Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йесойы акодтой Аннӕмӕ, стӕй та – Кайафӕмӕ
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Уӕд ӕй, йӕ фарсмӕ чи лӕууыд, уыцы хъахъхъӕнӕг ныдздзӕхст кодта ӕмӕ йын тызмӕгӕй загъта: «Уый куыд ныхас кӕныс сауджынты хистӕримӕ?» Фӕлӕ Йесойӕн йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ницӕмӕй худт, ӕмӕ йын дзуапп радта: «Кӕд исты раст нӕ загътон, уӕд мын ӕй зӕгъ. Фӕлӕ кӕд раст загътон, уӕд мӕ цӕмӕн цӕвыс?» (Иоанны 18:22, 23). Уый фӕстӕ Аннӕ Йесойы арвыста йӕ сиахс Кайафӕмӕ.

      Уӕдмӕ Синедрионы тӕрхонгӕнджытӕ иууылдӕр – уыцы рӕстӕджы хистӕр сауджын чи уыд, уый, адӕмы хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ – Кайафӕйы хӕдзары ӕрӕмбырд сты. Куадзӕны ӕхсӕв закъонмӕ гӕсгӕ тӕрхон кӕнын не ’мбӕлд. Фӕлӕ сӕ сӕ фыдвӕнд бакӕнынӕй уый дӕр нӕ баурӕдта.

      Уыцы адӕммӕ раст тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн нӕ уыд. Йесо Лазӕры куы райгас кодта, уый фӕстӕ йӕ Синедрион амарынвӕнд скодта (Иоанны 11:47–53). Цалдӕр боны раздӕр та дины разамонджытӕ бауынаффӕ кодтой, ӕрцахсӕм ӕй ӕмӕ йӕ амарӕм, зӕгъгӕ (Матфейы 26:3, 4). Уӕдӕ Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон хаст ӕрцыд, тӕрхон кӕнын ын нӕма райдыдтой, афтӕмӕй!

  • Йесойӕ загъта, нӕ йӕ зонын, зӕгъгӕ
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Йесойы Гефсиманийы дыргъдоны куы ’рцахстой, уӕд йӕ апостолтӕ фыртӕссӕй лидзӕг фесты ӕмӕ йӕ иунӕгӕй ныууагътой. Фӕлӕ дзы стӕй дыууӕйӕн сӕ зӕрдӕ сӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ ӕрлӕууыдысты. Уыдон уыдысты Петр «ӕмӕ ма ноджыдӕр иу ахуыргӕнинаг», ӕвӕццӕгӕн, апостол Иоанн (Иоанны 18:15; 19:35; 21:24). Ӕмӕ Йесойы Аннӕмӕ куы акодтой, уӕд уыдон дӕр йӕ фӕстӕ ацыдысты. Уырдыгӕй йӕ Аннӕ хистӕр сауджын Кайафӕмӕ арвыста, ӕмӕ Петр ӕмӕ Иоанн дӕр йӕ фӕдыл дӕрддзӕфгомау цыдысты. Сӕ дыууӕ дӕр дывыдон арты сыгъдысты: иуӕй сӕ удтӕн тарстысты, иннӕмӕй та сын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, сӕ Хицау цы бауыдзӕн, уый.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын