Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 июль
    • 13. Раргомады 18:7 стихмӕ гӕсгӕ, чырыстон динтӕ ӕмӕ иннӕ мӕнг динтӕ кӕмӕй ӕвдыст сты, уыцы хӕтаг сылгоймаг, кӕнӕ Стыр Вавилон, абон йӕхи куыд дары?

      13 Ӕртыккаг: сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн. Зӕдтӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй куыристӕ куы скӕной, уӕд цы ӕрцӕудзӕн? Йесо хӕмпӕлгӕрдӕгимӕ кӕй абарста, уыдон уӕд цы уавӕры уыдзысты, уый тыххӕй загъта: «Уырдыгӕй цӕудзӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын [комк. «дӕндӕгты къӕс-къӕс»]» (Матф. 13:42). Цымӕ уыцы хабар ныртӕккӕ цӕуы? Нӕ. Чырыстон динтӕ сты, Раргомады 18 сӕры хӕтаг сылгоймагӕй ӕвдыст чи сты, уыцы мӕнг динтӕй. Ӕмӕ уыцы хӕтаг сылгоймаг та ныр дӕр ма йӕхицӕй афтӕ дзуры: «Ӕз бадын паддзахау, идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст никуы фендзынӕн» (Рарг. 18:7). Ӕцӕгдӕр, чырыстон динтӕ сӕхи тынг барджынтыл нымайынц. Суанг ма ууыл дӕр архайынц, цӕмӕй «паддзахау» дунейы хицӕуттыл сӕ бар цӕуа. Уӕдӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы къордмӕ чи хауы, уыдон абон кӕугӕ нӕ кӕнынц, фӕлӕ сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссынц. Фӕлӕ тагъд уавӕр цӕхгӕр фӕивдзӕн.

      Чырыстон динтӕн хицӕуттимӕ цы ӕнгом бастдзинад ис, уымӕн тагъд кӕрон ӕрцӕудзӕн (кӕс 13 абзац)

      14. а) Мӕнг динтыл хӕст адӕмӕн сӕ «дӕндӕгты къӕс-къӕс» кӕд цӕудзӕн ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Матфейы 13:42 ныр куыд ӕмбарын кӕнӕм, уый Псаломы 112:10 стихмӕ гӕсгӕ раст цӕмӕн у? (Кӕс фиппаинаг.)

      14 Стыр бӕллӕхы рӕстӕджы мӕнг динтӕ иууылдӕр сӕфт куы ӕрцӕуой, уӕд уыцы динтыл хӕст адӕм сӕ сӕр ӕфснайынмӕ фӕуыдзысты (Лук. 23:30; Рарг. 6:15–17). Фӕлӕ сын фервӕзӕн кӕй нӕй, уый куы бамбарой, уӕд иуӕй сӕ кӕуын цӕудзӕн, иннӕмӕй та фырмӕстӕй цӕудзӕн сӕ «дӕндӕгты къӕс-къӕс». Чырысти стыр бӕллӕхы тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уымӕ гӕсгӕ уыцы рӕстӕг уыдон «ныхъхъарӕг кӕндзысты ӕмӕ сӕ риу ныххойдзысты»e (Матф. 24:30; Рарг. 1:7).

      15. Хӕмпӕлгӕрдӕгӕн цы бакӕндзысты ӕмӕ уыцы хабар кӕд ӕрцӕудзӕн?

      15 Цыппӕрӕм: судзгӕ пецы ӕппӕрст ӕрцӕудзысты. Хӕмпӕлгӕрдӕджы куыристӕ цы фӕуыдзысты? Зӕдтӕ сӕ «судзгӕ пецы баппардзысты» (Матф. 13:42). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ бынтондӕр фесӕфдзысты, ницыуал сӕ баззайдзӕн. Уӕдӕ мӕнг динтыл хӕст адӕм сӕфт ӕрцӕудзысты стыр бӕллӕхӕн йӕ фӕстаг хайы рӕстӕджы – Армагеддоны (Мал. 4:1).

  • «Ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 15 июль
    • e 14 абзац: Матфейы 13:42 стих раздӕр ӕндӕрхуызон ӕмбарын кодтам. Нӕ литературӕйы фыстам, зӕгъгӕ, мӕнг чырыстӕттӕн «сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс» бирӕ азты дӕргъы цӕуы, ӕмӕ сӕ хабар афтӕ уымӕн у, ӕмӕ «паддзахады фырттӕ» ӕргом кӕнынц, мӕнг чырыстӕттӕ «Фыдбылызы фырттӕ» кӕй сты (Матф. 13:38). Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Библийы дзырдбаст «дӕндӕгты къӕс-къӕс» ӕмбӕлы, сӕфт чи ӕрцӕудзӕн, уыдоны кой кӕм ис, уым (Пс. 112:10).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын