Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi07 31–32 фф.
  • Библийы 39 чиныг – Малахи

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 39 чиныг – Малахи
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
bsi07 31–32 фф.

Библийы 39 чиныг – Малахи

Ныффыста йӕ: Малахи

Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалимы

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 443 азы фӕстӕ

ЧИ УЫДИ Малахи? Кӕцӕй рацыд ӕмӕ куыд цард, уый тыххӕй ницы ис фыст. Фӕлӕ йӕ пехуымпарӕдтӕм гӕсгӕ бӕлвырдӕй зӕгъӕн ис, Малахи, Йегъовӕ Хуыцауы ӕнувыд лӕггадгӕнӕг кӕй уыд. Уый дзырдта Хуыцауы номы тыххӕй ӕмӕ тох кодта раст дины сӕраппонд. Малахи тынг мӕсты кодта, афтӕ чи дзырдта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын, афтӕмӕй та ӕрмӕст йӕхи мӕт чи кодта, уыдонмӕ. Пехуымпар Малахийы чиныджы ис цыппар сӕры, ӕмӕ дзы Йегъовӕйы ном ӕмбӕлы 48 хатты.

2 Дзуттагау йӕ ном у Малахи, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, нысан кӕны «Мӕ минӕвар». «Септуагинтӕйы», Дзуттаг Фыстыты грекъаг ӕвзагмӕ тӕлмацы, Малахийы чиныг у чысыл пехуымпарты фӕстаг чиныг ӕмӕ уыцы бынаты ис, фыст кӕд ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ дӕр. Стыр Синагогӕйы таурӕгъмӕ гӕсгӕ Малахи цард пехуымпар Аггей ӕмӕ Захарийы фӕстӕ, Неемийы рӕстӕджы.

3 Кӕд ӕрцыд фыст Малахийы пехуымпарад? Иудӕ 70 азы дӕргъы ӕдзӕллагӕй куы уыд, уый фӕстӕ Иерусалим ногӕй куы арӕзтой, уӕд цы кънйаз хицауиуӕг кодта, уый рӕстӕджы (Мал. 1:8). Чи уыд цымӕ уыцы кънйаз? Чиныджы дзырд цӕуы, кувӕндоны лӕггады тыххӕй, фӕлӕ дзы кувӕндоны арӕзтады кой нӕй. Уыцы хъуыддаг ӕрцыдаид кънйаз Зоровавелы хицаудзинады фӕстӕ, уымӕн ӕмӕ кувӕндон арӕзт йӕ рӕстӕджы фесты. Сыгъдӕг Фыстад ма дзуры ӕрмӕст иу хицауы тыххӕй, уыцы заман чи хицауиуӕг кодта, уый – Нееми. Малахийы чиныджы хабӕрттӕ Неемийы рӕстӕджы цаутимӕ ӕмхуызон сты? Пехуымпар Малахийы чиныджы Иерусалимы ӕмӕ йӕ сисы арӕзтады тыххӕй ницы дзырдӕуы. Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Нееми хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уыцы рӕстӕгмӕ кӕй нӕ хауы. Фӕлӕ чиныджы бакӕсӕн ис, сауджынтӕ сӕ хӕстӕ кӕй не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны Иерусалимы уавӕр, Нееми уырдӕм дыккаг хатт куы ’рцыд, Артаксеркс ӕм н. э. агъоммӕ 443 азы, кӕнӕ йӕ хицаудзинады 32-ӕм аз Вавилонмӕ куы фӕсидт, уый фӕстӕ (Мал. 2:1; Неем. 13:6). Малахи ӕмӕ Неемийы чингуыты ӕмхуызон скъуыддзӕгтӕ кӕй ис, уымӕй бӕрӕг кӕны, пехуымпарад растдӕр уыцы рӕстӕгмӕ кӕй хауы, уый (Мал. 2:4–8, 11, 12 – Неем. 13:11, 15, 23–26; Мал. 3:8–10 – Неем. 13:10–12).

4 Малахийы чиныгыл дзуттӕгтӕ кӕддӕриддӕр ӕууӕндыдысты. Ацы чиныджы ныхӕстӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр кӕй сты ӕмӕ иуӕй-иу пехуымпарӕдты сӕххӕстмӕ кӕй амонынц, уымӕй бӕлвырд кӕнынц, Малахийы чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй уыд ӕмӕ, чырыстӕтты ӕмбырд кӕуыл ӕууӕндыд, уыцы Дзуттаг Фыстыты канонмӕ кӕй хауд (Мал. 1:2, 3 – Ром. 9:13; Мал. 3:1 – Матф. 11:10 ӕмӕ Лук. 1:76 ӕмӕ Лк 7:27; Мал. 4:5, 6 – Матф.11:14 ӕмӕ Мф 17:10–13, Марчы 9:11–13 ӕмӕ Лук. 1:17).

5 Пехуымпар Малахийы чиныгӕй бӕрӕг у, кувӕндон аразыны рӕстӕг пехуымпар Аггей ӕмӕ Захари адӕмы зӕрдӕйы цы зынг ссыгътой, уый фӕстӕдӕр кӕй бамынӕг. Сауджынтӕ систы ӕнӕмӕт, сӕрыстыр ӕмӕ дыдзӕсгом. Кувӕндоны сын цы хӕстӕ уыд, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын райдыдтой. Адӕм дӕсӕм хай нал лӕвӕрдтой ӕмӕ кувинӕгтӕ дӕр нал хастой, уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сӕ Хуыцау ферох кодта. Зоровавелыл цы ныфсытӕ ’вӕрдтой, уыдонӕй ницы рауад, иуӕй-иутӕ та Мессийӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, фӕлӕ дзӕгъӕлы. Дзуттӕгты уырнындзинад сӕфты къахыл уыд. Цы сӕ бафидар кодтаид ӕмӕ сын ныфс цы радтаид? Цы уавӕры сты, уый адӕм куыд хъуамӕ бамбӕрстаиккой ӕмӕ сӕ кӕй бон уыд хорз хъуыддӕгтӕм сразӕнгард кӕнын? Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ ссарӕн ис пехуымпар Малахийы чиныджы.

6 Малахи фыссы комкоммӕ ӕмӕ йӕ ныхас хъары зӕрдӕмӕ. Пехуымпар цыдӕр хъуыддаджы тыххӕй фӕзӕгъы, стӕй дзуапп ратты, кӕмӕ дзырдта, уыдоны ӕлхыскъ фарстатӕн ӕмӕ та фӕстӕмӕ фӕзӕгъы, йӕ ныхас цӕмӕй райдыдта, уый. Афтӕмӕй йӕ ныхас у аив ӕмӕ тыхджын. Рӕсугъд ӕвзагӕй фыссыныл нӕ архайдта, фӕлӕ карзӕй ӕфхӕрдта.

ЦЫ ПАЙДА У

13 Малахийы чиныг ӕмбарын кӕны Йегъовӕ Хуыцауы фидар уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕлмӕн уарзт. Фыццаг ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, Йегъовӕ куыд бирӕ уарзы йӕ адӕмы, «Иаковы». Иаковы фырттӕн фидарӕй загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ, ӕз нӕ ивын». Кӕд тынг тӕригъӕдджын уыдысты, уӕддӕр сӕм Хуыцау цӕттӕ уыд йе ’ргом раздахынмӕ, уыдон ӕм куы раздӕхтаиккой, уӕд. Цӕй фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау у! (Мал. 1:2; 3:6, 7; Ром. 11:28; Рац. 34:6, 7). Йегъовӕ Малахийы уылты загъта: «Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ зонындзинӕдтӕ цӕуа». Хуыцауы Ныхас амонын кӕй бӕрны ис, уыдон хъуамӕ ацы домӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕной, ӕмӕ зоной, адӕмы раст ахуыр кӕнынц ӕви нӕ (Мал. 2:7; Фил. 1:9–11; абар Иаковы 3: 1). Йегъовӕ нӕ уарзы дыдзӕсгом адӕмы, афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, «ӕвзӕрдзинадыл хӕст адӕймаг Йегъовӕйы цӕсты кадджын у». Цӕстмӕмитӕ чи кӕны, уыдон хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ Йегъовӕйы асайдзысты, сӕхи афтӕ куы ’вдисой, цыма Хуыцауӕн стыр нывӕндтӕ хӕссынц (Мал. 2:17; 1:14; Кол. 3:23, 24). Йегъовӕ, йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ чи халы, уыдоны ӕнӕмӕнг бафхӕрдзӕн. Мачи хъуыды кӕнӕд, ӕмӕ йе ’взӕр уагахасты тыххӕй ӕнӕфхӕрдӕй баззайдзӕн. Йегъовӕ сын тӕрхон рахӕсдзӕн (Мал. 3:5; Дзут. 10:30, 31). Рӕстгӕнджытӕ хъуамӕ фидарӕй ӕууӕндой, Йегъовӕ сын сӕ хорз хъуыддӕгтӕ кӕй нӕ ферох кӕндзӕн ӕмӕ сӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн. Йесойау уыдон дӕр хъуамӕ хъуыды кӕной Моисейы Закъоныл, уымӕн ӕмӕ уым ис Йесойыл цы бирӕ пехуымпарӕдтӕ сӕххӕст сты, уыдон (Мал. 3:16; 4:4; Лук. 24:44, 45).

14 Малахийы чиныг Дзуттаг Фыстыты фӕстаг чиныг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ амоны, Мессийӕйы ӕрцыдимӕ цы хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн, уыдонмӕ. Ӕмӕ Йесо цыппар ӕнусӕй фылдӕры фӕстӕ зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд растдӕр уый тыххӕй ӕрцыдысты фыст Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Малахийы 3:1 куыд фыст у, уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ дзуры: «Мӕнӕ! Ӕз ӕрвитын мӕ минӕвары, ӕмӕ мын мӕ размӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕндзӕн». Зӕронд Захарийыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд бамбарын кодта, уыцы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты йӕ фырт Аргъауӕг Иоанныл (Лук. 1:76). Фӕстӕдӕр уыцы хъуыды Йесо Чырысти дӕр загъта: «Сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр нӕ уыди, фӕлӕ уӕларвон паддзахады гыццылдӕр чи у, уый дӕр уымӕй уӕлдӕр у». Малахи куыд загъта, афтӕмӕй Иоанн ӕрвыст уыд, цӕмӕй «барӕвдз кодтаид... фӕндаг». Уӕдӕ фӕстӕдӕр Йесо Паддзахады бадзырд кӕимӕ скодта, уыдоны ’хсӕн Иоанн нӕ уыд (Матф. 11:7–12; Лук. 7:27, 28; 22:28–30).

15 Уый фӕстӕ Малахийы 4:5, 6 Йегъовӕ зӕрдӕ ’вӕры: «Мӕнӕ! Ӕз ӕрвитын дӕ адӕммӕ пехуымпар Илиайы». Фӕлӕ чи у уыцы «Илиа»? Йесо дӕр ӕмӕ, Захаримӕ цы зӕд фӕзынд, уый дӕр загъта, ацы ныхӕстӕ Аргъауӕг Иоаннмӕ кӕй хауынц, ӕмӕ бамбарын кодта, уый кӕй у, Мессийӕйы райсынӕн «ӕппӕт дӕр фӕстӕмӕ йӕ къахыл [чи] слӕууын кӕндзӕн», «цӕмӕй Йегъовӕйы раз цӕттӕ адӕм ӕрлӕууын кӕна». Фӕлӕ ма Малахи дзуры, «Илиа» рагацау кӕй хъусын кӕны «Йегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау боны» тыххӕй, ӕмӕ ӕвдисы, пехуымпарад кӕй сӕххӕст уыдзӕн фидӕны тӕрхоны бон (Матф. 17:11; Лук. 1:17; Матф. 11:14; Марчы 9:12).

16 Уыцы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, ӕфсӕдты Йегъовӕ дзуры: «Хур кӕм скӕсы, уырдыгӕй суанг, кӕм аныгуылы, уый онг мӕ ном адӕмтӕм уыдзӕн кадджын. [...] Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн кадджын Паддзах... ӕмӕ мын мӕ номӕй адӕм тӕрсдзысты». Цӕй тӕссаг у! «Пецау чи судзы, уыцы бон; сӕрбӕрзонд адӕм ӕмӕ фыдгӕнджытӕ хъӕмпы хуызӕн уыдзысты». Амондджын сты, Йегъовӕйы номӕй чи тӕрсы, уыдон, уымӕн ӕмӕ сын «рӕстдзинады хур ӕнӕмӕнгдӕр йӕ тынтыл ӕрхӕсдзӕн ӕнӕниздзинад». Ацы ныхӕстӕ хауынц, коммӕгӕс адӕм се ’ппӕт дӕр куы сдзӕбӕх уой, уыцы амондджын рӕстӕгмӕ. Уӕд алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уыдзысты (Рарг. 21:3, 4). Уыцы стыр ӕмӕ арфӕйаг боны тыххӕй дзургӕйӕ нӕ Малахи разӕнгард кӕны, цӕмӕй хӕссӕм сыгъдӕгзӕрдӕйӕ нӕ нывӕндтӕ Йегъовӕйы хӕдзармӕ: «Уӕ хорзӕхӕй, ацы хъуыддаджы мӕ бафӕлварут,– зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ,– кӕддӕра уын ӕз уӕларвон къӕбицы дуӕрттӕ нӕ бакӕнин ӕмӕ уыл мӕ хорзӕхтӕ кӕлгӕуӕлдайӕ нӕ рауадзин» (Мал. 1:11, 14; 4:1, 2; 3:10).

17 Малахи дарддӕр фӕдзӕхсы «зӕхх фесафыны» тыххӕй, ӕмӕ сиды, цӕмӕй цин кӕнӕм ӕмӕ хорздзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, растдӕр Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд загъта, афтӕ: «Ӕппӕт адӕмтӕ [уӕ] хондзысты амондджын, уымӕн ӕмӕ суыдзыстут зӕрдӕйӕн адджын бӕстӕ» (4:6; 3:12).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын