-
Ӕцӕг ӕнтыстджын кӕд уыдзынӕ?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 декабрь
-
-
13. Хӕзнатӕ ӕмбырд кӕныны тыххӕй Йесо цавӕр уынаффӕ радта?
13 Йесо Чырысти хӕзнаты тыххӕй афтӕ загъта: «Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут – ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, стӕй сӕм давджытӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц. Фӕлӕ уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты – уым сӕ нӕдӕр рӕмпӕг хӕры, нӕдӕр згӕ, уӕдӕ сӕм давджытӕ дӕр нӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ нӕ адавынц. Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр» (Матф. 6:19–21).
-
-
Ӕцӕг ӕнтыстджын кӕд уыдзынӕ?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 15 декабрь
-
-
15. Цавӕр ӕнтыстдзинӕдтӕм хъуамӕ тырнӕм?
15 Дины разамонджытӕй иуӕй-иутӕ адӕмӕн дзурынц, зӕгъгӕ, ӕнтыстдзинӕдтӕм тырнын раст нӕу ӕмӕ адӕймагмӕ ахӕм фӕнд куы фӕзына, уӕд ӕй хъуамӕ ныххурх кӕна. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ дзырдта, ӕмӕ хъуамӕ ӕппындӕр ма тырнӕм ӕнтыстдзинӕдтӕм. Уый йӕ ахуыргӕнинӕгты разӕнгард кодта, цӕмӕй раст цӕмӕдӕр тырной, дзырдта сын, цӕмӕй «хӕзнатӕ ӕмбырд кӕной уӕлӕрвты». Сӕйрагдӕр нын хъуамӕ уый уа, цӕмӕй нӕ Йегъовӕ нымайа ӕнтыстджын адӕймагыл. Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, алчи йӕхӕдӕг кӕй ӕвзары, цӕмӕ тырндзӕн ӕмӕ йӕ разы цавӕр нысӕнттӕ ӕвӕрдзӕн, уый. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы вӕййы, цӕмӕн фӕаргъ кӕны, тырнгӕ дӕр уымӕ фӕкӕны.
16. Ӕппындӕр цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм?
16 Нӕ зӕрдӕйы ахӕм фӕнд куы уа, цӕмӕй, Йегъовӕйы цӕсты раст цы у, уый аразӕм, уӕд хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттыл Йегъовӕ кӕй батыхсдзӕн. Чи зоны, Хуыцау бауадза, цӕмӕй Павелау мах дӕр рӕстӕгмӕ ӕххормаг кӕнӕ дойны уӕм (1 Кор. 4:11). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо цы хорз уынаффӕ радта, уый: «Мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. Ӕппӕт уыдӕттыл ацы дунейы адӕм тыхсынц. Сымахӕн та уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц. Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матф. 6:31–33).
-