-
Уый хуызӕн Фыд нӕйХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 1 январь
-
-
Нӕ эрӕйы 29 азы октябры, Чырысти ацыд Иорданы цӕугӕдонмӕ, цӕмӕй аргъуыд райстаид. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Йесо куыддӕр аргъуыд райста, афтӕ донӕй рахызт, ӕмӕ мӕнӕ диссаг: арв фегом, ӕмӕ йын Иоанн йӕ сӕрмӕ федта Хуыцауы сыгъдӕг уд бӕлоны хуызы ӕрцӕй-цӕугӕ. Афтӕ ма уӕларвӕй ӕрыхъуыст хъӕлӕс дӕр: „Ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт“»a (Матфейы 3:16, 17). Ацы фӕлмӕн ныхӕстӕ нын хорз ӕвдисынц, Йегъовӕ цавӕр Фыд у, уый. Йегъовӕ йӕ Фыртӕн цы загъта, уымӕй базонӕн ис ӕртӕ хъуыддаджы. Нӕ хъус ма сӕм ӕрдарӕм.
Фыццаг уый, ӕмӕ Йегъовӕ афтӕ кӕй загъта, «ай у мӕ... Фырт», зӕгъгӕ, уымӕй йӕ фӕндыд зӕгъын: «Ӕз сӕрыстыр дӕн, мӕ фырт кӕй дӕ, уымӕй». Зондджын фыд вӕййы ӕрхъуыдыджын ӕмӕ алыхатт дӕр йӕ сывӕллӕттӕй раппӕлы. Сывӕллӕттӕн ӕдзухдӕр фӕхъӕуы дзурын, кӕй сын аргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ кӕй уарзынц. Ӕмӕ кӕд Чырысти сывӕллон нал уыд, уӕддӕр ын йӕ Фыд загъта, кӕй йын аргъ кӕны, уый. Ахъуыды-ма кӕн, уый Йесойӕн куыд ӕхсызгон уыдаид!
Дыккаг та уый, ӕмӕ, Йегъовӕ Йесойы йӕ «уарзон Фырт» кӕй схуыдта, уымӕй ӕргом равдыста йӕ уарзондзинад. Йегъовӕ йын цыма афтӕ загъта, ӕз дӕ уарзын, зӕгъгӕ. Хорз фыд йӕ сывӕллӕттӕн фӕдзуры, бирӕ сӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй. Ахӕм ныхӕстӕ ӕмӕ ахӕм уарзондзинад сывӕллӕттыл базыртӕ басадзы ӕмӕ уӕд вӕййынц амондджын. Йесо йӕ Фыдӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ын куыд ӕхсызгон уыд.
Ӕртыккаджы та, Йегъовӕ «мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд уымӕй равдыста, йӕ Фыртӕй разы кӕй уыд. Цыма йӕ ацы ныхӕстӕй афтӕ зӕгъын фӕндыд: «Мӕ фырт, райгонд дӕ дӕн». Уарзӕгой фыд алы хатт дӕр фӕуыны йӕ сывӕллӕтты хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ райгонд кӕй у, уый сын февдисы. Уый руаджы сывӕллӕттӕ вӕййынц ныфсджындӕр. Йесойы ныфсыл дӕр ныфс куыннӕ бафтыдаид, йӕ Фыды ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд!
-
-
Уый хуызӕн Фыд нӕйХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 1 январь
-
-
a Ацы хабар ма фыст ис Лукайы Евангелийы дӕр. Уым Йегъовӕ комкоммӕ дзуры йӕ фыртмӕ: «Ды дӕ мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт» (Лукайы 3:22).
-