Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 декабрь
    • 9. Йесо дзулы тыххӕй цы загъта, уый фӕдыл бирӕтӕ цавӕр рӕдыд хъуыдыйыл хӕст сты?

      9 Библийы тӕлмацтӕй иуӕй-иуты Йесойы ныхӕстӕ афтӕ тӕлмац сты: «Ай у мӕ буар». Ӕмӕ уый тыххӕй, чырыстон аргъуантӕм чи цӕуы, уыдонӕй бирӕты уырны, уыцы дзул диссаджы хуызы Йесойы буар кӕй фестад. Фӕлӕ хабар афтӕ нӕ уыдa. Йесо йӕ иузӕрдион апостолтӕн уыцы ныхӕстӕ куы дзырдта, уӕд йӕхӕдӕг дӕр уым бадти ӕмӕ уыцы дзул дӕр сӕ разы уыд. Бӕрӕг у, Йесойы ныхӕстӕ комкоммӕ ӕмбарын кӕй нӕ хъӕуы. Уый дзырдта фӕсномыгӕй, ӕндӕр хӕттыты дӕр-иу куыд кодта, афтӕ (Иоан. 2:19–21; 4:13, 14; 10:7; 15:1).

      10. Ӕрымысӕн изӕры цы дзул вӕййы, уый цӕмӕ амоны?

      10 Апостолты раз чи уыд ӕмӕ кӕмӕй хъуамӕ сахуыстаиккой, уыцы дзул амыдта Йесойы буармӕ. Иу рӕстӕг ӕцӕг чырыстӕттӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ иугӕр Йесо дзул сӕтгӕ ӕркодта, фӕлӕ йе стджытӕй та иу дӕр саст не ’рцыд, уӕд уыцы дзул амоны сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдмӕ, Библи «Чырыстийы буар» кӕй хоны, уымӕ (Еф. 4:12; Ром. 12:4, 5; 1 Кор. 10:16, 17; 12:27). Фӕлӕ уыцы фарста арфдӕр куы раиртӕстой, уӕд бамбӕрстой, дзул кӕй амоны Йесойӕн йӕ зӕххон буармӕ. Йесо, «адӕймаг уӕвгӕйӕ, хъизӕмӕрттӕ... бавзӕрста», ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг хъӕдыл байтыгътой. Уӕдӕ, Ӕрымысӕн изӕры цы дзул вӕййы, уый амоны Йесойы буармӕ, нӕ тӕригъӕдты тыххӕй нывондӕн кӕй ӕрхаста, уыцы буармӕ (1 Пет. 2:21–24; 4:1; Иоан. 19:33–36; Дзут. 10:5–7).

  • «Афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 декабрь
    • 15, 16. Ӕрымысӕн изӕры дзул радӕттыны афон куы ’рцӕуа, уӕд куыд бакӕнын хъӕудзӕн?

      15 Ӕфсымӕр йӕ раныхасы кӕрон зӕгъдзӕн, Йесо ӕхсӕвӕры рӕстӕг цы сарӕзта, уый саразыны афон кӕй ӕрцыд. Йӕ цуры стъолыл уыдзӕн донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн. Ӕфсымӕр Библийӕ бакӕсдзӕн, Йесо йӕ апостолтӕн дзулы тыххӕй цы загъта, уый, зӕгъӕм, Матфейы чиныджы фыст ныхӕстӕ: «Йесо дзул райста, Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ ӕрсаста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ сын загъта: „Айсут ӕмӕ хӕрут. Ацы дзул нысан кӕны мӕ буар“» (Матф. 26:26). Йесо донгонд дзул цалдӕр хайыл ӕрсаста, цӕмӕй дзы йӕ апостолтӕй алкӕмӕ дӕр алӕвӕрдтаид. Ӕмӕ 14 апрелы дӕр Ӕрымысӕн изӕры тӕбӕгъты уыдзӕн донгонд дзул.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын