чырыстийы «ӕфсымӕрты» къордмӕ кӕй хауынц, мин азы дӕргъы йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр уыдон. Фыст ма дзы уыд, фыстӕ кӕй амонынц, Чырыстийы Паддзахады дӕлбар зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы адӕммӕ. Йесо фысты сӕгътӕй кӕд ахицӕн кӕндзӕн, уый тыххӕй та уыцы статьяйы цы фыст уыд? Чырыстийы ӕфсымӕртӕ, дам, мин азы дӕргъы йемӕ паддзӕхтӕ уӕлӕрвты кӕй уыдзысты, уымӕ гӕсгӕ, дам, сӕ уыцы рӕстӕг зӕххыл цӕрӕг адӕмы ӕххуыс нал хъӕудзӕн. Ӕмӕ, дам, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, Йесо фысты сӕгътӕй кӕй ахицӕн кӕндзӕн, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕ ма зӕххыл куы уой, уыцы рӕстӕг, ома миназон хицаудзинад куы нӕма райдайа, уӕд. Стӕй ма дзы фыст уыди, зӕгъгӕ, дам, адӕм фыстыл нымад ӕрцӕудзысты, Йесойыл кӕй ӕууӕндыдысты ӕмӕ, йӕ Паддзахад хуыздӕр цард кӕй ӕрхӕсдзӕн, уый сӕ кӕй уырныдта, уымӕ гӕсгӕ.

  • Иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм Чырыстийы ӕфсымӕртӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 мартъи
    • 7. Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас абон куыд ӕмбарӕм?

      7 Абон фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас бӕлвырд ӕмбарӕм. Мах зонӕм, «Адӕймаджы Фырт», кӕнӕ «паддзах», Йесо кӕй у. Паддзахы «ӕфсымӕртӕ» сты, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон (Ром. 8:16, 17). «Фыстӕ» ӕмӕ «сӕгътӕ» сты, ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр чи сты, уыцы адӕм. Тӕрхонгонд та ӕрцӕудзысты, тынг тагъд чи райдайдзӕн, уыцы стыр бӕллӕхы кӕрон. Фыстӕ кӕнӕ сӕгътыл нымад та цӕмӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзысты? Зӕххыл ма чи ис, уыцы сӕрст чырыстӕттӕм цы зӕрдӕ дардтой, уымӕ гӕсгӕ. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кодта ацы фӕсномыг ныхас ӕмӕ ма Матфейы 24 ӕмӕ 25 сӕрты ноджыдӕр цы фӕсномыг ныхӕстӕ ис, уыдон бамбарынӕн, ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг куыннӕ стӕм!

  • Иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнӕм Чырыстийы ӕфсымӕртӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 мартъи
    • 9 Фыццаджыдӕр, рох кӕнын нӕ хъӕуы, Йесо фӕсномыгӕй кӕй дзырдта. Чырысти ӕнӕуи фыстӕ ӕмӕ сӕгъты кой нӕ кодта. Уӕдӕ йӕ уый зӕгъын дӕр нӕ фӕндыд, ӕмӕ, фыстыл нымад чи ’рцӕудзӕн, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ сӕрст чырыстӕттӕн хӕринагӕй ӕмӕ дарӕсӕй ӕххуыс кӕна, рынчын куы уой, уӕд сӕм кӕса ӕмӕ, ахӕстоны куы уой, уӕд сӕ бӕрӕг кӕна. Фыстыл нымад чи ’рцӕудзӕн, уыдоны Йесо «рӕстгӕнджытӕ» уымӕн схуыдта, ӕмӕ сӕрст чырыстӕтты нымайынц Йесойы ӕфсымӕртыл ӕмӕ сын ацы уӕззау фӕстаг бонты иузӕрдионӕй ӕххуыс кӕнынц (Матф. 10:40–42; 25:40, 46; 2 Тим. 3:1–5).

      10. Фыстӕн сӕ бон куыд у Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын?

      10 Дыккаджы та уый, ӕмӕ Йесо фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд кодта, кӕроны рӕстӕджы цы цӕудзӕн, уый кой (Матф. 24:3). Зӕгъӕм, Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матф. 24:14). Ӕмӕ стӕй, фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас радзурыны размӕ, радзырдта талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас. Уыцы фӕсномыг ныхас Йесо радзырдта, цӕмӕй йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодтаид, хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕппӕт тыхтӕй кӕй хъуамӕ архайой, уый. Фӕлӕ уыдонӕй зӕххыл гыццыл йеддӕмӕ нал ис, ӕмӕ куыст та нырма бирӕ ис. Сӕрст чырыстӕттӕ, цалынмӕ кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ хъуамӕ «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» хорз хабар фехъусын кӕной. Фӕлӕ, фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй «фыстӕ» ӕххуыс кӕндзысты Чырыстийы ӕфсымӕртӕн. Ӕмӕ сын ӕппӕты стырдӕр ӕххуыс та уыдзӕн, хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕм куы фӕкӕсой, уый. Фӕлӕ сӕм куыд хъуамӕ фӕкӕсой? Цымӕ ӕрмӕстдӕр мысайнӕгтӕ дӕттын ӕмӕ сӕ хъусын кӕнынмӕ разӕнгард кӕнын фаг уыдзӕн? Ӕви ма ноджыдӕр цыдӕр хъӕуы?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын