Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb17 декабрь 5 ф.
  • Ног ӕрмӕг Библи иртасынӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ног ӕрмӕг Библи иртасынӕн
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Чырыстийы кадджын бацыд Иерусалиммӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Паддзах Иерусалиммӕ къӕлӕуыл бацыд
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йегъовӕ дӕ «амменӕн» аргъ кӕны
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2019
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2017
mwb17 декабрь 5 ф.
Онлайн ахуыр кӕнынӕн чи у, уыцы «Библи – Ног дунейы тӕлмац», Матфейы Евангели

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ног ӕрмӕг Библи иртасынӕн

2018 азы январӕй фӕстӕмӕ, «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды уыдзӕн ног ӕрмӕг Библи иртасынӕн – уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг, нывтӕ ӕмӕ видеороликтӕ, онлайн ахуыр кӕнынӕн чи у, уыцы «Библи – Ног дунейы тӕлмац»-ӕй (nwtsty) (кӕд уе ’взагыл нӕй, уӕддӕр). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый фӕрцы нын ӕмбырдмӕ цӕттӕ кӕнын ноджы ӕхсызгондӕр уыдзӕн. Уымӕй ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстӕм!

УӔЛӔМХАСӔН ӔРМӔГ

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕджы фӕрцы фылдӕр базондзыстӕм, Библийы стихты цы ’гъдӕутты ӕмӕ цы бынӕтты кой цӕуы, стӕй дзы цы ныхӕстӕ ӕмбӕлы, уыдоны тыххӕй.

Матфейы 12:20

«Гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ». Хӕдзӕртты-иу пайда кодтой ахӕм цырӕгътӕй: ӕлыгӕй конд гыццыл мигӕнӕны-иу оливӕйы сой ныккодтой, гӕнӕй конд фител-иу дзы нывӕрдтой, фител-иу сойӕ схуылыдз ӕмӕ-иу уый фӕрцы сыгъди. Грекъаг дзырдбаст, «гыццыл ма чи судзы, ахӕм цырагъ», зӕгъгӕ, амоны, йӕ рухс кӕмӕн ӕрмынӕг кӕнӕ чи ахуыссыд ӕмӕ уый тыххӕй фӕздӕг чи кӕны, ахӕм цырагъмӕ. Исайы 42:3 цы пехуымпарад фыст ис, уымӕй бӕрӕг у, Йесо тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыдзӕн. Йесо никуы ахуыссын кодтаид, сӕрныллӕг ӕмӕ зӕрдӕсаст адӕмы зӕрдӕты ма цы ныфсы цъыртт уыд, уый.

Матфейы 26:13

«Ӕцӕг». Грекъаг дзырд ами́н равзӕрд дзуттаг дзырд аме́н-ӕй. Уыцы дзырд нысан кӕны «афтӕ уӕд», «раст у» кӕнӕ «ӕцӕг». Йесо-иу цавӕрдӕр хъуыды кӕнӕ пехуымпарад зӕгъынмӕ куы хъавыд кӕнӕ-иу цӕмӕйдӕр зӕрдӕ куы ӕвӕрдта, уӕд-иу йӕ ныхас арӕх райдыдта ацы дзырдӕй – афтӕмӕй-иу бамбарын кодта, йӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты ӕмӕ сыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Ацы дзырдӕй, «ӕцӕг», кӕнӕ «аммен», ахӕм хуызы Йесойы йеддӕмӕ ничи пайда кодта. Иоанны Евангелийӕ куыд зыны, афтӕмӕй-иу Йесо иуӕй-иу хатт ацы дзырд фӕд-фӕдыл дыууӕ хатты загъта, цӕмӕй ноджы бӕлвырддӕр уыдаид, йӕ ныхӕстӕ ӕцӕг ӕмӕ раст кӕй сты, уый. Уыцы стихты Йесойы ныхӕстӕ тӕлмац сты, «ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын», зӕгъгӕ (Ин 1:51).

НЫВТӔ ӔМӔ ВИДЕОРОЛИКТӔ

Къамтӕ, нывтӕ ӕмӕ видеороликты фӕрцы нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Библийы цы хабӕртты кой ис, уыдон.

Виффаги, Оливӕбӕлӕсты хох ӕмӕ Иерусалим

Ацы цыбыр видеороликы ӕвдыст цӕуы, Иерусалиммӕ цы фӕндаг кӕны, уый. Фӕндаг райдайы скӕсӕнырдыгӕй, ныртӕккӕ хъӕу Эт-Тур кӕм ис, уырдыгӕй (куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы ран раджы заман уыди Виффаги) ӕмӕ фӕуд кӕны Оливӕбӕлӕсты хохы цъуппытӕй сӕ иуыл. Виффагийӕ скӕсӕнырдӕм, Оливӕбӕлӕсты хохы скӕсӕнфарс къуыбырыл ис Вифани. Йесо-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Иерусалиммӕ куы ’рцыд, уӕд-иу ӕхсӕв арӕх ӕрлӕууыдысты Вифанийы. Уыцы ран ныртӕккӕ ис горӕт Эль-Азарие (Эль-Эйзария), араббаг ӕвзагыл нысан кӕны «Лазӕры бынат». Куыд зыны, афтӕмӕй-иу Йесо бахсӕвиуат кодта Марфӕ, Марийӕ ӕмӕ Лазӕрмӕ (Мф 21:17; Мч 11:11; Лк 21:37; Ин 11:1). Йесо-иу сӕ хӕдзарӕй Иерусалиммӕ куы рацыд, уӕд-иу, чи зоны, йӕ фӕндаг акодта, видеороликы куыд ӕвдыст у, афтӕ. Н. э. 33 азы 9 нисаны Йесо къӕлӕуыл Оливӕбӕлӕсты хохыл Иерусалиммӕ куы ’рцыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Виффагийӕ рацыд.

Йесо Вифанийӕ Иерусалиммӕ цы фӕндагыл цыдаид, уый
  1. Вифанийӕ Виффагимӕ фӕндаг

  2. Виффаги

  3. Оливӕбӕлӕсты хох

  4. Кедроны дӕлвӕз

  5. Кувӕндон цы хохыл уыд, уый

Зӕгӕл адӕймаджы зӕвӕты стӕджы

Зӕгӕл адӕймаджы зӕвӕты стӕджы

Ацы къамы ӕвдыст у адӕймаджы зӕвӕты стӕг. Стӕджы ахызт 11,5 см дӕргъӕн ӕфсӕйнаг зӕгӕл. Уыцы стӕг археологтӕ ссардтой 1968 азы цӕгат Иерусалимы, ӕмӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй хауы Ромы паддзахады рӕстӕгмӕ. Археологтӕ ахӕм стӕг кӕй ссардтой, уымӕй бӕлвырд кӕны, мӕлӕты тӕрхон-иу кӕмӕн рахастой, уыцы адӕймаджы-иу хъӕдын цӕджындзмӕ зӕгӕлтӕй кӕй ныххуыдтой. Ӕвӕццӕгӕн, Йесо Чырыстийы дӕр Ромы ӕфсӕддонтӕ хъӕдмӕ ахӕм зӕгӕлтӕй ныххуыдтой. Къамы цы стӕг ис, уый ссардтой дурӕй конд гыццыл чырыны – мардӕн-иу йӕ буар куы бамбыд, уӕд-иу ын йе стджытӕ нывӕрдтой ахӕм чырыны. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу хъӕдыл кӕй байтыгътой, уыдонӕй-иу кӕйдӕрты уый фӕстӕ бавӕрдтой (Мф 27:35).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын