Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Ацӕут ӕмӕ... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2020 | январь
    • 1, 2. Йесо ӕвӕрд кӕм уыд, уыцы зӕппадзы цур зӕд сылгоймӕгтӕн цы загъта? Фӕстӕдӕр сын Йесо йӕхӕдӕг цы загъта?

      НӔ ЭРӔЙЫ 33 аз, 16 нисан. Райсомӕй раджы цалдӕр сылгоймаджы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, уыцы ӕнкъардӕй фӕцӕуынц, Йесо Чырысти ӕвӕрд кӕм уыд, уыцы зӕппадзмӕ. Йӕ мӕлӕтыл рацыд дыууӕ боны. Фӕнды сӕ Йесойы мардмӕ хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ ӕмӕ хӕрздӕф сойтӕй базилын. Фӕлӕ уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ зӕппадз афтид! Зӕппадзы цур баййӕфтой зӕды, ӕмӕ сын уый загъта, Йесо кӕй райгас. Стӕй ма сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕн загътаиккой: «Галилейӕмӕ уӕ разӕй фӕцӕуы, уым ӕй фендзыстут» (Матф. 28:1–7; Лук. 23:56; 24:10).

  • «Ацӕут ӕмӕ... цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2020 | январь
    • 4 Йесойы фӕнды, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ иууылдӕр хорз хабар хъусын кӕной. Уыцы хъуыддаг ӕрмӕст йӕ иуӕндӕс иузӕрдион апостолӕн нӕ бахӕс кодта. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Йесо Галилейӕйы иу хохыл йӕ фӕдылдзӕуджытӕн куы бафӕдзӕхста, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд уым канд апостолтӕ нӕ уыдысты. Хъуыды ма йӕ кӕныс, зӕд сылгоймӕгтӕн кӕй бафӕдзӕхста, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕн загътаиккой: «Уым ӕй [ома Галилейӕйы] фендзыстут»? Уӕдӕ иузӕрдион сылгоймӕгтӕ зыдтой, Йесо кӕм уыдзӕн, уый. Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдон дӕр уырдӕм ацыдысты. Уымӕй уӕлдай, апостол Павел загъта, Йесо «уыцы иу рӕстӕг [кӕй] фӕзынд фондзсӕдӕ ӕфсымӕрӕй фылдӕрмӕ» (1 Кор. 15:6). Ӕмӕ сӕм цымӕ кӕм фӕзынд?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын