-
Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 август
-
-
6 Йӕ апостолты тӕрсын цӕуылнӕ хъуыди, уый бамбарынӕн сын Йесо ӕрхаста дыууӕ цӕстуынгӕ цӕвиттоны. Загъта сын: «Дыууӕ сырддонцъиуы ассарийыл нӕ уӕй кӕнынц, ӕви? Ӕмӕ дзы уӕ Фыды ӕвастӕй иу дӕр не ’рхаудзӕни зӕхмӕ. Сымахӕн та уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты. Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут» (Матфейы 10:29–31, НТ). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, зындзинӕдтӕй уӕд кӕй нӕ тӕрсдзыстӕм, ӕмӕ Иегъовӕйӕ ныфсджын куы уӕм, фидарӕй йӕ куы зонӕм, кӕй ныл тыхсы. Хуыцауыл афтӕ фидарӕй ӕууӕндыд апостол Павел. Уый фыста: «Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нын кӕй бон цы у? Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ неппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?» (Ромӕгтӕм 8:31, 32, НТ). Ды дӕр цыфӕнды фыдӕвзарӕны ма бахауай, уӕддӕр ӕй зон: цалынмӕ Иегъовӕйыл иузӕрдион уай, уӕдмӕ дыл уый тыхсдзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ацы хъуыды ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йесо йӕ апостолтӕн цы ныффӕдзӕхста, уымӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм.
-
-
Иегъовӕйӕн «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 август
-
-
10. Цы у сӕ хъуыды ацы ныхӕстӕн, «уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты», зӕгъгӕ?
10 Сырддонцъиуты тыххӕй цӕвиттон ӕрхӕсгӕйӕ ма Йесо ноджыдӕр загъта: «Сымахӕн... уӕ сӕрыхъуынтӕ дӕр ӕрдуйы онг нымад сты» (Матфейы 10:30, НТ). Ацы цыбыр, фӕлӕ арфхъуыдыджын ныхасӕй ноджы хуыздӕр ӕмбарӕм сырддонцъиуты цӕвиттон. Ахъуыды ма кӕн: адӕймаджы сӕрыл ис 100 мин хъуыны бӕрц. Куы сӕм ӕркӕсай, уӕд дзы иу иннӕмӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны, иууылдӕр сты иухуызон. Фӕлӕ нӕ сӕрыхъуынтӕй алкӕцыдӕр бӕрӕг ӕмӕ нымад у Хуыцауӕн. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд цымӕ цы зӕгъӕн ис нӕхицӕй та – нӕ царды ахӕм исты ис, ӕмӕ йӕ Иегъовӕ ма зона? Иегъовӕ зоны йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕйдӕр, алчидӕр сӕ цы удыхъӕды хицау у, уый ӕмбары. Уый «кӕсы зӕрдӕмӕ» (1 Паддзахӕдты 16:7).
11. Кӕцӕй бӕрӕг у, ӕмӕ Давид, Иегъовӕ йӕ кӕй уыны, кӕй йыл тыхсы, ууыл нӕ дызӕрдыг кодта?
11 Кӕд паддзах Давид царды бирӕ маст, бирӕ зындзинӕдтӕ федта, уӕддӕр никуы фӕдызӕрдыг, Иегъовӕ йӕ кӕй уыны, ууыл. Уый фыста: «Хицау! Ды бафӕлвӕрдтай мӕн ӕмӕ зоныс. Ды зоныс, ӕз кӕд ӕрбадын ӕмӕ кӕд сыстын; Ды ӕмбарыс мӕ хъуыдытӕ дардӕй» (Псалом 138:1, 2). Иегъовӕ зоны дӕу дӕр, чи дӕ, куыд цӕрыс (Иереми 17:10). Уӕдӕ ахӕм хъуыдытӕ, Иегъовӕ мӕн нӕ уыны, ӕз ницы дӕн, зӕгъгӕ, дӕхимӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадз! Иегъовӕ алцыуынӕг у!
-