Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Царды уаргъ фӕрогдӕр кӕнынӕн ахадгӕ мадзал
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 январь
    • Ӕфсондзы бын кусын

      9, 10. Рагзаманты ӕфсондз цӕмӕ амыдта, ӕмӕ Йесо адӕмӕн цӕмӕн загъта, сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл, зӕгъгӕ?

      9 Ӕвӕццӕгӕн, дӕ хъус ӕрдардтай, Матфейы 11:28, 29-ӕм стихты Йесо афтӕ кӕй загъта: «Сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл, ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй» (НФ). Уӕды заманы хуымӕтӕг адӕймаг афтӕ ӕфхӕрд уыди, ӕмӕ йӕм афтӕ каст, цыма ӕфсондзы бын фыдгуыст кодта. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕфсондз амыдта цагъары кӕнӕ ӕххуырсты уавӕрмӕ (Уӕвынад 27:40; Левит 26:13; Дыккаг закъон 28:48). Йесо цы фыдӕбонгӕнӕг адӕмыл ӕмбӕлд, уыдонӕй бирӕтӕ куыстой се уӕхсчытыл ӕцӕг ӕфсӕндзтӕ ӕвӕрдӕй; уыдон-иу хастой уӕззау уӕргътӕ. Ӕфсондз-иу кӕд хорз арӕзт уыди, уӕд-иу нӕ хъыгдардта, науӕд та иу бӕрзӕй ӕмӕ уӕхсджытӕ риссын кодта. Хъӕдгуыстгӕнӕг уӕвгӕйӕ, Йесо, ӕвӕццӕгӕн, йӕхӕдӕг дӕр арӕзта ӕфсӕндзтӕ, ӕмӕ уӕд куыннӕ зыдта, «хорз» ӕфсондз куыд саразын хъуыд, уый. Ӕфсондз-иу бӕрзӕй ӕмӕ уӕхсджытыл кӕм ныдзӕвд, уым-иу ӕй, ӕвӕццӕгӕн, мидӕгӕй скодта сӕракӕй кӕнӕ хъуымацӕй, цӕмӕй буар ма риссын кодтаид.

      10 Йесо афтӕ куы загъта, «сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл», зӕгъгӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕхи абарста, кусӕг лӕджы бӕрзӕй ӕмӕ уӕхсчытӕ чи нӕ риссын кодта, ахӕм «хорз» ӕфсӕндзтӕ чи арӕзта, ахӕм адӕймагимӕ. Уый тыххӕй загъта афтӕ дӕр, «Мӕ уаргъ у рог», зӕгъгӕ. Уымӕй Йесо уый зӕгъинаг уыди, ӕмӕ ӕфсондз йӕхӕдӕг зынхӕссӕн кӕй нӕу, стӕй дзы кусын дӕр зын кӕй нӕу. Ӕцӕг, Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн афтӕ куы загъта, айсут мын мӕ ӕфсондз, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ сӕ ӕппӕт мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй дӕр уыцы тӕккӕ кӕй фервӕзтаиккой. Нӕ, Йесо адӕммӕ сидт цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй акӕсынмӕ, ӕмӕ афтӕ куы бакодтаиккой, уӕд сын бӕрӕг фенцондӕр уыдаид. Сӕ цардыуаг куы фӕивтаиккой, уӕд сын уый дӕр ӕрхастаид удӕнцой. Иууыл ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ удӕгас, фидар ныфсы руаджы сӕм цард афтӕ уӕззау нал кастаид.

      Дӕ бон у удӕнцой ссарын

      11. Йесо адӕмӕн афтӕ цӕуылнӕ загъта, уӕ ӕфсӕндзтӕ ӕндӕртӕй баивут, зӕгъгӕ?

      11 Дӕ хъус ма ӕрдар, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, зӕгъгӕ, адӕм сӕ ӕфсӕндзтӕ ӕндӕртӕй баивдзысты. Сӕ бӕстӕйы дарддӕр дӕр хицауиуӕг кодтаид Ромы паддзахад, абон чырыстӕттӕ цы бӕстӕты цӕрынц, уым цавӕрдӕр хицауӕдтӕ куыд хицауиуӕг кӕнынц, афтӕ. Фыццаг ӕнусы, Ромы паддзахадӕн дарддӕр дӕр фидын хъуыдаид хъалон. Адӕм рынчын дӕр кодтаиккой ӕмӕ цӕмӕйдӕрты хъуаг дӕр ӕййӕфтаиккой. Уӕдӕ ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй уыдысты, уый дӕр сӕ куыннӕ тыхсын кодтаид. Фӕлӕ уӕддӕр удӕнцой ссардтаиккой, Йесо сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ куы архайдтаиккой, уӕд, ӕмӕ абон махӕн дӕр уый фӕрцы фӕрогдӕр уыдзӕн не ’онг.

      12, 13. Йесо куыд равдыста, афтӕмӕй адӕймагӕн йе ’онг цы рог кӕны ӕмӕ, уый бамбаргӕйӕ, иуӕй-иутӕ цы сарӕзтой?

      12 Йесо цы ӕфсондзы кой кодта, уый сӕйраджыдӕр хауы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ. Адӕмы ахуыр кӕнын, сӕйраджыдӕр та сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын — уый уыд Йесойы царды ахсджиагдӕр хъуыддаг (Матфейы 4:23). Уӕдӕ афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл», уый нысан кодта, уыцы хъуыддаджы йӕ кӕй хъуамӕ фӕзмӕм, уый дӕр. Евангелитӕй зонӕм, Йесо сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты кӕй сразӕнгард кодта сӕ куыст фӕивынмӕ, кӕд бирӕтӕн царды сӕ сӕйрагдӕр мӕт уый уыди, уӕддӕр. Ӕрхъуыды ма кӕн, Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннӕн куыд загъта, зӕгъгӕ, «рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ Ӕз адӕмы ахсджытӕ скӕндзынӕн» (Маркы 1:16—20, НФ). Уыцы кӕсагахсджытӕн Йесо равдыста, царды мидӕг ын иууыл сӕйрагдӕр цы уыди, уыцы хъуыддаджы лӕуд куы уой, ӕмӕ йӕ йӕ разамындӕй ӕмӕ йе ’ххуысӕй куы кӕной, уӕд сӕ зӕрдӕ куыд райдзӕн, уый.

      13 Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, уый иудейтӕй иуӕй-иутӕ бамбӕрстой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, иухатт денджызгӕрон цы цау ӕрцыд, уый. Бакӕсӕн ӕй ис Лукайы 5:1—11-ӕм стихты. Цыппар кӕсагахсӕджы ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтой, ӕмӕ ницы ӕрцахстой. Фӕлӕ ӕваст сӕ хызтӕ кӕсагӕй айдзаг сты! Ӕрмӕст уый йӕхи ӕгъдауӕй нӕ рауад афтӕ, Йесо сын баххуыс кодта. Кӕсагахсджытӕ былгӕронмӕ фӕкастысты, ӕмӕ федтой, Йесойы ныхӕстӕ тынг кӕй цымыдис кодтой, бирӕ ахӕм адӕмы. Уый фӕрцы бамбӕрстой, Йесо сын афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «амӕй фӕстӕмӕ ахсдзыстут адӕймӕгты». Ӕмӕ дарддӕр цы сарӕзтой? «Раласгӕйӕ дыууӕ бӕлӕгъы былмӕ, ныууагътой ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ацыдысты Уый фӕстӕ».

      14. а) Куыд ис абон удӕнцой ссарӕн? ӕ) Цавӕр уӕнгроггӕнӕг хорз уацхъуыд хъусын кодта Йесо?

      14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Адӕмӕн Библийы ӕцӕгад амынд цӕуы абон дӕр. Ӕгас дунейыл ӕхсӕз милуан Иегъовӕйы Ӕвдисӕны сӕхиуыл сӕвӕрдтой Йесойы ӕфсондз ӕмӕ систы «адӕймӕгты ахсджытӕ» (Матфейы 4:19). Иутӕ сӕ уыцы хъуыддагӕн дӕттынц сӕ рӕстӕг иууылдӕр; иннӕтӕ та, йӕ уавӕр кӕй куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ. Алкӕмӕндӕр сӕ уыцы хъуыддаг рог кӕны йе ’онг, ӕмӕ уый фӕрцы цардӕй афтӕ тынг нал фӕтыхсынц. Адӕмӕн хорз уацхъуыд — «Паддзахады Евангели» — кӕй дзурынц, уымӕй рухс кӕны сӕ зӕрдӕ (Матфейы 4:23). Цыфӕнды хорз хабар зӕгъын дӕр ӕхсызгон вӕййы, уыцы хорз уацхъуыд та бынтон. Адӕмӕн сӕ царды уӕззау уаргъ фӕрогдӕр кӕнӕн кӕй ис, уый бамбарын кӕнынӕн нӕ цы ахсджиаг зонындзинӕдтӕ хъӕуы, уыдон иууылдӕр сты Библийы (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

      15. Царды тыххӕй Йесо цы уынаффӕтӕ радта, уыдон дын цӕмӕй баххуыс кӕной, уый тыххӕй цы хъӕуы?

      15 Хуыцауы Паддзахад цы у, уыимӕ хӕрз ӕрӕджы чи райдыдта зонгӕ кӕнын, уыдоныл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындысты, куыд цӕрын хъӕуы, уый тыххӕй Йесо цы амындтӕ радта, уыдон. Бирӕтӕ йӕ сӕхицӕй зонынц, Йесойы амындтӕ сын се ’онг ӕцӕгдӕр кӕй фӕрог кодтой ӕмӕ сын кӕй баххуыс кодтой сӕ цард бынтондӕр фӕивынӕн. Уый афтӕ кӕй у, уый дӕхӕдӕг дӕр бамбардзынӕ, Йесойы цард ӕмӕ лӕггаддзинады тыххӕй цы ис фыст — уӕлдайдӕр та Матфей, Марк ӕмӕ Лука цы чингуытӕ ныффыстой,— уым цы ахадгӕ амындтӕ ис, уыдонмӕ дӕ хъус лӕмбынӕг куы ӕрдарай, уӕд.

      Удӕнцой куыд ис ссарӕн

      16, 17. а) Йесойы сӕйрагдӕр амындтӕ кӕм сты фыст? ӕ) Цӕмӕй нын Йесойы амындтӕ удӕнцой хӕссой, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

      16 Н. э. 31 азы, уалдзӕджы, Йесо загъта, абоны онг дӕр ӕгас дунейыл зындгонд чи у, ахӕм раныхас. Хонынц ӕй Уӕлхох уацамынд. Уыцы амындтӕ фыст ӕрцыдысты Матфейы чиныджы 5-ӕй 7-ӕм сӕрмӕ ӕмӕ Лукайы чиныджы 6-ӕм сӕры. Уыцы уацамынды Йесо цыбыртӕй загъта йӕ амындтӕй бирӕты мидис. Йесойы амындтӕ ма ссарӕн ис Евангелиты ӕндӕр рӕтты дӕр. Цы хъуыдытӕ загъта, уыдон афтӕ хуымӕтӕг сты, ӕмӕ сӕ ӕмбарын кӕнын дӕр нал хъӕуы. О, фӕлӕ сӕ царды спайда кӕнын зындӕр у. Хорз уаид, ацы сӕртӕ лӕмбынӕг куы бакӕсис ӕмӕ сыл арф куы ахъуыды кӕнис. Уадз, Йесо цы хъуыдытӕ загъта, уыдон ахъаз фӕуӕнт дӕ зондахастӕн дӕр ӕмӕ дӕ зӕрдӕйыуагӕн дӕр.

      17 Бӕгуыдӕр, Йесойы амындтӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ алыхуызон къордтыл ис адих кӕнӕн. Цӕй сӕ сӕйрагдӕрты сын афтӕ ахицӕн кӕнӕм, ӕмӕ дзы мӕйы мидӕг алы бон дӕр иу куыд ӕвзарӕм, стӕй царды дӕр уымӕ гӕсгӕ куыд архайӕм. Куыд? Афтӕ нӕ, ӕмӕ дзы алкӕцыйыл дӕр дӕ цӕст уӕлӕнгӕйтты ахӕссай. Ӕрхъуыды ма кӕн, Йесо Чырыстийы афтӕ чи бафарста, «цы мӕ кӕнын хъӕуы, цӕмӕй мыггагмӕйы цардӕй хайджын уон?», зӕгъгӕ, уыцы хъӕздыг хицауы. Йесо йын Хуыцауы Закъоны ахсджиаг домӕнтӕ йӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кодта, уӕд уый загъта, уыдон ӕз рагӕй дӕр кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы адӕймаг ӕмбӕрста, ноджыдӕр ма йӕ цыдӕр аразын кӕй хъуыди, уый. Йесо йӕ уымӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм фылдӕр ӕргом аздӕхтаид, ома суыдаид зынгзӕрдӕ ахуыргӕнинаг. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы адӕймагмӕ уый ӕгӕр бирӕ фӕкаст (Лукайы 18:18—23). Уӕдӕ абон Йесойы амындтӕ ӕцӕгӕй бамбарын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, уыцы амындтыл разы уын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын иу кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрай, ӕрмӕстдӕр уӕд ис удӕнцой ссарӕн.

      18. Бамбарын кӕн, куыд ис уӕлӕмхасӕн асыккӕй ӕнтыстджынӕй пайда кӕнӕн.

      18 Йесойы амындтӕм лӕмбынӕг ӕркӕсынӕн ӕмӕ сӕ царды пайда кӕнынӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн уӕлӕмхасӕн асыкк. Райдай фыццаг амындӕй. Уый амоны Матфейы 5:3—9-⁠ӕм стихтӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы стихты цы диссаджы уынаффӕ лӕвӕрд цӕуы, ууыл бирӕ ис хъуыды кӕнӕн. Фӕлӕ дзы иумӕйагӕй цавӕр хатдзӕг скӕнӕн ис адӕймаджы зӕрдӕйыуаджы тыххӕй? Кӕд дӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй дӕ царды уӕззау уаргъы бын ма фӕуай, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Хуыцауы хъуыддӕгтӕм фылдӕр ӕргом куы здахай ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр уыдоныл куы уой, уӕд дын уый куыд фӕахъаз уыдзӕн? Дӕ царды ахӕм хъуыддӕгтӕ ис, къаддӕр мӕт кӕнын кӕуыл хъӕуы ӕмӕ афтӕмӕй, дӕ уырнындзинад цӕуыл баст у, ууыл фылдӕр хъуыды кӕнай? Афтӕ куы бакӕнай, уӕд ныр дӕр уыдзынӕ амондджын.

      19. Цы дын баххуыс кӕндзӕн Йесойы амындтӕ хуыздӕр бамбарынӕн?

      19 Фӕлӕ ма ноджыдӕр ис цыдӕр саразӕн. Зӕгъӕм, уыцы стихтыл аныхас кӕнӕн ис Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй искӕимӕ: дӕ цардӕмбалимӕ, де ’ввахс хионимӕ, йе та де ’мбалимӕ (Ӕмбисӕндтӕ 18:24; 20:5). Хъуыды ма кӕныс, хъӕздыг хицау дӕр ахсджиаг хъуыддагӕй кӕйдӕр кӕй бафарста, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та Йесойы. Йесо йын цы дзуапп радта, уый йын лӕвӕрдта фадат, цӕмӕй амондджындӕр уыдаид ӕмӕ фидӕны та ӕнустӕм цардаид. Уыцы стихтыл кӕимӕ ныхас кӕнай, уыцы ӕфсымӕр кӕнӕ хо Йесойы ӕмсӕр кӕм уыдзӕн, фӕлӕ йын йӕ амындтыл иумӕ куы ныхас кӕнат, уӕд уын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн уӕ дыууӕйӕн дӕр. Уӕдӕ, цас гӕнӕн ис, уыйас тагъддӕр аныхас кӕн искӕимӕ.

      20, 21. Цавӕр пъланмӕ гӕсгӕ ис Йесойы амындтыл кусӕн ӕмӕ дын уыцы хъуыддаджы цас бантыст, уый куыд ис базонӕн?

      20 Ӕркӕс та уӕлӕмхасӕн асыккмӕ, «Ахъаз дын чи фӕуыдзӕн, ахӕм амындтӕ», зӕгъгӕ. Ацы амындтӕ афтӕ адих кодтам, ӕмӕ дзы алы бон дӕр иумӕ куыд уа лӕмбынӕг ӕркӕсӕн. Фыццаг уал бакӕс, стихты Йесо цы загъта, уый. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн йӕ ныхӕстыл ӕмӕ сӕ дӕ царды спайда кӕнӕн куыд ис, ууыл. Кӕд нырмӕ дӕр афтӕ кодтай, уӕд та ахъуыды кӕн, цӕмӕй уыцы амындмӕ гӕсгӕ цӕрай, уый тыххӕй ма ноджыдӕр цы у дӕ бон саразын. Ӕнӕхъӕн боны дӕргъы архай уыцы амындмӕ гӕсгӕ. Кӕд ын йӕ хъуыды дзӕбӕх не ’мбарыс, йе та дзы куыд спайда кӕнай, уый нӕ зоныс, уӕд дыккаг бон дӕр кус уыцы амындыл. Ӕрмӕст афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ цалынмӕ уыцы амындӕй мӕ царды арӕхстджынӕй нӕ пайда кӕнон, уӕдмӕ мын нӕй иннӕмӕ ахизӕн. Уый фӕстӕ бон та ӕркӕс иннӕ амындмӕ. Къуырийы кӕрон ахъуыды кӕн, Йесойы амындтӕй цыппар кӕнӕ фондзыл кусгӕйӕ дын цы бантыст, ууыл. Афтӕ бацархай дыккаг къуыри дӕр, алы бон дӕр ног амындыл кусгӕйӕ. Кӕд уыныс, ӕмӕ кӕцыдӕр амындмӕ гӕсгӕ архайын дӕ къухы не ’фты, уӕддӕр дӕхи ма ауадз. Иу чырыстон дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ йын алцыдӕр иттӕг хорз уайа (2 Паралипоменон 6:36; Псалом 129:3; Екклесиаст 7:20; Иаковы 3:8). Уыцы амындтӕм гӕсгӕ архай ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм къуыри дӕр.

      21 Иу мӕй кӕнӕ мӕймӕ ӕввахс куы рацӕуа, уӕдмӕ дын, чи зоны, бантыса 31 амындыл бакусын. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр дӕхи куыд хатдзынӕ? Амондджындӕр ӕмӕ уӕнгрогдӕр нӕ уыдзынӕ? Уыцы хъуыддаджы дын гыццыл исты куы бантыса, уӕддӕр ды хатдзынӕ, де ’онг кӕй фӕрогдӕр йе та дӕ зындзинӕдтыл къаддӕр мӕт кӕнын кӕй сахуыр дӕ; стӕй зондзынӕ, дарддӕр дӕ куыд архайын хъӕуы, уый дӕр. Ма дӕ ферох уӕд, цӕмӕ ӕркастыстӕм, Йесойы ахадгӕ амындтӕ ууыл кӕй нӕ фесты. Хорз нӕ уаид, ахӕм уынаффӕтӕ Библийы дӕхӕдӕг дӕр куы ссарис ӕмӕ сӕ царды спайда кӕныныл куы бацархаис? (Филиппӕгтӕм 3:16).

      22. Йесойы амындтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын уый цы пайда хӕсдзӕн ӕмӕ ма нӕ ноджыдӕр цӕмӕ хъӕуы ӕркӕсын?

      22 Куыд федтай, афтӕмӕй кӕд Йесойы ӕфсондз бынтон рог нӕу, уӕддӕр уый у хорз. Йӕ амындтӕм гӕсгӕ цӕрын у ӕнцон, йӕ ахуыргӕнинаджы уаргъ та — рог. Апостол Иоанн, Йесойы ӕввахс хӕлар, уыцы ӕфсондз хаста 60 азӕй фылдӕр, ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Хуыцауы уарзын уый у, цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ; ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты» (1 Иоанны 5:3). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у ууыл фидарӕй ӕууӕндын. Цас зӕрдиагдӕрӕй архайай Йесойы амындтӕм гӕсгӕ, уыйас хуыздӕр ӕмбардзынӕ, абон бирӕты цард афтӕ тыхст цӕмӕй у, уыдӕттӕ дын де ’онг афтӕ тынг кӕй нал марынц, уый. Уӕд ды ссардзынӕ ӕцӕг удӕнцой (Псалом 33:9). Фӕлӕ ма нӕ Йесойы ӕнцонхӕссӕн ӕфсондзы тыххӕй хъӕуы ноджы цыдӕртӕ базонын. Йесо ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, ӕз дӕн «сабыр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕн». Йесо ахӕм кӕй уыд, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уымӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕзмӕм? Уый тыххӕй базондзыстӕм иннӕ статьяйы (Матфейы 11:29, НФ).

  • «Сахуыр ут мӕнӕй»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 январь
    • «Сахуыр ут мӕнӕй»

      «Сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл, ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй: цӕмӕйдӕриддӕр Ӕз сабыр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕн дӕн; ӕмӕ ссардзыстут уӕ удтӕн ӕнцойад» (МАТФЕЙЫ 11:29, НФ).

      1. Йесойӕ ахуыр кӕнын адӕймагӕн ӕхсызгон цӕмӕй у ӕмӕ йын амонд куыд хӕссы?

      ЙЕСО ЧЫРЫСТИ хъуыды куыд кодта ӕмӕ иннӕты цӕуыл ахуыр кодта, афтӕ арӕзта йӕхӕдӕг дӕр. Уый зӕххыл бирӕ рӕстӕг нӕ фӕци, фӕлӕ уыцы цыбыр рӕстӕджы лӕуд уыди тынг ахсджиаг, зӕрдӕ кӕмӕй ради, ахӕм хъуыддаджы, ӕмӕ уый фӕрцы уыди амондджын. Йесойӕн уыдис ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ сын амыдта, Хуыцауӕн куыд кувын хъӕуы, адӕмы куыд уарзын хъӕуы ӕмӕ дунейы ныхмӕ фидар лӕууӕн куыд ис, уый (Иоанны 16:33). Сӕ зӕрдӕты сын бауагъта ныфс ӕмӕ сын «равдыста цард ӕмӕ ӕнӕмбийындзинад хорз уацхъуыды сӕрты» (2 Тимофеймӕ 1:10). Кӕд ды дӕр дӕхи йӕ ахуыргӕнинагыл нымайыс, уӕд дӕумӕ гӕсгӕ ахуыргӕнинаг уай, уый цы нысан кӕны? Уый фӕдыл Йесо йӕхӕдӕг цы загъта, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд базондзыстӕм, нӕ цард фӕхуыздӕр кӕнӕн куыд ис, уый. Уый тыххӕй мах хъӕуы, цардмӕ уый цы цӕстӕй касти, ахӕм цӕстӕй кӕсын ӕмӕ цы сӕйраг амындтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын (Матфейы 10:24, 25; Лукайы 14:26, 27; Иоанны 8:31, 32; 13:35; 15:8).

      2, 3. а) Кӕмӕй ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Йесойы ахуыргӕнинаг у? ӕ) Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕхимӕ ахӕм фарст радтын, цымӕ ӕз та кӕй ахуыргӕнинаг дӕн?

      2 Чырыстон Грекъаг Фыстыты дзырд «ахуыргӕнинаг» амоны, кӕйдӕр зондыл чи цӕуы, кӕнӕ кӕмӕйдӕр чи ахуыр кӕны, ахӕм адӕймагмӕ. Ацы дзырд равзӕрд, нӕ статьяйы сӕйраг стихы — Матфейы 11:29-ӕм стихы — цы мивдисӕг ӕмбӕлы, уымӕй. Уым дзырдӕуы: «Сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл, ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй: цӕмӕйдӕриддӕр Ӕз сабыр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕн дӕн; ӕмӕ ссардзыстут уӕ удтӕн ӕнцойад». О, ахуыргӕнинаг уый у, ӕмӕ ахуыр чи кӕны. Евангелиты дзырд «ахуыргӕнинаг» сӕйраджыдӕр хауы Йесойы ӕввахс фӕдылдзӕуджытӕм, куы хъусын кодта, уӕд ӕдзухдӕр йемӕ чи уыд ӕмӕ йын йӕ амындтӕм чи хъуыста, уыдонмӕ. Фӕлӕ уыди ахӕмтӕ дӕр, ӕмӕ Йесо цӕуыл ахуыр кодта, ууыл ӕнӕуи, хаттӕй-хатт сусӕгӕй дӕр, чи ӕууӕндыд (Лукайы 6:17; Иоанны 19:38). Евангелитӕ чи фыста, уыдон ма кӕнынц «[Аргъауӕг] Иоанны ӕмӕ фарисейты ахуыргӕнинӕгты» кой дӕр (Маркы 2:18). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста, «цӕмӕй сӕхи хъахъхъӕдтаиккой... фарисейты... ахуырадӕй», ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ алчидӕр ахъуыды кӕнӕд, цымӕ ӕз та кӕй ахуыргӕнинаг дӕн, зӕгъгӕ? (Матфейы 16:12).

      3 Кӕд Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ стӕм, уӕд иннӕтӕн хъуамӕ се ’онг рогдӕр кӕнӕм. Нӕ цуры уӕвгӕйӕ, уыдон хъуамӕ уыной, сабырдӕр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕндӕр кӕй систӕм, уый. Кӕд кӕм кусӕм, уым цыдӕр бынат ахсӕм, кӕд нын ис сывӕллӕттӕ, йе та чырыстон ӕмбырды цӕстдарджытӕ стӕм, уӕд нӕ бӕрны чи ис, уыдон хатынц, Йесо, йӕ бӕрны чи уыд, уыдоныл куыд аудыдта, мах дӕр сыл афтӕ кӕй аудӕм?

      Цавӕр ахаст уыди Йесойӕн адӕммӕ

      4, 5. а) Йесо тыхст адӕммӕ цы цӕстӕй касти, уый бамбарын зын цӕуылнӕ у? ӕ) Йесо фарисеймӕ сихор хӕрынмӕ куы бацыд, уӕд дзы цы хабар ӕрцыд?

      4 Мах хъӕуы зонын, Йесо адӕммӕ, уӕлдайдӕр та стыр зындзинӕдтӕ кӕмӕн уыди, уыдонмӕ цы цӕстӕй каст, уый. Уый зын бамбарӕн нӕу. Библийы фыст ӕрцыд, Йесо ӕнӕнхъӕлӕджы адӕмыл куы ӕмбӕлд, бирӕ ахӕм цаутӕ. Уыцы адӕмӕй бирӕтӕ уыдысты тынг ӕфхӕрд ӕмӕ зӕрдӕсаст. Ӕркӕсӕм, ахӕм тыхст адӕммӕ дины разамонджытӕ, уӕлдайдӕр та фарисейтӕ, цы цӕстӕй кастысты, уымӕ дӕр. Мах фендзыстӕм, Йесо ӕмӕ фарисейты ахаст, арв ӕмӕ зӕхх кӕрӕдзийӕ куыд хицӕн кӕнынц, афтӕ кӕй хицӕн кодта.

      5 Н. э. 31 азы, Йесо Галилейы бӕсты уацамындон балцы куы уыд, уӕд «фарисейтӕй... чидӕр [Йесойы] хуыдта йӕхимӕ хӕрынмӕ» (НФ). Йесо ӕнӕрахъуыды-бахъуыдыйӕ сразы. Ӕмӕ «бацӕугӕйӕ фарисейы хӕдзармӕ, ӕрбадт. Ӕмӕ мӕнӕ, сылгоймаг уыцы сахарӕй, кӕцы уыд тӕригъӕдджын, базонгӕйӕ, Уый кӕй бады фарисейы хӕдзары, ӕрхаста алебастрӕй мигӕнӕн, хорз тӕфгӕнаг мироимӕ; ӕмӕ ӕрлӕууыд фӕстейы Йӕ къӕхты раз кӕугӕйӕ, йӕ цӕстысыгтӕй хуылыдз кодта Уый къӕхтӕ ӕмӕ сӕ сӕрфта йӕ дзыккутӕй, ӕмӕ Йӕ къӕхтӕн пъатӕ кодта, ӕмӕ сӕ сӕрста хорз тӕфгӕнаг миройӕ» (Лукайы 7:36—38).

      6. «Тӕригъӕдджын» сылгоймагӕн йӕ бон куыд уыди фарисейы хӕдзармӕ бацӕуын?

      6 Дӕ бон у уыцы ныв дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? Иу бӕрӕгуаты дзырдӕуы: «Уыцы сылгоймаг (37 ст.) спайда кодта, мӕгуыртӕн ахӕм бадтмӕ фынджы уӕлдӕйттӕй сӕхи афсадынмӕ бацӕуыны бар кӕй уыдис, уыцы ӕгъдауӕй». Ныр ӕмбарӕм, ӕнӕхуынд уазӕгӕн йӕ бон уырдӕм бацӕуын куыд уыд, уый. Ӕвӕццӕгӕн ма дзы уыдис, фынджы уӕлдӕйттӕй сӕмбырд кӕнынмӕ чи бацыд, ӕндӕр ахӕм адӕймӕгтӕ дӕр. Фӕлӕ ацы сылгоймаг куыддӕр ӕнахуыр дардта йӕхи. Уый фӕрсырдыгӕй нӕ каст, уазджытӕ хӕрд кӕд фӕуыдаиккой, уымӕ. Адӕмы ’хсӕн ын хорз ном нӕ уыд, «тӕригъӕдджынӕй» йӕ зыдтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта, «йӕ бирӕ тӕригъӕдтӕ» йын кӕй зыдта, уый (Лукайы 7:47).

      7, 8. а) Лукайы 7:36—38-⁠ӕм стихты цы уавӕры кой цӕуы, ахӕм уавӕры бахаугӕйӕ, нӕхи куыд дардтаиккам? ӕ) Куыд дардта йӕхи Симон?

      7 Зӕгъӕм, ды дӕр цӕрыс уӕды заманы ӕмӕ Йесойы бынаты дӕ. Цымӕ дӕхи куыд дарис? Уыцы сылгоймаг дӕумӕ куы бацӕуид, уӕд дӕм хъыг фӕкӕсид? Дӕхи куыд хатис? (Лукайы 7:45). Дӕхимидӕг хъуыды кӕнис, куыд мыл бандзӕвыд, йӕ ныфс куыд бахаста?

      8 Йе та, зӕгъӕм, ды дӕ иннӕ хуынд уазджытӕй иу. Фарисей Симоны сӕры цы хъуыдытӕ зилдух кодтой, дӕумӕ дӕр, мыййаг, ахӕм хъуыдытӕй исты фӕзынид? «Фенгӕйӕ уый, чи Йӕ [Йесойы] ӕрбахуыдта уыцы фарисей йӕхимидӕг загъта: Уый пехуымпар куы уаид, уӕд зонид, чи ӕмӕ цавӕр сылгоймаг ныдзӕвы Уымӕ, уымӕн ӕмӕ уый у тӕригъӕдджын» (Лукайы 7:39). Симонӕй хъауджыдӕр Йесомӕ та хъардта адӕймаджы рис. Уый ӕмбӕрста сылгоймаджы уавӕр, фӕхатыд, йӕхимидӕг куыд тыхст, уый. Тӕригъӕдджын цард кӕнын куыд ӕмӕ цӕмӕн райдыдта, уый тыххӕй ницы дзырдӕуы. Фӕлӕ кӕд ӕцӕгдӕр хъахбай сылгоймаг уыди, уӕд сахары нӕлгоймӕгты, дингӕнӕг иудейты, ай-гъай дӕр нӕ фӕндыд уымӕн баххуыс кӕнын.

      9. Йесо цы сарӕзта ӕмӕ уый, чи зоны, цӕмӕн фӕци ахъаз?

      9 Фӕлӕ Йесойы фӕндыд сылгоймагӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ йын загъта: «Хатыргонд сты дӕ тӕригъӕдтӕ». Стӕй ма йӕ ныхасмӕ ноджыдӕр бафтыдта: «Дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта; цу фарнимӕ» (Лукайы 7:48—50). Ууыл фӕци ацы радзырд. Чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Йесо уыцы сылгоймагӕн уадиссагӕй ницы сарӕзта. Ӕцӕгӕй та йӕ Йесо арвыста йӕ хорзӕхимӕ. Дӕумӕ гӕсгӕ ма уый фӕстӕ уыцы сылгоймаг йе ’намонд цардмӕ аздӕхтаид? Уый тыххӕй нӕ бон бӕлвырд ницы у зӕгъын, фӕлӕ нӕ хъус ӕрдарӕм, Лука дарддӕр цы зӕгъы, уымӕ. Йӕ радзырдмӕ гӕсгӕ, Йесо «зылди сахартыл ӕмӕ хъӕутыл, амыдта ӕмӕ хорз уацхъуыд дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй». Лука ма ноджыдӕр дзуры, зӕгъгӕ, Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уыди «иу къорд устытӕ дӕр» ӕмӕ сын уыдон «лӕггад кодтой... сӕ исӕй». Чи зоны, се ’хсӕн уыди, чи ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Йесойы хорздзинад чи нӕ ферох кодта, уыцы сылгоймаг дӕр; ныр уый цард, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цыд, афтӕ, йӕ цӕсгом уыд сыгъдӕг, йӕ цардӕн уыд нысан ӕмӕ ныр ноджы тынгдӕр уарзта Хуыцауы (Лукайы 8:1—3, НФ).

      Цӕмӕй хицӕн кодта Йесо фарисейтӕй

      10. Йесо Симоны хӕдзары куы уыд, уӕд цы хабар ӕрцыд, уымӕ ӕркӕсын нын ахъаз цӕмӕн уыдзӕн?

      10 Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны ацы ирд цау? Нӕ нын агайы нӕ зӕрдӕ? Ды дӕр Симоны хӕдзары куы уыдаис, уӕд куыд хатыдаис дӕхи? Йесойӕн цавӕр ахаст уыди, ахӕм ахаст дын уыдаид, ӕви хӕдзары хицау фарисейау стыхстаис? Йесо Хуыцауы Фырт уыди, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уый куыд иста адӕмы рис йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ куыд архайдта, бынтон афтӕ махӕн нӕ бон нӕу. Фӕлӕ фарисей Симоны хуызӕн уӕм, уый дӕр нӕ нӕ фӕнды. Кӕй бафӕнддзӕн йӕхицӕй раппӕлын, ӕз фарисей дӕн, зӕгъгӕ?

      11. Цӕуылнӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй фарисейты хуызӕн уӕм?

      11 Библи дӕр ӕмӕ ӕнӕуи ӕрмӕджытӕ дӕр куыд бӕлвырд кӕнынц, афтӕмӕй фидарӕй зӕгъӕн ис, фарисейтӕ сӕ сӕр ӕгӕр бӕрзӕндты кӕй хастой, цыма ӕхсӕнад ӕмӕ ӕгас нацийы фарн дӕр уыдонӕй кӕнгӕ уыд, уыйау. Уыдон разы нӕ уыдысты, Хуыцауы Закъоны зынӕмбарӕнӕй кӕй ницы уыди, ууыл. Закъоны сӕм афтӕ цы каст, ӕмӕ йӕ хуыздӕр бамбарын кӕнын хъӕуы, уымӕ-иу сӕхицӕй бафтыдтой бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ, ӕмӕ ма адӕймагӕн, йӕ намыс ын куыд дзуры, афтӕ исты сарӕзтаид, уый фадат ын нал уыди. Уыцы дины разамонджытӕ архайдтой цыфӕнды хъуыддаг, суанг хӕрз гыццыл хъуыддӕгты фӕдыл дӕр, уагӕвӕрдтӕ ӕрӕмысынылa.

      12. Фарисейтӕ сӕхи тыххӕй цы хъуыды кодтой?

      12 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттаг историк Иосиф Флавий куыд фыста, афтӕмӕй фарисейтӕ сӕхи нымадтой тынг хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕн, ӕнӕхӕрам адӕймӕгтыл, афтӕ сӕм каст, цыма иттӕг хорз ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕс. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ иуӕй-иутӕ ӕцӕгдӕр уыдысты ахӕмтӕ. Зӕгъӕм, Никодим, чи зоны йӕ хъуыды кӕныс (Иоанны 3:1, 2; 7:50, 51). Куыд фӕстагмӕ дзы чидӕртӕ слӕууыд чырыстон фӕндагыл (Куыстытӕ 15:5). Чырыстон апостол Павел фыста иуӕй-иу иудейты тыххӕй, уыдонмӕ хаудтой фарисейтӕ дӕр: «Сӕхи тыхджын... хъарынц Хуыцауы ’рдӕм, фӕлӕ хъуыддаг нӕ равзаргӕйӕ» (Ромӕгтӕм 10:2, НФ). Фӕлӕ Евангелиты ӕвдыст сты, хуымӕтӕг адӕмы цур цыхуызӕн уыдысты, ахӕмтӕй: сӕрбӕрзонд, ӕнӕрвӕссон, сӕхицӕй растдӕр никӕй ӕнхъӕлдтой, алкӕуыл ӕвӕрдтой фаутӕ, алкӕуыл кодтой тӕрхон ӕмӕ иннӕтыл ӕппынӕдзухдӕр хӕцыдысты дӕлӕмӕ.

      Цы хъуыды кодта Йесо

      13. Йесо фарисейты тыххӕй цы загъта?

      13 Йесо хурмӕ хаста чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты цӕстмӕхъус митӕ. «Бӕттынц уӕззау ӕмӕ зынхӕссӕн уӕргътӕ ӕмӕ сӕ ӕвӕрынц адӕмы уӕхсчытыл, сӕхи та сӕ ӕнгуылдзӕй дӕр фезмӕлын кӕнын нӕ фӕнды». О, адӕмыл цы уаргъ сӕвӕрдтой, уый уыди уӕззау, сӕ ӕфсондз та дӕрзӕг. Йесо чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты схуыдта «ӕнӕзӕндтӕ». Ӕнӕзонд та адӕмӕн ӕвзӕр йеддӕмӕ хорзӕй ницы хӕссы. Йесо ма чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейты схуыдта «куырм разамонджытӕ» дӕр ӕмӕ загъта, уыдон кӕй «ферох кодтой Закъоны ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ: рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад» (НД). Кӕй фӕнды, ӕмӕ йӕ Йесо фарисейыл нымайа? (Матфейы 23:1—4, 16, 17, 23).

      14, 15. а) Йесо Матфей Левимӕ цы цӕстӕй каст, уымӕй фарисейты тыххӕй цы ис базонӕн? ӕ) Цӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы цауӕй?

      14 Евангелитӕ чи кӕса, уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕ фӕуыдзӕн, фарисейтӕн сӕ фылдӕрӕн искӕй ӕфхӕрын, фау хӕссын сӕ туджы кӕй уыди, уый. Йесо хъалонисӕг Матфей Левимӕ куы ӕрсидт, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинаг суыдаид, уӕд уый Йесойӕн скодта стыр куывд. Евангелийы дзырдӕуы: «Чиныджы дӕснытӕ та ӕмӕ фарисейтӕ уайдзӕфтӕ кодтой, ӕмӕ дзырдтой Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: сымах хъалонисджытимӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ цӕмӕн хӕрут ӕмӕ нуазут? Фӕлӕ сын Йесо загъта дзуапп: [...] Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстыты фӕсмон кӕнынмӕ сидыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынты» (Лукайы 5:27—32, НФ).

      15 Леви ма Йесойы ныхӕстӕй бамбӕрста ноджыдӕр иу цыдӕр, зӕгъгӕ, «ацӕут, раздӕр сахуыр ут, цы амоны: „нывонд нӕ, фӕлӕ Мӕ хорзӕх хъӕуы“» (Матфейы 9:13). Кӕд фарисейтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дзуттаг пехуымпарты фыстытыл ӕууӕндӕм, уӕддӕр Осийы 6:6-ӕм стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ архайдтой. Раст кӕй нӕ кӕнынц, уый-иу кӕд ӕмбӕрстой, уӕддӕр сын сӕйрагдӕр уыди, сӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттыл фидар кӕй хӕцыдысты, уый. Уӕдӕ нӕ алчидӕр йӕхимӕ радтӕд фарст: цавӕрдӕр уагӕвӕрдтӕ, зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕхимӕ куыд кӕсы раст, йе та адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд хъуыды кӕнынц, уый ӕппӕтӕй ахсджиагдӕр кӕмӕн у, ахӕм адӕймагӕй мӕ зонынц ӕви фыццаджыдӕр тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ адӕймагӕй?

      16. Фарисейтӕ сӕхи куыд дардтой ӕмӕ цӕмӕй уыдон хуызӕн ма уӕм, уый тыххӕй нӕ нӕхи цӕмӕй хизын хъӕуы?

      16 Ай дӕр нӕ бӕззы, уый дӕр нӕ бӕззы, уый дӕр нӕу раст. Ахӕм уыд фарисейты зондахаст. Уыдон алцӕй мидӕг дӕр уыдтой хъӕндзинад, ӕцӕгӕй уыдаид ӕви нӕ, уӕддӕр. Адӕм сӕм ӕдзух ӕнхъӕлмӕ кастысты, мӕнӕ та нын нӕ рӕдыдтытӕ нӕ цӕстмӕ бадардзысты, зӕгъгӕ. Фарисейтӕ сӕхицӕй буц уыдысты, алы гыццыл кӕрдӕджы халӕй дӕр, зӕгъӕм: битъынайӕ, хъонтхорайӕ ӕмӕ зирӕйӕ дӕсӕм хай кӕй лӕвӕрдтой, уымӕй. Сӕ дарӕсӕй дӕр сӕ уый зӕгъын фӕндыд, зӕгъгӕ, Хуыцау мах хуызӕн никӕй уырны; адӕмы та хӕрдмӕ скӕсын дӕр нӕ уагътой. Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, Йесо куыд кодта, афтӕ кӕнын, уӕд нӕхи хъуамӕ хизӕм иннӕтӕм хъӕндзинӕдтӕ агурынӕй ӕмӕ сын сӕ рӕдыдтытӕм амонынӕй.

      Йесо зын хъуыддӕгтӕ куыд лыг кодта?

      17—19. а) Бамбарын кӕн, Йесо зын хъуыддаг куыд алыг кодта, уый. ӕ) Уавӕр афтӕ мӕстаг ӕмӕ хъыгаг цӕмӕн уыди? б) Сылгоймаг Йесойыл куы андзӕвыд, уӕд ды дӕр уым куы уыдаис, уӕд дӕхи куыд дардтаис?

      17 Йесо зын хъуыддӕгтӕ куыд лыг кодта, уымӕй тынг хицӕн кодта фарисейтӕй. Ӕркӕсӕм, иухатт тынг уӕззау уавӕры Йесо цы сарӕзта, уымӕ. Дзырд цӕуы, 12 азы дӕргъы туг кӕмӕй цыди, уыцы сылгоймагыл. Уый тыххӕй бакӕсӕн ис Лукайы 8:42—48-ӕм стихты.

      18 Маркы Евангелийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, сылгоймаг Йесомӕ бацыди «тӕрсгӕ-ризгӕйӕ» (Маркы 5:33, НФ). Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцауы Закъоны сӕрты кӕй ахызти, уый. Левиты 15:25—28-ӕм стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ сылгоймагӕй йӕ афонӕй уӕлдай ӕндӕр рӕстӕг туг куы цыдаид, уӕд цалынмӕ туг йӕ цӕуынӕй нӕ банцадаид, уӕдмӕ ӕмӕ ма уый фӕстӕ ноджыдӕр иу къуыри нымад уыди чъизийыл. Цы дзаумамӕ-иу бавнӕлдта ӕмӕ-иу цы адӕймагыл андзӕвыд, уый дӕр-иу нымад уыди чъизийыл. Цӕмӕй Йесойы цурмӕ бафтыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди адӕмы ’хсӕнты бахъуызын. Уыцы цауӕй ныр 2 000 азы бӕрц рацыд ӕмӕ йыл мах абон куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд хорз ӕмбарӕм, куыд зын ын уыди, уый.

      19 Фӕлӕ ды дӕр уыцы ран куы уыдаис, уӕд дын цавӕр ахаст уыдаид уыцы цаумӕ? Цы загътаис? Дӕ хъус ма ӕрдар, Йесо уыцы сылгоймагмӕ хӕларзӕрдӕ кӕй уыди ӕмӕ фӕлмӕнӕй кӕй ныхас кодта йемӕ. Цы зындзинӕдтӕ йын, гӕнӕн ис, ӕмӕ скодтаид, уый йын йӕ цӕстмӕ дӕр кӕй нӕ бадардта, уымӕ (Маркы 5:34).

      20. Левиты 15:25—28-⁠ӕм стихты цы закъон фыст ис, уый абон йӕ тыхы куы уаид, уӕд нын ӕнцон цы нӕ уаид?

      20 Истӕуыл ахуыр кӕнӕм ацы цауӕй? Зӕгъӕм, ды дӕ чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг. Ӕмӕ, зӕгъӕм, Левиты 15:25—28-ӕм стихты цы закъон фыст ис, уый ӕххӕст кӕнын хъӕуы абоны чырыстӕттӕн ӕмӕ ӕмбырды иу сылгоймаг, йӕ сӕрӕн ӕндӕр кӕй ницыуал зыдта, уымӕ гӕсгӕ ахызт уыцы закъоны сӕрты. Цы бакӕнис ахӕм уавӕры? Дӕ уайдзӕфтӕй йӕ адӕмы цӕсты бафтауис? «Нӕ,— зӕгъдзынӕ ды,— ӕз афтӕ никуы бакӕнин! Йесойау ӕз дӕр ӕппӕтдӕр саразин, цӕмӕй уон хӕларзӕрдӕ, зӕрдиагӕй йыл аудон ӕмӕ йӕ бамбарон». Иттӕг хорз! Фӕлӕ хъуыддаг дӕр уый мидӕг ис, ӕмӕ Йесойы фӕзмын ӕнцон кӕй нӕу.

      21. Йесо адӕмӕн Закъоны тыххӕй цы амыдта?

      21 Йесойы фарсмӕ адӕм сӕхи хатыдысты уӕнгрог, зӕрдӕхъӕлдзӕг ӕмӕ ныфсджындӕр. Хуыцауы Закъон бӕлвырд хъуыддагмӕ кӕм хауд, уым ӕй ӕмбарын хъуыди, фыст куыддӕриддӕр уыди, афтӕ. Куыд сӕ кӕнын хъуыди, уый комкоммӕ кӕм нӕ дзырдта, уым та алкӕйдӕр фылдӕр архайын хъуыди йӕ намысмӕ гӕсгӕ ӕмӕ афтӕмӕй сӕ бон равдисын уыди, Хуыцауы кӕй уарзтой, уый. Иудзырдӕй, Закъон адӕмӕн сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ нӕ баста (Маркы 2:27, 28). Хуыцау уарзта йӕ адӕмы, ӕдзухдӕр архайдта, куыд хуыздӕр сын уыдаид, ууыл, куы-иу фӕкалдысты, уӕд та-иу сӕм уыди фӕлмӕнзӕрдӕ. Раст ахӕм уыди Йесо дӕр (Иоанны 14:9).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын