-
Йӕ апостолты бацӕттӕ кодта, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уымӕЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Йесо зыдта, йӕ фӕдылдзӕуджыты йын карзӕй кӕй ӕфхӕрдзысты, фӕлӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта: «Тӕрхонмӕ [уӕ] куы раттой, уӕд-иу, цы зӕгъат ӕмӕ куыд зӕгъат, ууыл ма тыхсут – уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст сымах нӕ дзурдзыстут, фӕлӕ уӕ Фыды сыгъдӕг тых дзурдзӕн уӕ дзыхӕй». Ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕфсымӕр ӕфсымӕры ратдзӕн мӕлӕтмӕ, фыд та – йӕ хъӕбулы, ӕмӕ сывӕллӕттӕ дӕр суыдзысты сӕ ныййарджыты ныхмӕ ӕмӕ сӕ ратдзысты мӕлӕтмӕ. Ӕмӕ уӕ мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕм дӕр се сӕфт уындзысты. Фӕлӕ кӕронмӕ фидар чи фӕлӕууа, уый фервӕздзӕн» (Матфейы 10:19–22).
-
-
Йӕ апостолты бацӕттӕ кодта, ӕфхӕрд кӕй ӕййафдзысты, уымӕЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Куыд федтам, афтӕмӕй Йесо йӕ 12 апостолӕн диссаджы амындтӕ радта, бафӕдзӕхста сӕ, тӕссаг сын цӕмӕй уыд, уыдӕттӕй ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта. Фӕлӕ ма апостолтӕй дарддӕр уыцы ныхӕстӕ стыр ӕххуыс хъуамӕ уыдаиккой, уыцы хъуыддаджы Йесойӕн йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасы фӕстӕ чи архайдтаид, уыдонӕн дӕр. Уый цӕмӕй бӕрӕг у? Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй се сӕфт уындзысты «ӕппӕт адӕм дӕр» – хъусын кӕнынмӕ йӕ апостолты кӕмӕ арвыста, ӕрмӕст уыдон нӕ, фӕлӕ. Стӕй Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ апостолты, Галилейӕйы куы хъусын кодтой, уыцы цыбыр рӕстӕг хицӕутты ӕмӕ паддзӕхты раз ӕрлӕууын кодтой кӕнӕ дзы сӕ хиуӕтты ардыдӕй искӕй амардтой.
Уӕдӕ бӕрӕг у, Йесо йӕ апостолтӕн уыцы хабӕрттӕ куы дзырдта, уӕд фидӕны кой кӕй кодта. Зӕгъӕм, Йесо загъта, зӕгъгӕ, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ нӕма ахӕццӕ кӕндзысты, «афтӕ ӕрцӕудзӕн Адӕймаджы Фырт». Цымӕ йӕ ацы ныхӕстӕй цы зӕгъын фӕндыд? Паддзах Йесо Чырысти Хуыцауы номӕй тӕрхон кӕнынмӕ куы ’рцӕуа, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъуыстгонд нӕма фӕуыдзысты.
-