-
Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг кӕд уыдзыстӕм?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
4. Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадз
Йегъовӕйы фӕрцы цыфӕнды ӕвзӕр ахуыр дӕр ныууадздзыстӕм
Кӕд тамако дымыс кӕнӕ наркотиктӕ кӕныс, уӕд зондзынӕ, уыдӕттӕ ныууадзын куыд зын у. Фӕлӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ныууадзай? Аныхас кӕнӕм, уыдӕттӕ адӕймагыл куыд ӕндавынц, ууыл. Бакӕсут Матфейы 22:37–39 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, тамако ӕмӕ наркотиктӕ куыд фӕзынынц...
адӕймагӕн Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, ууыл.
адӕймагӕн йӕ бинонтыл ӕмӕ иннӕтыл.
Ныффысс, цы аразын дӕ хъӕуы, цӕмӕй де ’взӕр ахуыр ныууадзайa. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.
Бакӕсут Филиппӕгтӕм 4:13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Адӕймаг ӕдзух куы кува, Библи куы иртаса ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуа, уӕд ын уый куыд баххуыс кӕндзӕн йе ’взӕр ахуыр ныууадзынӕн?
5. Тох кӕн чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтимӕ
Бакӕсут Колоссӕгтӕм 3:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Кӕцӕй йӕ зонӕм, порнографи, секстинг ӕмӕ мастурбаци Йегъовӕйы цӕсты чъизи хъуыддӕгтӕ кӕй сты?
Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ дӕр, Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ сыгъдӕг уой? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?
Базон, куыд ис чъизи хъуыдытимӕ тох кӕнӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.
Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фӕндфидарӕй кӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй хӕрзӕгъдау уӕм. Бакӕсут Матфейы 5:29, 30 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йесо уый кой нӕ кодта, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ йӕхи фӕсахъат кӕна. Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ цыдӕр аразӕм. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй чъизи хъуыдытӕй нӕхи хизӕм?b
Кӕд чъизи хъуыдытимӕ тох кӕныс, уӕд Йегъовӕ уымӕн тынг аргъ кӕны. Бакӕсут Псалом 103:13, 14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Кӕд цавӕрдӕр чъизи хъуыддаг ныууадзыныл архайыс, уӕд дын ацы стихтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ къухтӕ ма ’руадзай?
Дӕ къухтӕ ма ӕруадз!
«Мӕхиуыл та нӕ фӕхӕцыдтӕн. Ницы мын рауайдзӕн». Афтӕ хъуыды кӕнын ӕнцондӕр у. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: марафоны згъорӕг куы фӕкӕлы, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ кӕронмӕ нӕ азгъордзӕн. Стӕй ууыл дзурӕг дӕр нӕ вӕййы, ӕмӕ хъуамӕ фӕстӕмӕ аздӕха ӕмӕ та райдианӕй згъорын райдайа. Афтӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон дӕхиуыл фӕхӕцын куы нӕ бауа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ де ’взӕр ахуыр никуы ныууадздзынӕ кӕнӕ дын ныридӕгӕн цы бантыст, уыдӕттӕ дон йӕ бынмӕ аласта. Хатт дын дӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ рауайы, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ-иу дӕ къухтӕ ма ’руадз! Йегъовӕйы фӕрцы дӕ бон бауыдзӕн де ’взӕр ахуыр ныууадзын.
-
-
Библийы нозты тыххӕй цы фыст ис?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
6. Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фыднозт мауал кӕна
Базон, иу нӕлгоймагӕн йӕ нозт ныууадзынӕн цы баххуыс кодта. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.
Дмитрий-иу нозтджынӕй цыхуызӕн уыд?
Йӕ нозт ныууадзын йӕ бон уайтагъд баци ӕви нӕ?
Йӕ нозт ныууадзынӕн ын цы баххуыс кодта?
Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:10, 11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Библийы фыднозт кӕныны тыххӕй цы фыст ис?
Цӕмӕй бӕрӕг у, фыднозт чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон аивын кӕй у?
Бакӕсут Матфейы 5:30 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йесойы ныхӕстӕ, дӕ къух ралыг кӕн, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ нӕ цӕуылдӕрты нӕ къух сисын бахъӕуы, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Кӕд нозтмӕ ӕмхиц дӕ, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йӕ ныууадзай?a
Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 15:33 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Фыднозт кӕнын чи уарзы, уыдонимӕ куы лымӕн кӕнай, уӕд дыл уый куыд фӕзындзӕн?
-