Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Хорз хабар чи хъусын кӕны?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 21 урок. Нӕлгоймаг уынджы стенды раз ныхас кӕны дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнимӕ.

      21 УРОК

      Хорз хабар чи хъусын кӕны?

      Тагъд Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы не ’ппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Уый у диссаджы хорз хабар, ӕмӕ йӕ хъуамӕ алчидӕр фехъуса. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ фӕдылдзӕуджытӕ ацы хабар дзурой алкӕмӕн дӕр! (Матфейы 28:19, 20). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Йесойы фӕдзӕхст куыд ӕххӕст кӕнынц?

      1. Матфейы 24:14 стихы цы фыст ис, уый абон куыд ӕххӕст кӕны?

      Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» (Матфейы 24:14). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ зӕрдиагӕй архайынц уыцы ахсджиаг куысты. Мах хорз хабар хъусын кӕнӕм ӕгас дунейы дӕр 1000 ӕвзагӕй фылдӕрыл! Уыцы стыр куыстӕн хъӕуы бирӕ хъарутӕ ӕмӕ рӕстӕг, стӕй йӕ хъӕуы хорз пълан кӕнын. Ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй уыцы хъуыддаг размӕ нӕ цӕуид.

      2. Адӕмӕн хорз хабар фехъусын кӕныны тыххӕй цы аразӕм?

      Мах хъусын кӕнӕм, адӕм кӕмдӕриддӕр ис, уым. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр фӕхъусын кӕнӕм «хӕдзарӕй-хӕдзармӕ» (Хъуыддӕгтӕ 5:42). Уый фӕрцы алы аз дӕр милуангай адӕм хорз хабар фехъусынц. Адӕмы алы хатт хӕдзары кӕй нӕ баййафӕм, уымӕ гӕсгӕ фӕхъусын кӕнӕм, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уыцы рӕтты дӕр. Мах ӕдзух фадӕттӕ фӕагурӕм, цӕмӕй-иу Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй иннӕтӕн радзурӕм.

      3. Хорз хабар хъусын кӕнын кӕй хӕс у?

      Ӕцӕг чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ хӕс у хорз хабар хъусын кӕнын. Мах уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсӕм. Алчидӕр нӕ хъусын кӕны, йӕ бон цас у, уыйбӕрц, уымӕн ӕмӕ йӕ ’мбарӕм, дзырд адӕмы цардыл кӕй цӕуы. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:16.) Уый тыххӕй нын фидгӕ нӕ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Лӕвар райстат – лӕвар дӕттут» (Матфейы 10:7, 8). Хорз хабармӕ алчи нӕ байхъусы. Фӕлӕ уӕддӕр хъусын кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Фылдӕр базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы аразынц, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр хорз хабар хъусын кӕной. Стӕй ма базон, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны.

      1. Коста-Рикӕйы дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны кӕрдӕгджын къуыбырыл иу нӕлгоймагӕн хъусын кӕнынц. 2. Америкӕйы Иугонд Штатты цыппар Йегъовӕйы Ӕвдисӕны доны был кӕсагахсджытӕн дыгӕйттӕй хъусын кӕнынц. 3. Бенины хъӕутӕй иуы дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны нӕлгоймагӕн хъусын кӕнынц. 4. Таиланды Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сылгоймагӕн хъусын кӕны, доныл чи ис, ахӕм базары. 5. Япы дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны стыр тымбыл дуры раз сылгоймагӕн хъусын кӕнынц. 6. Швецийы дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны цӕугӕдоны раз митӕй ӕмбӕрзт фӕндагыл иу сылгоймагӕн хъусын кӕнынц.

      Хъусын кӕнӕм ӕгас дунейы дӕр: 1) Коста-Рикӕ, 2) Америкӕйы Иугонд Штаттӕ, 3) Бенин, 4) Таиланд, 5) Яп, 6) Швеци

      4. Ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй адӕм иууылдӕр хорз хабар фехъусой

      Цӕмӕй адӕм алы ран дӕр хорз хабар фехъусой, уый тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдынц. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Хъусын кӕнӕм „суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр“» (7:38)

      • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй цы аразынц, уымӕй дӕ зӕрдӕмӕ цы фӕцыд?

      Бакӕсут Матфейы 22:39 ӕмӕ Ромӕгтӕм 10:13–15 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй куыд у бӕрӕг, адӕмы кӕй уарзӕм?

      • Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдонмӕ? (15 стих)

      5. Мах стӕм Хуыцауы ӕмкусджытӕ

      Йегъовӕ хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд кӕй дӕтты, уый бирӕ хабӕрттӕй у бӕрӕг. Зӕгъӕм, Ног Зеландийы иу ӕфсымӕр, Поль, фӕссихор хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ сӕмбӕлд иу сылгоймагыл. Уыцы сылгоймаджы фӕндыд Хуыцауы тыххӕй базонын ӕмӕ уыцы бон райсомӕй Йегъовӕмӕ йӕ номӕй куывта. Лӕгъстӕ йын кодта, цӕмӕй йӕм искӕй ӕрбарвыстаид. Уымӕй ӕртӕ сахаты куы рацыд, уӕд ын Поль йӕ дуар бахоста.

      Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 3:9 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ног Зеландийы цы хабар ӕрцыд, уымӕй куыд зыны, хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд Йегъовӕ кӕй дӕтты?

      Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 1:8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ Йегъовӕйы ӕххуыс цӕмӕн хъӕуы?

      Зыдтай йӕ?

      Къуырийы астӕу нын цы фембӕлд вӕййы, уым фӕахуыр кӕнӕм, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, ууыл. Кӕд уыцы фембӕлды искуы уыдтӕ, уӕд цы хъуыды кӕныс, хъусын кӕнын куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй?

      Дыууӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕмбырды ӕвдисынц, хорз хабар куыд хъусын кӕнӕн ис, уый.

      6. Мах хъусӕм Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнӕм

      Фыццаг ӕнусы Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн се знӕгтӕ сӕ фӕдыл зылдысты, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой. Фӕлӕ фыццаг чырыстӕттӕ архайдтой «хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕныныл» (Филиппӕгтӕм 1:7). Ӕмӕ абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр афтӕ кӕнынцa.

      Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

      ВИДЕОРОЛИК: «Хорз хабары сӕрыл закъонмӕ гӕсгӕ тох кӕнӕм» (2:28)

      Бакӕсут Хъуыддӕгтӕ 5:27–42 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Дарддӕр дӕр цӕмӕн хъусын кӕндзыстӕм? (29, 38 ӕмӕ 39 стихтӕ)

      ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ цӕмӕн хъусын кӕнынц?»

      • Цавӕр дзуапп ын раттис?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн дӕр фехъусын кӕной. Уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд куыд цӕуы?

      • Хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй куыд у бӕрӕг, адӕмы кӕй уарзӕм?

      • Куыд хъуыды кӕныс, адӕймаг хорз хабар куы хъусын кӕна, уӕд ын уый циндзинад хӕсдзӕн? Цӕмӕн?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Базон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стыр горӕтты адӕмӕн куыд хъусын кӕнынц, уый тыххӕй.

      «Хъусын кӕнӕм, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты. Париж» (5:11)

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрлидзджытӕн куыд хъусын кӕнынц?

      «Ӕрлидзджытӕн хорз хабар хъусын кӕнӕм» (6:01)

      Базон, иу хойӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр хъусын кӕнын кӕй у, уый фӕрцы йӕ цардӕй райгонд цӕмӕн у.

      «Цин кӕнын, царды цы фӕндаг равзӕрстон, ууыл» (6:30)

      Базон, тӕрхондӕттӕ кӕй рахастой ӕмӕ нын хъусын кӕнын ӕнцондӕр кӕй фӕрцы у, цалдӕр ахӕм ахсджиаг уынаффӕйы тыххӕй.

      «Хуыцауы адӕм тӕрхондӕтты сӕ бартыл тох кӕнынц» («Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ райста!», 13 сӕр)

      a Хорз хабар хъусын кӕнын нын Хуыцау бафӕдзӕхста. Уымӕ гӕсгӕ хъусын кӕныны тыххӕй хицӕуттӕй бар исын нӕ хъӕуы.

  • Донаргъуыд куы райсай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 23 урок. Сылгоймаг донаргъуыд исы, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа; ӕнӕхъӕнӕй йӕ доны бын фӕкодтой.

