Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 декабрь
    • Йеремийы 31:15 фыст ис: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Рамӕйы хъуысы ӕрдиаг, хъарӕг ӕмӕ зӕрдӕхалӕн кӕуын. Рахил кӕуы йӕ фырттыл, ӕмӕ йын басабыргӕнӕн нал ис, уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕбултӕ нал сты“».

  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 15 декабрь
    • Куыдфӕнды ма уа, Йеремийы ныхӕстӕ уыдысты пехуымпар-ныхӕстӕ. Уыдон амыдтой, ӕнустӕ фӕстӕдӕр, Йесо гыццыл сывӕллон куы уыди, уӕд цы ’рцыд, уымӕ. Паддзах Ирод бардзырд радта, цӕмӕй Вифлеемы, Иерусалимӕй хуссарырдӕм чи уыд, уыцы горӕты, ныццагътаиккой, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыди, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр. Дӕ хъустыл-ма ауайын кӕн уыцы сывӕллӕттӕн сӕ мадӕлты зӕрдӕхалӕн хъарӕг – сӕ хъӕбулты сын амардтой, сӕ хъӕбултӕ «нал уыдысты»! Уый афтӕ уыд, цыма сӕ кӕуын хъуысти суанг Рамӕйы дӕр, Иерусалимӕй цӕгатырдӕм цы горӕт уыд, уым (Матф. 2:16–18).

      Уӕдӕ Йеремийы заман дӕр ӕмӕ Йесойы рӕстӕджы дӕр ацы ныхӕстӕ, Рахил йӕ фырттыл кӕуы, зӕгъгӕ, амыдтой, дзуттаг мадӕлтӕ сӕ хъӕбулты мӕлӕтыл кӕй маст кодтой, уымӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕд кӕй амардтой ӕмӕ афтӕмӕй «знаджы зӕхмӕ», ома мӕлӕты «зӕхмӕ», чи ацыд, уыдонӕн ис ныфс, кӕй «ӕрыздӕхдзысты» – мӕрдтӕ куы ӕгас кӕной, уӕд кӕй райгас уыдзысты (Йер. 31:16; 1 Кор. 15:26).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын