-
«Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 мартъи
-
-
5. Фӕсномыг ныхасы знаг чи у ӕмӕ кӕмӕ амоны хӕмпӕлгӕрдӕг?
5 Чи у знаг ӕмӕ кӕмӕ амоны хӕмпӕлгӕрдӕг? Йесо загъта, знаг кӕй у «Хӕйрӕг», хӕпӕлгӕрдӕг та – «Фыдбылызы фырттӕ» (Матф. 13:25, 38, 39). Йесо цы хӕмпӕлгӕрдӕджы кой кодта, уый, ӕвӕццӕгӕн, у мӕгъӕлда. Ацы маргджын зайӕгой цалынмӕ нӕ сырӕзы, уӕдмӕ вӕййы мӕнӕуы хуызӕн. Уый амоны, йӕхи паддзахады фырттӕ чи хоны, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг кӕмӕн не сты, уыцы мӕнг чырыстӕттӕм. Уыдон сӕхи хонынц Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, фӕлӕ ӕцӕгӕй та сты Сайтан Хӕйрӕджы «байзӕддаджы» хай (Райд. 3:15).
-
-
«Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 мартъи
-
-
7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕг кӕй не сси?
7 Йесо афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕнӕу хӕмпӕлгӕрдӕг суыдзӕн, фӕлӕ хӕмпӕлгӕрдӕг мӕнӕуты ’хсӕн тыд кӕй ӕрцыд. Уымӕ гӕсгӕ ацы фӕсномыг ныхас нӕ амоны, раст дин чи ныууагъта, уыцы чырыстӕттӕм. Фӕлӕ амоны, Хӕйрӕг ууыл кӕй архайдта, цӕмӕй ӕмбырдмӕ ахӕм адӕмы бакодтаид, ӕмӕ чырыстӕтты зыгъуыммӕ зондыл сарӕзтаиккой. Иоанн, апостолтӕй фӕстаг, куы базӕронд, уӕд, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта, ахӕм адӕм сбирӕ сты (2 Пет. 2:1–3; 1 Иоан. 2:18).
-
-
«Рӕстгӕнджытӕ хурау тӕмӕнтӕ калдзысты»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 мартъи
-
-
Хуымгӕрдӕны афон
10, 11. а) Хуымгӕрдӕны афон кӕд райдыдта? ӕ) «Мӕнӕу» Йегъовӕйы хордонмӕ ’фснайд куыд цӕуы?
10 Йесо загъта: «Хуымгӕрдӕнтӕ сты ацы цардӕвӕрды кӕрон, хуымгӕрдджытӕ та – зӕдтӕ» (Матф. 13:39). Ацы цардӕвӕрды фӕстаг бонты Паддзахады фырттӕ ’взӕрст цӕуынц мӕнг чырыстӕтты ’хсӕнӕй ӕмӕ ’мбырдгонд цӕуынц иу ранмӕ. Апостол Петр дӕр загъта: «Ралӕууыд тӕрхоны сахат, ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй. Уӕдӕ кӕд уыцы тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд, Хуыцауы хорз хабары коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕн та сӕ кӕрон цы уыдзӕн?» (1 Пет. 4:17).
11 «Ацы цардӕвӕрды» фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр Хуыцау тӕрхон кӕнын райдыдта, йӕхи чырыстон чи хуыдта, уыдонӕн, цӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, «паддзахады фырттӕ» ӕмӕ сӕ «Фыдбылызы фырттӕ» чи сты, уый. Хуымгӕрдӕны райдианы «уал» фыццаг Хуыцау Стыр Вавилонӕн рахаста тӕрхон ӕмӕ «уый фӕстӕ та» ӕмбырдгонд ӕрцыдысты паддзахады фырттӕ (Матф. 13:30). Фӕлӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕдтӕ «мӕнӕу» Йегъовӕйы хордоны куыд ӕфснайынц? Паддзахады фырттӕй чи амард, уыдон сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райстой, зӕххыл сӕ чи баззад, уыдон та систы чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕ. Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц ӕмӕ сын уый дӕр арфӕ кӕны ӕмӕ сӕ хъахъхъӕны.
12. Хуымгӕрдӕны афон цас ахӕсдзӕн?
12 Тӕрхон цас рӕстӕг ахӕсдзӕн? Йесо цы хуымгӕрдӕны «афоны» кой кодта, уый цыбыр рӕстӕг нӕ вӕййы, фӕлӕ цасдӕр ахӕссы (Рарг. 14:15, 16). Сӕрст чырыстӕттӕ тӕрхонгонд цӕудзысты кӕроны рӕстӕджы, цалынмӕ сыл мыхуыр ӕвӕрд не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Рарг. 7:1–4).
-