      23 УРОК

      Донаргъуыд куы райсай, уӕд бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ

      Йесо загъта, алы чырыстон дӕр донаргъуыд кӕй хъуамӕ райса. (Бакӕс Матфейы 28:19, 20.) Цы у донаргъуыд? Ӕмӕ адӕймаджы цы аразын хъӕуы, цӕмӕй уыцы нысан йӕ къухы бафта?

      1. Донаргъуыд исын куыд хъӕуы?

      Дзырдбаст «донаргъуыд дӕттын» цы грекъаг дзырдӕй ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны «доны фӕтъыссын». Иоанн Йесойӕн Иорданы цӕугӕдоны донаргъуыд куы лӕвӕрдта, уӕд ӕй ӕнӕхъӕнӕй доны бын фӕкодта, ӕмӕ стӕй Йесо «донӕй рахызт» (Марчы 1:9, 10). Ӕмӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр донаргъуыд куы фӕисынц, уӕд сӕ ӕнӕхъӕнӕй доны фӕтъыссынц, кӕнӕ доны бын фӕкӕнынц.

      2. Донаргъуыд цӕуыл дзурӕг у?

      Адӕймаг донаргъуыд кӕй райсы, уымӕй равдисы, йӕхи Йегъовӕ Хуыцауӕн кӕй снывонд кодта. Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куыд снывонд кӕны? Донаргъуыд райсыны размӕ Йегъовӕмӕ скувы ӕмӕ йын фӕзӕгъы, ӕнустӕм ын кӕй лӕггад кӕндзӕн. Йегъовӕйӕн дзырд ратты, ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыдзӕн йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Ахӕм адӕймаг аскъуыддзаг кӕны, йӕхи тыххӕй кӕй нал цӕрдзӕн, фӕлӕ кӕй цӕрдзӕн Йесойы ахуырӕдтӕм гӕсгӕ ӕмӕ йӕ кӕй фӕзмдзӕн (Матфейы 16:24). Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны ӕмӕ донаргъуыд куы райсы, уӕд ын фадат фӕзыны, цӕмӕй Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ӕввахс хӕлар суа.

      3. Адӕймаджы цы аразын хъӕуы, цӕмӕй донаргъуыд райса?

      Донаргъуыд райсыны размӕ хъуамӕ Йегъовӕйы тыххӕй базонай ӕмӕ йыл фидарӕй ӕууӕндай. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:6.) Цас ӕй хуыздӕр зонай ӕмӕ дӕ уырнындзинад цас фидардӕр уа, уыйас ӕй тынгдӕр уарздзынӕ. Ӕмӕ дӕ уӕд ӕнӕмӕнгӕй бафӕнддзӕн иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕм ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (2 Тимофеймӕ 4:2; 1 Иоанны 5:3). Кӕд адӕймаг, «Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы», афтӕ цӕры, уӕд ӕй бафӕнддзӕн йӕ цард Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын (Колоссӕгтӕм 1:9, 10)a.

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, Йесо донаргъуыд куыд райста, уый цӕуыл дзурӕг у ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон куыд у, уыцы ахсджиаг къахдзӕфмӕ йӕхи бацӕттӕ кӕнын.

      4. Йесо донаргъуыд куыд райста, уымӕй нӕ бон цы у базонын?

      Бакӕсут Матфейы 3:13–17, цӕмӕй фылдӕр базонай, Йесо донаргъуыд куыд райста, уый тыххӕй. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ӕнахъом сывӕллон уыд?

      • Донаргъуыд куыд райста? Дон ыл пырх бакодтой?

      Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд аразын райдыдта, Хуыцау ын зӕххыл цы ахсджиаг куыст бахӕс кодта, уый. Бакӕсут Лукайы 3:21–23 ӕмӕ Иоанны 6:38 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд ын царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цавӕр куыст сси?

      5. Донаргъуыд – дӕ къухы чи бафтдзӕн, ахӕм нысан

      Адӕймагмӕ, чи зоны, фыццаг афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ йӕ бон никуы бауыдзӕн йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын. Фӕлӕ дарддӕр дӕр куы архайай, цӕмӕй Йегъовӕйы хуыздӕр базонай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн уыцы ахсджиаг къахдзӕф саразын. Иуӕй-иутӕ уыцы къахдзӕф куыд сарӕзтой, уый базоныны тыххӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йегъовӕйы хӕлар цӕй фӕрцы суыдзынӕ?» (1:11)

      Бакӕсут Иоанны 17:3 ӕмӕ Иаковы 1:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕхи донаргъуыд райсынмӕ бацӕттӕ кӕна?

      1. Сылгоймаг Хуыцаумӕ кувы ӕмӕ йын йӕхи нывонд кӕны. 2. Уыцы сылгоймаг донаргъуыд исы, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа; ӕнӕхъӕнӕй йӕ доны бын фӕкодтой.
      1. 1) Нӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнӕм, куы йын фӕзӕгъӕм, ӕнустӕм ын кӕй лӕггад кӕндзыстӕм

      2. 2) Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд иннӕтӕ фенынц, нӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодтам

      6. Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд Йегъовӕйы бинонтӕм ӕрбаиу вӕййы

      Адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд ӕрбаиу вӕййы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм – ӕгас зӕххыл дӕр иу бинонтау ӕнгом чи сты, уыдонмӕ. Кӕд алы рӕтты цӕрӕм ӕмӕ алыхуызон уавӕрты схъомыл стӕм, уӕддӕр не ’ппӕт дӕр уыцы иу ахуырӕдтыл ӕууӕндӕм ӕмӕ уыцы иу уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм. Бакӕсут Псалом 25:14 ӕмӕ 1 Петры 2:17 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Ацы стихтӕй куыд зыны, афтӕмӕй адӕймаг донаргъуыд куы райсы, уӕд ын уый цы пайда ӕрхӕссы?

      Нывтӕ: донаргъуыд чи райста, уыцы хо хъуыды кӕны, ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ хӕларӕй кӕй цӕры, ууыл ӕмӕ цин кӕны. 1. Хойӕн дзуры, йӕ зӕрдӕйы цы ис, уыдӕттӕ. 2. Ацӕргӕ хойӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын цӕуын ӕнцондӕр уа. 3. Йе ’мбӕлттимӕ фынджы уӕлхъус; сты алыхуызон кары. 4. Иу хоимӕ нӕлгоймагӕн хъусын кӕны. 5. Конгрессы йӕ къам исы, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, дыууӕ ахӕм хоимӕ.

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ нӕ дӕн».

      • Кӕд ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс, уӕддӕр дӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы нысан дӕ къухы бафта?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Йесо загъта, чырыстӕттӕ донаргъуыд кӕй хъуамӕ исой. Цӕмӕй адӕймаг донаргъуыд райса, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕнда, йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕра ӕмӕ йын йӕхи снывонд кӕна.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Донаргъуыд исын куыд хъӕуы ӕмӕ донаргъуыд райсын ахсджиаг цӕмӕн у?

      • Донаргъуыд цӕуыл дзурӕг у?

      • Адӕймаг цавӕр къахдзӕфтӕ хъуамӕ сараза, цалынмӕ йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса, уӕдмӕ?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Базон, донаргъуыд цы у ӕмӕ донаргъуыд цы нӕй схонӕн.

      «Цы у донаргъуыд?» (интернет-статья)

      Базон, адӕймаджы цы аразын хъӕуы, цӕмӕй донаргъуыд райса.

      «Йегъовӕйы куы бауарзай, уӕд дӕ бафӕнддзӕн донаргъуыд райсын» (2020 азы мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      Базон, иу нӕлгоймаджы донаргъуыд райсын цӕмӕн бафӕндыд.

      «Фӕндыд сӕ, цӕмӕй базыдтаин, Библи бӕлвырдӕй цы дзуры» (2013 азы 1 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      Базон, донаргъуыд райсын хорз нысан цӕмӕн у ӕмӕ дӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй уыцы нысан дӕ къухы бафта.

      «Донаргъуыд хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй райсон?» («Дӕ фарстатӕн дзуаппытӕ», 2 том, 37 сӕр, уырыссаг)

      a Кӕд адӕймаг раздӕр ӕндӕр диныл хӕст уыд ӕмӕ донаргъуыд уым райста, уӕддӕр ӕй ногӕй хъӕуы донаргъуыд райсын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы дин Библийы рӕстдзинад нӕ амоны. (Кӕс Хъуыддӕгтӕ 19:1–5 ӕмӕ 13 урок.)

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын