-
«Ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 июль
-
-
«Ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ»
«Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл; уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», НД]» (МАТФЕЙЫ 28:18, 19).
1, 2. а) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бахӕс кодта? ӕ) Йесойы фӕдзӕхстыты фӕдыл цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?
УАЛДЗЫГОН бон. Нӕ эрӕйы 33 аз. Израил. Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрӕмбырд сты хохыл Галилейы. Сӕ Хицау райгас ӕмӕ уӕларвмӕ аздӕхинаг у. Фӕлӕ ма йӕм ис ахсджиаг зӕгъинӕгтӕ. Цыдӕр сын хъуамӕ бахӕс кӕна. Цымӕ цы? Куыд сӕххӕст кодтой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы хӕслӕвӕрд? Махмӕ та куыд хауы?
2 Йесойы ныхӕстӕ бакӕсӕн ис Матфейы 28:18—20: «Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл; уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут ӕппӕт адӕмты [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй», НД], аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн; ӕмӕ мӕнӕ, Ӕз сымахимӕ ӕппӕт бонты, дунейы фӕуынмӕ». Йесо дзырдта «алы бар», «ӕппӕт адӕмты», «ӕппӕт Ӕз цы бафӕдзӕхстон» ӕмӕ «ӕппӕт бонты» тыххӕй. Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕвзӕрын кӕнынц цыппар ахсджиаг фарсты: цӕмӕн? кӕм? цӕуыл? ӕмӕ кӕдмӕ? Цӕй ӕмӕ сӕ иугай равзарӕмa.
«Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар»
3. Цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхст?
3 Фыццаджыдӕр уал равзарӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхст цӕмӕн хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм. Йесо загъта: «Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар арвыл ӕмӕ зӕххыл; уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», НД]». Дзырд «уӕдӕ» амоны, ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын цӕмӕн хъӕуы. Уымӕн ӕмӕ Йесойӕн, уыцы хъуыддаг нын чи бахӕс кодта, уымӕн, лӕвӕрд у «алы бар» дӕр. Цӕуыл цӕуы йӕ бар?
4. а) Йесойы бартӕ кӕуылты ӕххӕссынц? ӕ) Йесомӕ цы бартӕ ис, уый зонгӕйӕ, цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм йӕ фӕдзӕхстмӕ, цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ, зӕгъгӕ?
4 Йесойӕн йӕ къухы ис йе ’мбырд, ӕмӕ 1914 азы та, Хуыцау йӕ Паддзахад куы сфидар кодта, уӕд ын уый дӕр йӕ бӕрны бакодта (Колоссӕгтӕм 1:13; Раргомад 11:15). Уый у архангел, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ дӕлбар ис сӕдӕгай милуан зӕдты ӕфсад (1 Фессалоникӕгтӕм 4:16; 1 Петры 3:22; Раргомад 19:14—16). Йӕ Фыдӕй ма йын уый бар дӕр ис, цӕмӕй Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, уыцы «сӕргълӕуджыты ӕмӕ алы хицауады, ӕмӕ тых» фесафа (1 Коринфӕгтӕм 15:24—26; Ефесӕгтӕм 1:20—23). Фӕлӕ Йесойы бар ӕрмӕст удӕгӕстыл нӕ цӕуы. Уый у «Тӕрхонгӕнӕг ӕгастӕн [дӕр] ӕмӕ мӕрдтӕн» дӕр ӕмӕ йын Хуыцауӕй лӕвӕрд у мӕрдтӕ ӕгас кӕныны тых (Куыстытӕ 10:42; Иоанны 5:26—28). Дзырд дӕр ыл нӕй, ахӕм стыр бартӕ кӕй къухы ис, уый фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр хъуыддаг нӕй. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр нӕхицӕн стыр кадыл нымайӕм ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнӕм Йесойы фӕдзӕхст — «ацӕут ӕмӕ цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ».
5. а) Петр Йесойы коммӕ куыд бакаст? ӕ) Петр Иесойы коммӕ кӕй бакаст, уымӕй куыд арфӕгонд ӕрцыд?
5 Йесо зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ирдӕй равдыста, йӕ дӕлбар йӕхи чи бакӕна ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕна, уый арфӕйаг кӕй уыдзӕн. Иу хатт кӕсагахсӕг Петрӕн загъта: «Аленк кӕн арфмӕ, ӕмӕ баппарут уӕ хызтӕ кӕсаг ахсынмӕ». Петр мисхал дӕр нӕ дызӕрдыг кодта, уым кӕсаг кӕй нӕй, ӕмӕ Йесойӕн афтӕ бакодта: «Ахуыргӕнӕг! мах тухӕн кодтам ӕнӕхъӕн ӕхсӕв ӕмӕ ницы ӕрцахстам». Фӕлӕ уӕддӕр сӕрныллӕгӕй сразы: «Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ баппардзынӕн хыз». Йесойы коммӕ кӕй бакаст, уымӕ гӕсгӕ ӕрцахста «бирӕ кӕсӕгтӕ». Петр фырдисӕй ӕмӕ фыртӕссӕй «ӕрхауд Йесойы уӕрджыты раз ӕмӕ загъта: ацу мӕнӕй, Хицау! уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн тӕригъӕдджын адӕймаг». Фӕлӕ йӕ Йесо ӕрсабыр кодта: «Ма тӕрс; амӕйфӕстӕмӕ ахсдзынӕ адӕймӕгты» (Лукайы 5:1—10; Матфейы 4:18). Цӕуыл дзурӕг нын у ацы хабар?
6. а) Кӕсагахсджыты хабар куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Йесо цавӕр коммӕгӕсдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? ӕ) Нӕ бон куыд у Йесойы фӕзмын?
6 Петр, Андрей ӕмӕ иннӕ апостолтӕ бирӕ кӕсаг куы ӕрцахстой, Йесо сын «адӕймӕгтӕ ахсын» уый фӕстӕ бахӕс кодта — уый размӕ нӕ, фӕлӕ (Маркы 1:16, 17). Куыд уынӕм, афтӕмӕй сӕ никӕмӕй домдта йӕ коммӕ куырмӕджы кӕсын. Уый сын равдыста, йӕ коммӕ кӕсын сӕ цӕмӕн хъӕуы. Йесомӕ куы байхъуыстой ӕмӕ сӕ хызтӕ куы баппӕрстой, уӕд куыд бирӕ кӕсаг ӕрцахстой, афтӕ стыр арфӕдзинӕдтӕй хайджын уыдзысты «адӕймӕгтӕ ахсгӕйӕ» дӕр. Апостолтӕ йыл баууӕндыдысты ӕмӕ сын уый куыд загъта, афтӕ бакодтой. Фӕстагмӕ, «раласгӕйӕ дыууӕ бӕлӕгъы былмӕ, ныууагътой ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ацыдысты Уый фӕстӕ» (Лукайы 5:11). Иннӕты ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ разӕнгард кӕнгӕйӕ, мах дӕр фӕзмӕм Йесойы. Адӕмӕй уый нӕ домӕм, ӕмӕ сын мах куыд дзурӕм, афтӕ кӕной — Чырыстийы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уымӕн сын фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссӕм.
Фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕмӕ разӕнгардгӕнӕн тых
7, 8. а) Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕн ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн Библийӕ цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕрхӕссӕн? ӕ) Фыстадӕй дӕ цавӕр стих тынгдӕр разӕнгард кӕны уацамындмӕ? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)
7 Нӕхи Чырыстийы дӕлбар кӕй кӕнӕм, Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы лӕуд дӕр уымӕн стӕм. Искӕй нӕ уыцы хорз хъуыддагмӕ сразӕнгард кӕнын куы фӕнда, уӕд ма йын Библийӕ ноджыдӕр цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис ӕрхӕссӕн? Ӕркӕсӕм ма дӕлдӕр, алы бӕстӕтӕй иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕ цы дзурынц ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ, Библийӕ дзы цы стихтӕ ис, уыдонимӕ куыд баст сты, уымӕ.
8 Рой, донаргъуыд райста 1951 азы: «Мӕ цард Иегъовӕйӕн куы снывонд кодтон, уӕд ын дзырд радтон, алкӕддӕр ын кӕй лӕггад кӕндзынӕн. Ӕмӕ мӕ фӕнды мӕ дзырд ӕххӕст кӕнын» (Псалом 49:14; Матфейы 5:37). Хетер, донаргъуыд райста 1962 азы: «Иегъовӕ мын цас хорздзинӕдтӕ ракодта, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд мӕ фӕфӕнды, дарддӕр дӕр ын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнон» (Псалом 9:2, 10—12; Колоссӕгтӕм 3:15). Ханнелорӕ, донаргъуыд райста 1954 азы: «Алы хатт уацамынды куы вӕййӕм, уӕд нын феххуыс кӕнынц зӕдтӕ. Уый стыр кад у!» (Куыстытӕ 10:30—33; Раргомад 14:6, 7). Онор, донаргъуыд райста 1969 азы: «Мӕн нӕ фӕнды, ӕмӕ Иегъовӕйы тӕрхоны бон куы ’рцӕуа, уӕд, мӕ алыварс цы адӕм цӕры, уыдонӕй исчи Иегъовӕйы кӕнӕ йӕ Ӕвдисӕнты аххосджын кӕна, зӕгъгӕ мын ницы загътой, никуы ницы фехъуыстон» (Иезекил 2:5; 3:17—19; Ромӕгтӕм 10:16, 18). Клаудио, донаргъуыд райста 1974 азы: «Хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ мах вӕййӕм „Хуыцауы раз“ ӕмӕ „Чырыстийы ӕмдзинады“. Ахъуыды ма кӕнут! Уацамынды немӕ вӕййынц нӕ дыууӕ хуыздӕр Хӕлары» (2 Коринфӕгтӕм 2:17, НФ)b.
9. а) Петр ӕмӕ иннӕ апостолтыл цы хабар ӕрцыд, уый цы дзуры, Чырыстийы коммӕ кӕсын цӕмӕн хъӕуы, уый тыххӕй? ӕ) Абон та цы хъуамӕ разӕнгард кӕна адӕмы Хуыцау ӕмӕ Чырыстийы коммӕ кӕсынмӕ ӕмӕ цӕмӕн?
9 Кӕсагахсджыты хабар ма нын ноджыдӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Чырыстийы коммӕ кӕсынмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна уарзондзинад — ӕндӕр цыдӕр нӕ, фӕлӕ. Петр афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «ацу мӕнӕй, Хицау! уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн тӕригъӕдджын адӕймаг», уӕд ӕй Йесо нӕ ныууагъта, ӕмӕ йын йӕ цӕстмӕ дӕр ницы бадардта (Лукайы 5:8). Нӕдӕр ын уайдзӕф бакодта, Петр ын, ацу мӕнӕй, кӕй лӕгъстӕ кодта, уый тыххӕй — фӕлмӕнӕй йын загъта: «Ма тӕрс». Чырыстимӕ уый тыххӕй хъуамӕ ма хъуыстаиккой, ӕмӕ дзы тӕрсгӕ кодтой. Йесо Петр ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн загъта, «адӕймӕгты ахсджытӕ» уӕвгӕйӕ, стыр ӕххуыс кӕй уыдзысты. Афтӕ мах дӕр адӕмы тӕрсын нӕ кӕндзыстӕм кӕнӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ сӕ цӕстмӕ нӕ дардзыстӕм; нӕ архайдзыстӕм, цӕмӕй сӕхиуыл ӕрхудой, ӕмӕ уый фӕрцы Чырыстийы коммӕ бакӕсой. Иегъовӕ ӕмӕ Чырыстийы коммӕ, кӕй сӕ уарзынц, уый тыххӕй куы кӕсой, Иегъовӕйы зӕрдӕ сӕ ӕрмӕст уӕд райдзӕн (Матфейы 22:37).
«Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй»
10. а) Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны фӕдзӕхстӕн йӕ кӕцы хай фӕзындӕр кодта Йесойы ахуыргӕнинӕгты куыст? ӕ) Йесойы фӕдзӕхст йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд сӕххӕст кодтой?
10 Ныр та равзарӕм Чырыстийы фӕдзӕхстимӕ баст дыккаг фарст: кӕм хъӕуы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын? Йесо загъта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн: «Цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ ӕппӕт адӕмты минӕвӕрттӕй». Цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр-иу, Израилмӕ ӕндӕр адӕмтӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ чи ’рцыд, уыдонмӕ-иу уарзон цӕстӕй ракастысты (3 Паддзахӕдты 8:41—43). Йесо йӕхӕдӕг фылдӕр дзуттӕгтӕн хъусын кодта, фӕлӕ ныр йӕ ахуыргӕнинӕгты арвыста ӕппӕт адӕмтӕм. Сӕ «кӕсагахсӕн бынат», ома цы бӕстыл хъусын кодтой, уый абарӕн уыд чысыл «цадимӕ» — уыди дзы ӕрмӕст дзуттӕгтӕ. Фӕлӕ тагъд хъуамӕ рахызтаиккой «денджызмӕ» — ӕппӕт адӕмтӕм. Кӕд ахӕм ивындзинадӕй сӕ куыст бӕрӕг фӕзындӕр, уӕддӕр сӕ Ахуыргӕнӕджы фӕдзӕхст ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кодтой. Ӕмӕ Йесойы мӕлӕтӕй 30 азы дӕр нӕма рацыд, афтӕ апостол Павелӕн йӕ бон уыд ныффыссын, зӕгъгӕ, хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд канд дзуттӕгтӕн нӕ, фӕлӕ «арвы бын ӕппӕт скӕндтытӕн» дӕр (Колоссӕгтӕм 1:23).
11. Цас дард анхъӕвзт «кӕсаг ахсыны» куыст, XX ӕнусы райдианимӕ абаргӕйӕ?
11 Ныры дуджы дӕр уацамынды куыст дӕрдтыл анхъӕвзта. Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ XX ӕнусы райдианы «кӕсаг ахстой» ӕрмӕст цалдӕр бӕстӕйы. Фӕлӕ стӕй, фыццаг ӕнусы чырыстӕтты бафӕзмгӕйӕ, уыдон дӕр уӕрӕхдӕр авнӕлдтой (Ромӕгтӕм 15:20). 1930-ӕм азты райдианты цы бӕстӕты хъусын кодтой, уыдон уыдысты сӕдӕйы бӕрц. Абон та «кӕсаг ахсӕм» 235 бӕстӕйы (Маркы 13:10).
«Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй»
12. Захарийы 8:23 пехуымпарадмӕ гӕсгӕ нырыккон чырыстӕттӕн цы фӕзын?
12 О, ӕппӕт адӕмтӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны куыст уыйбӕрц бӕстӕты кӕй хъӕуы кӕнын, йӕ зын канд уый мидӕг нӕй. Хъуыдыйаг ма у, уыцы адӕм бирӕ ’взӕгтыл кӕй дзурынц, уый дӕр. Пехуымпар Захарийы дзыхӕй Иегъовӕ загъта: «Уыцы бонты алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты, о, ныххӕцдзысты иудейаджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Захари 8:23). Ныртӕккӕ ацы пехуымпарад ӕххӕст кӕны ӕгас зӕххыл дӕр. «Иудейаджы» хуызы ӕвдыст сты, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдон, «дӕс адӕймаджы» хуызы та — «тынг бирӕ адӕм»c (Раргомад 7:9, 10; Галатӕгтӕм 6:16). «Тынг бирӕ адӕмы», ома Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты, хъуамӕ ӕмбырд кодтаиккой ӕппӕт адӕмтӕй, ӕмӕ Захари куыд загъта, афтӕмӕй — алы ӕвзӕгтӕй. Хуыцауы адӕмы нырыккон хабӕрттӕ ууыл дзурӕг не сты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о.
13. а) Нӕ рӕстӕджы Хуыцауы адӕм ӕвзӕгты хъуыддаджы размӕ цавӕр къахдзӕф акодтой? ӕ) Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц фылдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къорд цы бакодта? (Кӕс ма ноджыдӕр фӕлгӕты «Литературӕ куырмытӕн».)
13 1950 азы ӕгас дунейы цыдӕриддӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уыд, уыдон куы райсӕм, уӕд дзы фондзӕй ӕртӕйӕн йӕ мадӕлон ӕвзаг уыд англисаг. 1980 азмӕ та англисаг йӕ мадӕлон ӕвзаг уыди фондзӕй дыууӕйӕн, абон — ӕрмӕстдӕр иуӕн. Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты нымӕц афтӕ кӕй фӕфылдӕр, уымӕ гӕсгӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары къорд цы бакодта? Монон хӕринаг дӕттын райдыдта ноджы фылдӕр ӕвзӕгтыл (Матфейы 24:45). Цӕвиттон, 1950 азы нӕ литературӕ мыхуыр цыд 90 ӕвзагыл, абон та — 400 ӕвзагыл. Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕммӕ ӕргом здӕхт кӕй ӕрцыд, уый исты ахъаз фӕци? О! «Ӕппӕт ӕвзӕгтыл дзурӕг» адӕмтӕй ӕрвылкъуыри дӕр Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ свӕййы 5 000 адӕймаджы бӕрц! (Раргомад 7:9). Ӕмӕ хъуыддаг дарддӕр дӕр размӕ цӕуы. Иуӕй-иу бӕстӕты «кӕсагахсӕн» хъуыддаджы ис стыр ӕнтыстытӕ (Лукайы 5:6; Иоанны 21:6).
Ацы арфӕйаг хъуыддаджы дӕ бон архайын у?
14. Нӕ территорийы ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын? (Кӕс ма ноджыдӕр фӕлгӕты «Къухӕй амонгӕ ӕвзаг».)
14 Бирӕ бӕстӕты ӕрцӕуӕггаг адӕмы нымӕц кӕй рӕзы, уымӕ гӕсгӕ бынӕттон Ӕвдисӕнтӕн сӕ куыстыл бафтыд. Дард кӕдӕмдӕр цӕуын сӕ нӕ хъӕуы — «алы... ӕвзагыл» дзурӕг адӕмӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынц сӕ бӕстӕйы (Раргомад 14:6). Нӕ территорийы ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн куыд ис баххуыс кӕнӕн? (1 Тимофеймӕ 2:4) Нӕ бон у ӕмбӕлон «кӕсагахсӕн гӕрзтӕй» пайда кӕнын — се ’взагыл уагъд литературӕ сын дӕттын. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ сӕм, се ’взагыл чи дзуры, ахӕм ӕфсымӕр кӕнӕ хойы барвитӕм (Куыстытӕ 22:2). Ныр уый ӕнцондӕр у, уымӕн ӕмӕ Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ сахуыр кодтой ӕндӕр ӕвзӕгтӕ, цӕмӕй ӕрцӕуӕггаг адӕмӕн Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ суӕвынӕн ӕххуыс кӕной. Бӕрӕггӕнӕнтӕй куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм ӕххуыс арфӕйаг у.
15, 16. а) Цавӕр цӕвиттонтӕ ӕвдисынц, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын арфӕйаг хъуыддаг кӕй у? ӕ) Ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн хъусын кӕныны фӕдыл цавӕр фарстытыл ис ахъуыды кӕнӕн?
15 Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ. Нидерландты Паддзахады хабар хъуыстгонд цӕуы 34 ӕвзагыл. Иу чырыстон къай сфӕнд кодта ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын Польшӕйӕ ӕрлидзӕг адӕмӕй. Библи ахуыр кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон афтӕ бирӕ уыдысты, ӕмӕ лӕг загъта, зӕгъгӕ, къаддӕр кусдзынӕн, цӕмӕй мын уыцы адӕммӕ цӕуынӕн къуырийы мидӕг ноджыдӕр иу бон уа. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ацы бинонтӕ алы къуыри дӕр Библи ахуыр кодтой 20 адӕймагимӕ. Мӕнӕ цы зӕгъынц: «Нӕ чырыстон куыстӕй нӕ зӕрдӕ афтӕ райы, ӕмӕ диссаг». Ахуыргӕнинӕгтӕ чи цӕттӕ кӕны, уыдонӕн уӕлдай ӕхсызгон уый вӕййы, ӕмӕ Библийы ӕцӕгад йӕхи ӕвзагыл кӕмӕн фӕамонынц, уый сӕ куы фӕбузныг вӕййы. Иу хатт, вьетнамаг ӕвзагыл цы ӕмбырд ис, уым иу ацӕргӕ лӕг сыстад ӕмӕ дзырды бар ракуырдта. Йӕ цӕссыгтӕ тыхӕй уромгӕйӕ, Ӕвдисӕнтӕн раарфӕ кодта: «Бузныг уын, кӕй фыдӕбон кӕнут мӕ зынахуыргӕнӕн ӕвзаг базоныныл. Арфӕ уын кӕнын, мӕ зӕрыбонты мын Библийӕ бирӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ кӕй бацамыдтат».
16 Ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг ӕмбырдты чи лӕггад кӕны, уыдон тынг райгонд сты. Британийӕ иу чырыстон къай дзуры: «Иегъовӕйӕн 40 азы дӕргъы лӕггад кӕнӕм, фӕлӕ ныр, ӕрцӕуӕггаг адӕмӕн хъусынгӕнгӕйӕ куыд райгонд стӕм, афтӕ никуы ма». Дӕуӕн дӕ бон нӕ уаид дӕ царды исты фӕивын, цӕмӕй ацы арфӕйаг хъуыддаджы архайай? Кӕд нырма скъолайы ахуыр кӕныс, уӕд, дӕхи уыцы куыстмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн, дӕ бон фӕсарӕйнаг ӕвзаг ахуыр кӕнын нӕу? Афтӕмӕй дын байгом уаид дуар арфӕйаг, цинӕйдзаг царды фӕндагмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 10:22). Хорз нӕ уаид, уыдӕттыл дӕ ныййарджытимӕ куы аныхас кӕнис?
Хъусын кӕн алы уавӕрты дӕр
17. Не ’мбырды территорийы фылдӕр адӕм ссарын нӕ бон куыд у?
17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ фылдӕрӕн йӕ царды уавӕртӕ нӕ амонынц «кӕсагахсӕн хыз» ӕндӕр ӕвзагыл дзурӕг адӕмы «цадмӕ» баппарын. Фӕлӕ нӕ, ӕвӕццӕгӕн, алкӕй бон дӕр у фылдӕр адӕм нӕхи ӕмбырды территорийы дӕр ссарын. Куыд? Цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ истытӕ ӕфтаугӕйӕ нӕ, фӕлӕ алыхуызон уавӕртӕй пайдагӕнгӕйӕ. Бирӕ рӕтты фылдӕр кӕнынц, сӕрибарӕй бацӕуӕн кӕдӕм нӕй ӕмӕ хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, ахӕм хӕдзӕрттӕ. Ӕндӕр рӕтты та хъусын кӕнгӕйӕ бирӕты хӕдзӕртты нӕ баййафӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ «кӕсагахсӕн хыз» ӕппарын хъӕуы ӕндӕр рӕстӕг ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм Йесойы. Уый дӕр фадӕттӕ агуырдта адӕмимӕ алы уавӕрты дзурынӕн (Матфейы 9:9; Лукайы 19:1—10; Иоанны 4:6—15).
18. Алы уавӕрты хъусын кӕнын хорз цӕмӕн у? (Кӕс ма ноджыдӕр фӕлгӕты «Цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ хъуыддаджылӕуд адӕмӕй».)
18 Иуӕй-иу бӕстӕты ӕфсымӕртӕ, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым семӕ ныхас кӕнынц, ӕмӕ сын уый фӕрцы хорз ӕнтысы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Фӕлтӕрдджын хъусынгӕнджытӕ архайынц алы рӕтты хъусын кӕнын. Уыдон канд хӕдзарӕй-хӕдзармӕ нӕ цӕуынц, фӕлӕ ма адӕмимӕ ныхас кӕнынц аэропортты, куыстуӕтты, дуканиты, машинӕты лӕууӕндӕтты, автобусты ӕрлӕууӕнты, уынгты, паркты, дӕтты былты цы улӕфӕн бынӕттӕ ис, уым ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Гавайы сакъадӕхты ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, уыдонӕй бирӕтӕ ӕцӕгад фыццаг хатт фехъуыстой ахӕм рӕтты. Алы уавӕрты кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы Йесойы фӕдзӕхст — ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг — бӕстон ӕххӕст кӕнӕм (1 Коринфӕгтӕм 9:22, 23).
19. Цавӕр дыууӕ фарсты равзардзыстӕм иннӕ статьяйы?
19 Йесойы фӕдзӕхст — ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнут — ӕрмӕст уый не ’мбарын кӕны, цӕмӕн ӕмӕ кӕм кӕнӕм уыцы куыст, фӕлӕ ма цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ кӕдмӕ. Ацы дыууӕ фарсты та равзардзыстӕм иннӕ статьяйы.
[Фиппаинӕгтӕ]
a Ацы статьяйы уал равзардзыстӕм фыццаг дыууӕ фарсты. Фӕстаг дыууӕ та — иннӕ статьяйы.
b Хъусын кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый ма ӕвдисынц мӕнӕ ацы стихтӕ дӕр: Ӕмбисӕндтӕ 10:5; Амос 3:8; Матфейы 24:42; Маркы 12:17; Ромӕгтӕм 1:14, 15.
c Ацы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уымӕн уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг ссарӕн ис 2001 азы 1 июны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 8 ф., ӕмӕ чиныджы «Исайы пехуымпарад — рухс ӕппӕт адӕмӕн», II том, 408 ф. (уыр.); мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
-
-
«Ахуыр кӕнут уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 июль
-
-
«Ахуыр кӕнут уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн»
«Уӕдӕ, ацӕут, сахуыр кӕнут [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», НД] ... ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (МАТФЕЙЫ 28:19, 20).
1. Филипп ӕмӕ эфиопаг лӕджы ’хсӕн цавӕр ныхас рауад?
ИУ ЛӔГ дард Эфиопийӕ ӕрцыд Иерусалиммӕ йӕ уарзон Хуыцау Иегъовӕйӕн бакувынмӕ. Уый уарзта Хуыцауы Ныхас дӕр. Фӕстӕмӕ бӕхуӕрдоныл здӕхгӕйӕ пехуымпар Исайы чиныг куыд каст, афтӕ йӕ размӕ фӕци Чырыстийы ахуыргӕнинаг Филипп ӕмӕ йӕ афарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» «Куыд ӕй бамбарон, исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд?» — дзуапп ын радта уый дӕр. Ӕмӕ Филипп дӕр, Фыстад зӕрдиагӕй чи иртӕста, уыцы эфиопаг лӕгӕн баххуыс кодта, цӕмӕй Чырыстийы ахуыргӕнинаг суыдаид (Куыстытӕ 8:30—39).
2. а) Эфиопаг лӕг Филиппӕн цы загъта, уый нын цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Чырыстийы фӕдзӕхсты фӕдыл ма цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?
2 Эфиопаг лӕг Филиппӕн цы загъта, уый фӕхатыдтӕ: «Куыд ӕй бамбарон, исчи мын ӕй куы нӕ бамбарын кӕна, уӕд?» О, хъуыдис ӕй ӕххуысгӕнӕджы сӕр, цӕмӕй цы каст, уый йын бамбарын кодтаид. Йӕ ныхӕстӕй зыны, Йесойы фӕдзӕхстыл — цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ, цы ахсджиаг хъуыддаг баст у, уый. Цы у? Ӕркӕсӕм, Матфейы 28-ӕм сӕры Йесо дарддӕр цы загъта, уымӕ. Раззаг статьяйы равзӕрстам дыууӕ фарсты: цӕмӕн? ӕмӕ кӕм? Ныр та равзардзыстӕм, Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ ма цы дыууӕ фарсты хауы, уыдон: цӕуыл? ӕмӕ кӕдмӕ?
«Ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт»
3. а) Адӕймаг Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг куыд свӕййы? ӕ) Ахуыргӕнинаджы цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм?
3 Цӕмӕй адӕймаг Чырыстийы ахуыргӕнинаг суа, уый тыххӕй йӕ цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм? Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Ацӕут, сахуыр кӕнут [«цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», НД] ӕппӕт адӕмты, аргъаугӕйӕ уыдоныл Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй, ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 28:19, 20). Ацы стихтӕй бӕрӕг у: адӕмы хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, Чырысти цы бафӕдзӕхста, ӕппӕт уыдӕттылa. Фӕлӕ нӕ нысан ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ Йесойы фӕдзӕхстытӕ цы адӕймагӕн амонӕм, уый йӕ ахуыргӕнинаг суа — хъуамӕ дарддӕр дӕр йӕ къахвӕдтыл цӕуа. Ӕмӕ уымӕн та цы хъӕуы? Сӕйраджыдӕр цы, уый базонӕн ис, Йесо йӕ фӕдзӕхст куыд загъта, уымӕй. Кӕс ма, афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, «цы уын бафӕдзӕхстон, уыдӕттыл сӕ ахуыр кӕнут», фӕлӕ — «ахуыр кӕнут уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн» (Матфейы 19:17). Куыд ӕмбаргӕ у ацы фӕдзӕхст?
4. а) Фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын цы амоны? ӕ) Адӕймаджы Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын куыд хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, уый бамбарын кӕнынӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
4 Фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын у, цыдӕриддӕр нын дзурынц, афтӕ аразын. Ӕмӕ уӕд адӕмы куыд хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, Чырысти цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый кӕнын? Ахъуыды ма кӕнӕм, шофырты скъолайы ахуыргӕнӕг йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕндагыл цӕуыны уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын куыд фӕамоны. Урокты сын цы радзуры, уый иу у. Фӕлӕ ма цӕмӕй ахуыргӕнинаг уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ машинӕ скъӕрын сахуыр уа, уый тыххӕй та, хъуамӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ машинӕйы йӕ фарсмӕ бада ӕмӕ йын ӕххуыс кӕна, амона йын. Мах дӕр, Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдонӕн Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ кӕй фӕамонӕм, уый иу. Фӕлӕ ма сын хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм уыцы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын дӕр ӕмӕ хъусын кӕнын дӕр (Иоанны 14:15; 1 Иоанны 2:3). Уӕдӕ цӕмӕй, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнӕм Чырыстийы фӕдзӕхст, «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ», зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын хъуамӕ йӕ фӕдзӕхстытӕ амонгӕ дӕр кӕнӕм ӕмӕ сын се ’ххӕст кӕнынӕн ӕххуыс дӕр кӕнӕм. Афтӕмӕй мах фӕзмдзыстӕм Йесо ӕмӕ Иегъовӕйы (Псалом 47:15; Раргомад 7:17).
5. Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ сӕ ныфс цӕуылнӕ фӕхӕссынц?
5 Цӕмӕй адӕймаджы Йесойы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын сахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй ма йӕм хъӕуы фӕкӕсын, цӕмӕй уый дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ арӕхса. Чи зоны, ӕмӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый уымӕ йӕ ныфс нӕ хӕссы. Кӕд раздӕр аргъуанмӕ цыд, уӕддӕр ӕй уым Чырыстийы фӕдзӕхст — «ацӕут, цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» — ӕххӕст кӕнын нӕ ахуыр кодтой. Дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ сӕхӕдӕг дзурынц, аргъуантӕ сӕ адӕмы евангели хъусын кӕнын кӕй нӕ ахуыр кӕнынц. Библииртасӕг Р. У. Стотт Йесойы ацы фӕдзӕхсты тыххӕй афтӕ фыссы: «Мах, евангелисттӕ, ацы фӕдзӕхст не ’ххӕст кӕнӕм, ӕмӕ уый у не стырдӕр хъӕндзинад евангели хъусын кӕныны хъуыддаджы». Стӕй ма бафтыдта: «Мах сахуыр стӕм евангели дардӕй хъусын кӕнын. Уый у, дӕлдонгӕнӕг адӕймагӕн, хи схуылыдз кӕныны тӕссӕй, ӕххуысы бӕсты былгӕронӕй цыдӕртӕ куыд амонай, уыйау».
6. а) Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уымӕн куыд ис, Филипп эфиопаг лӕгӕн куыд баххуыс кодта, афтӕ баххуыс кӕнӕн? ӕ) Ахуыргӕнинаг хъусын кӕнын куы райдайа, уӕд ӕм куыд ис фӕкӕсӕн?
6 Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уый кӕд, йӕхи «схуылыдз кӕнынӕй» чи тӕрсы, уыдонӕй уыди, уӕд ын «доны бацӕуын», ома ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын, ӕнцон нӕ уыдзӕн. Ахӕм адӕймагӕн хъӕуы баххуыс кӕнын. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ уӕм фӕразон, цӕмӕй, эфиопаг лӕгмӕ Филиппы ныхӕстӕ куыд бахъардтой ӕмӕ йӕ донаргъуыд райсын куыд бафӕндыд, афтӕ уый дӕр архайын бафӕнда (Иоанны 16:13; Куыстытӕ 8:35—38). Ахуыргӕнинаг Паддзахады хабар хъусын кӕнын куы райдайа, уӕд та йӕ фарсмӕ балӕудзыстӕм, ӕмӕ кӕм хъӕуа, уым ын арӕхстджынӕй амондзыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕххӕст кӕна Чырыстийы фӕдзӕхст — «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» (Екклесиаст 4:9, 10; Лукайы 6:40).
«Ӕххӕст кӕнын ӕппӕт»
7. «Ӕххӕст кӕнын ӕппӕт», зӕгъгӕ, уымӕ цавӕр дыууӕ фӕдзӕхсты хауы?
7 Ног ахуыргӕнинӕгты ӕрмӕст ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл нӕ ахуыр кӕнӕм. Йесо ма загъта: «Ахуыр кӕнут уыдоны ӕххӕст кӕнын ӕппӕт, Ӕз цы бафӕдзӕхстон сымахӕн». Уымӕ та, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хауы дыууӕ сӕры-сӕйраг фӕдзӕхсты: уарз Хуыцауы ӕмӕ уарз адӕмы (Матфейы 22:37—39). Куыд ис ног ахуыргӕнинаджы ацы дыууӕ фӕдзӕхсты ӕххӕст кӕнын сахуыр кӕнын?
8. Ног ахуыргӕнинаджы уарзын сахуыр кӕнӕн куыд ис, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.
8 Иу хатт ма нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, уӕлдӕр цы дӕнцӕг ӕрхастам, уый. Фӕндагыл машинӕ скъӕргӕйӕ ахуыргӕнинаг ӕрмӕст йӕ ахуыргӕнӕгмӕ хъусгӕйӕ нӕ ахуыр кӕны, фӕлӕ ма иннӕ машинӕтӕм кӕсгӕйӕ. Ахуыргӕнӕгӕн йӕ бон у, ӕмӕ йын йӕ хъус ӕрдара, иу шофыр иннӕйӕн фӕндаг куыд радта, чидӕр йӕ рухсытӕ куыд ӕрмынӕг кодта, цӕмӕй йӕ ныхмӕ цӕуӕг шофыры цӕстытӕ ма куырм кӕна, кӕнӕ йӕ машинӕ кӕмӕн фехӕлд, уымӕн иннӕ шофыр зӕрдиагӕй куыд ӕххуыс кӕны. Афтӕмӕй адӕймаг сахуыр вӕййы машинӕ хорз скъӕрын. Раст афтӕ ног ахуыргӕнинаг дӕр, цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл цӕугӕйӕ, ахуыр кӕны, йӕ ахуыргӕнӕг ын цы дзуры, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ ма ӕмбырды цы уыны, уымӕй дӕр (Матфейы 7:13, 14).
9. Ног ахуыргӕнинаг, уарзын куыд хъӕуы, уый куыд бамбары?
9 Зӕгъӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый уындзӕн, йӕ сывӕллӕттӕ иунӕгӕй чи хъомыл кӕны, ахӕм мадӕн кӕд цыфӕнды зын у, уӕддӕр йӕ гыццыл сывӕллӕтты фембӕлдтӕм куыд кӕны. Кӕнӕ кӕцыдӕр хо тыхстӕй, ныфссастӕй дӕр фембӕлдтӕм ӕнӕсцухӕй куыд цӕуы; ацӕргӕ идӕдз ус иннӕты ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы, ӕвзонг хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Зал куыд ӕфснайынц. Ӕнӕ бафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн, хистӕр нӕлгоймаг хъусын кӕныны хъуыддаджы бӕрн зӕрдиагӕй йӕхимӕ кӕй исы,— кӕд ын ӕнӕуи дӕр ӕмбырды бирӕ хӕстӕ ис, уӕддӕр. Нӕ ахуыргӕнинаг ма, чи зоны, базонгӕ уа, йӕ низӕй ӕддӕмӕ рахизынхъом чи нал у, фӕлӕ йӕм бӕрӕггӕнӕг чи бацӕуы, уыдонӕн йӕхӕдӕг зӕрдӕрухсы хос чи у, ахӕм Ӕвдисӕнимӕ. Гӕнӕн ис, ӕмӕ фембӕла, сӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм фӕкӕсыны тыххӕй йӕ цард аивын фӕстӕ чи нӕ фӕкодта, ахӕм къайыл. Ног ахуыргӕнинаг ахӕм хӕларзӕрдӕ, аудаг ӕмӕ ӕууӕнкджын чырыстӕтты уынгӕйӕ бамбардзӕн, Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ куыд хъӕуы уарзын Хуыцау ӕмӕ адӕмы, уӕлдайдӕр та ӕмуырнджыты (Ӕмбисӕндтӕ 24:32; Иоанны 13:35; Галатӕгтӕм 6:10; 1 Тимофеймӕ 5:4, 8; 1 Петры 5:2, 3). Ацы хъуыддаджы ӕмбырды алчидӕр хъуамӕ уа (уӕвгӕ, алкӕй бон дӕр у) ахуыргӕнӕг дӕр ӕмӕ фӕндагамонӕг дӕр (Матфейы 5:16).
«Ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ»
10. а) Ахуыргӕнинӕгтӕ кӕдмӕ цӕттӕ кӕндзыстӕм? ӕ) Нӕ хӕстӕ куыд хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм, уыцы хъуыддаджы нын Йесо фӕзминаг цӕмӕй у?
10 Чырыстийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕдмӕ хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм? Ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ (Матфейы 28:20, НД). Уый сӕххӕст кӕнын нӕ бон бауыдзӕн? Ӕппӕт дунейы дӕр нӕ тыхтӕ радтам уымӕ. Ивгъуыд азты, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн уыдис, уыдоны» агурыныл нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, не ’хца не ’вгъау кодтам (Куыстытӕ 13:48, НД). Абон ӕгас зӕххыл Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн алы бон дӕр Паддзахады хабар хъусын кӕныныл ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныныл цы рӕстӕг ацӕуы, уый рӕстӕмбис нымадӕй у 3 милуан сахатӕй фылдӕр. Уымӕй фӕзмӕм Йесойы. Уый загъта: «Мӕ хӕринаг у Мӕн Рарвитӕджы фӕндон ӕмӕ Уый хъуыддаг сӕххӕст кӕнын» (Иоанны 4:34). Ӕмӕ уый фӕнды мах дӕр (Иоанны 20:21). Хуыцау нын цы куыст бабар кодта, уый кӕнын райдыдтам, фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ кӕронмӕ дӕр ахӕццӕ кӕнӕм (Матфейы 24:13; Иоанны 17:4).
11. Нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутыл цы ’рцӕуы ӕмӕ цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?
11 Фӕлӕ нын тынг зын вӕййы, нӕ хотӕ кӕнӕ не ’фсымӕртӕй исчи куы ӕрлӕмӕгъ вӕййы ӕмӕ Чырыстийы фӕдзӕхст раздӕрау куы нӕуал феххӕст кӕны кӕнӕ та ӕппындӕр куы нал фӕхъусын кӕны. Цӕмӕй та сын ӕмбырд фыццагау адджын уа ӕмӕ та ногӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной, уый тыххӕй сын куыд баххуыс кӕнӕн ис? (Ромӕгтӕм 15:1; Дзуттытӕм 12:12). Уый базондзыстӕм, иуафон Йесойӕн йӕ апостолтӕ куы ӕрлӕмӕгъ сты, уӕд сын куыд баххуыс кодта, уымӕ куы ’ркӕсӕм.
Уӕлдайаг дын кӕй не сты, уый ӕвдис
12. а) Йесойы апостолтӕ йӕ мӕлӕты размӕ цы бакодтой? ӕ) Апостолты уырнындзинад кӕд тынг ӕрлӕмӕгъ, уӕддӕр сӕм Йесо цы цӕстӕй ракаст?
12 Йесойы йӕ зӕххон царды фӕстаг бонты, йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ, йӕ апостолтӕ иунӕгӕй ныууагътой ӕмӕ алыгъдысты. Уымӕй размӕ сын Йесо йӕхӕдӕг загъта уый тыххӕй, «ныххӕлиу уыдзыстут алчи дӕр йӕхи ’рдӕм», зӕгъгӕ (Маркы 14:50; Иоанны 16:32). Цы цӕстӕй ракаст Йесо йе ’мбӕлттӕм, кӕй ӕрлӕмӕгъ сты, уый тыххӕй? Йӕ райгасы хӕдфӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй цалдӕрӕн загъта: «Ма тӕрсут; цӕут, фехъусын кӕнут Мӕ ӕфсымӕртӕн, цӕмӕй ацӕуой Галилеймӕ, ӕмӕ уым Мӕн фендзысты» (Матфейы 28:10). Кӕд апостолтӕн сӕ уырнындзинад тынг ӕрлӕмӕгъ, уӕддӕр сӕм Йесо бадзырдта: «Мӕ ӕфсымӕртӕ» (Матфейы 12:49). Йӕхи сыл нӕ атигъ кодта — раздӕрау сыл ӕууӕндыд. Уый уыд Иегъовӕйау фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг (4 Паддзахӕдты 13:23). Мах та Йесойы куыд хъуамӕ бафӕзмӕм?
13. Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
13 Нӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй фыццагау зынгзӕрдӕ чи нал у кӕнӕ ӕппындӕр чи нал хъусын кӕны, уыдон нын хъуамӕ уӕлдайаг ма уой, хъуамӕ сыл нӕ зӕрдӕ рисса. Сӕ раздӕры, сӕ бирӕ азты фыдӕбон ӕмӕ нӕ сӕ уарзондзинад рох не сты (Дзуттытӕм 6:10). Куы йӕ зониккой, куыд арӕх сӕ ӕрымысӕм! (Лукайы 15:4—7; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:17). Фӕлӕ цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, уӕлдайаг нын кӕй не сты?
14. Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонӕн Йесойау куыд хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм?
14 Йесо йӕ ныфссаст апостолтӕн, Галилеймӕ ацӕут ӕмӕ мӕ уым фендзыстут, зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд сӕ хуыдта ахсджиаг фембӕлдмӕ (Матфейы 28:10). Афтӕ абон мах дӕр, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдоны фӕхонӕм фембӕлдтӕм. Чи зоны нӕ уый иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕнын нӕ бахъӕуа. Апостолтӕн Йесойы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕ бацагайдтой — иуӕндӕсӕй «ацыдысты Галилеймӕ, Йесо сын кӕдӕм бафӕдзӕхста, уыцы хохмӕ» (Матфейы 28:16). Куыд ӕхсызгон вӕййы махӕн дӕр, йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ ис, уый куы фӕхонӕм ӕмӕ фембӕлдтӕм ногӕй цӕуын куы райдайы! (Лукайы 15:6).
15. Чи ӕрлӕмӕгъ, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ фембӕлдтӕм цӕуын куы райдайой, уӕд сыл Йесойау нӕ бон куыд у бацин кӕнын?
15 Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕр фембӕлдмӕ куы ӕрбацӕуа, уӕд ӕм цы цӕстӕй ракӕсдзыстӕм? Галилейы Йесо йӕ апостолты куы федта, уӕд цы сарӕзта? «Ӕрбахӕстӕг уӕвгӕйӕ, Йесо загъта уыдонӕн...», ома семӕ ныхас кодта (Матфейы 28:18). Дардӕй сӕм нӕ каст, фӕлӕ сӕм хӕстӕг бацыд. Ахъуыды ма кӕн, куыд фенцон уыдаид апостолтӕн, Йесо сӕм йӕхӕдӕг кӕй фӕраздӕр ӕмӕ сӕм кӕй бацыд! Уӕдӕ чи ӕрлӕмӕгъ, ахӕм хо кӕнӕ ӕфсымӕр фембӕлдтӕм цӕуын куы райдайа, уӕд-иу ӕм мах дӕр фӕраздӕр уӕм ӕмӕ-иу ыл бацин кӕнӕм.
16. а) Йесо йӕ апостолтӕм йӕхи куыд равдыста, уый нын цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Лӕмӕгътӕм нӕ бон куыд у Йесойы цӕстӕй кӕсын? (Кӕс фиппаинагмӕ.)
16 Цы ма сарӕзта Йесо? Фыццаг, йӕ апостолтӕн фехъусын кодта: «Лӕвӕрд у Мӕнӕн алы бар». Дыккаг, хӕслӕвӕрд сын радта: «Уӕдӕ, ацӕут, цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ». Ӕртыккаг, зӕрдӕ сын бавӕрдта: «Ӕз сымахимӕ [дӕн] ӕппӕт бонты». Фӕлӕ Йесо цы нӕ бакодта, уый бафиппайдтай? Сӕ аиппытӕ, стӕй кӕй дызӕрдыг кодтой, уый сын сӕ цӕстмӕ нӕ бадардта (Матфейы 28:17). Йӕхи афтӕ кӕй равдыста, уый сыл фӕзынд? Бӕгуыдӕр. Рӕстӕг бирӕ нӕ рацыд, афтӕ та апостолтӕ «ӕнӕнцойӕ ахуыр кодтой ӕмӕ хорз уацхъуыд хъусын кодтой» (Куыстытӕ 5:42). Не ’мбырды йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, уыдонмӕ Йесойы цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд уыдон дӕр апостолтау сӕ къахыл слӕудзыстыb (Куыстытӕ 20:35).
«Ӕз сымахимӕ [дӕн] ӕппӕт бонты»
17, 18. Йесойы ныхӕстӕ, «Ӕз сымахимӕ [дӕн] ӕппӕт бонты», зӕгъгӕ, зӕрдӕ цӕмӕй фидар кӕнынц?
17 Йесо йӕ фӕдзӕхст балхынцъ кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Ӕз сымахимӕ [дӕн] ӕппӕт бонты». Ацы ныхӕстӕ фидар кӕнынц, Чырыстийы фӕдзӕхстыл — «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгты» — йӕ уд чи хъары, уыдоны зӕрдӕтӕ. Не знӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн цыфӕнды цӕлхдуртӕ куы ӕвӕрой ӕмӕ нӕ фыдкой цасфӕнды куы кӕной, уӕддӕр сӕ хъуамӕ ма тӕрсӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти, «арвыл ӕмӕ зӕххыл» алы бар дӕр лӕвӕрд кӕмӕн у, уый ис немӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны!
18 Йесо нын зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, зӕгъгӕ, «Ӕз сымахимӕ [дӕн] ӕппӕт бонты», уый ма нын у ныфсы хос дӕр. Кӕд нын Чырыстийы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын стыр цин у, уӕддӕр царды хъыг ӕмӕ мастӕй цух не стӕм (2 Паралипоменон 6:29). Чидӕр нӕ хъынцъым кӕны йӕ зианыл (Уӕвынад 23:2; Иоанны 11:33—36). Кӕуылдӕр та азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой ӕмӕ йе ’нӕниздзинад фӕцудыдта, йӕ тых сӕтты (Екклесиаст 12:1—6). Иннӕтӕ та хаттӕй-хатт вӕййынц зӕрдӕсаст ӕмӕ ӕрхӕндӕг (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НФ). Стӕй нӕ бирӕтӕн цардамӕлттӕ кӕнын фӕзындӕр. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ куыст размӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ Йесо махимӕ ис «ӕппӕт бонты»— цины бон дӕр ӕмӕ хъыджы бон дӕр (Матфейы 11:28—30).
19. а) Йесойы фӕдзӕхстмӕ — «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» — цы хауы? ӕ) Цӕй руаджы у нӕ бон Чырыстийы фӕдзӕхст сӕххӕст кӕнын?
19 Ацы ӕмӕ йӕ размӕ статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Йесойы фӕдзӕхстмӕ — «цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ» — бирӕ цыдӕртӕ хауы. Йесо нын бацамыдта, йӕ фӕдзӕхст ын цӕмӕн ӕмӕ кӕм хъуамӕ ӕххӕст кӕнӕм. Загъта ма, адӕмы цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ кӕдмӕ. Раст у, ацы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр кӕронмӕ ахӕццӕ кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Чырысти, алы бар дӕр лӕвӕрд кӕмӕн у, уый немӕ ис!
[Фиппаинӕгтӕ]
a Иу бӕрӕгуат куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Йесо нӕ загъта, зӕгъгӕ, «аргъаут уыдоныл ӕмӕ ахуыр кӕнут уыдоны», фӕлӕ «аргъаугӕйӕ уыдоныл... ахуыр кӕнгӕйӕ уыдоны». Йесойы фӕдзӕхст афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ уал фыццаг донаргъуыд райсын, уый фӕстӕ та — ахуыр кӕнын. «Адӕймаджы ахуыр кӕнын хъӕуы дзӕвгар рӕстӕг: иу цасдӕр донаргъуыды размӕ... цасдӕр та донаргъуыды фӕстӕ».
b Йӕ уырнындзинад кӕмӕн ӕрлӕмӕгъ, ахӕм хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ сын нӕ бон баххуыс кӕнын куыд у, уый фӕдыл ӕрмӕг ссарӕн ис 2003 азы 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 24—27 фӕрстыл.
-