Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Нӕ йӕ зоныс, кӕм сзайдзӕн, уый!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 15 июль
    • Фӕсномыг ныхас хызы тыххӕй

      15, 16. а) Цыбыртӕй радзур фӕсномыг ныхас хызы тыххӕй. ӕ) Цӕмӕ амоны хыз ӕмӕ, Паддзахады хъуыддаг куыд рӕзы, уый фӕдыл ма Йесо цавӕр хъуыддаджы кой ракодта?

      15 Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ нымӕцӕй цас сты, уый афтӕ ахсджиаг нӕу. Ахсджиагдӕр у, аккаг сты ӕви нӕ, уый. Паддзахад куыд рӕзы ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ аккаг сты ӕви нӕ, уымӕ Йесо бацамыдта йӕ фӕсномыг ныхасы хызы тыххӕй. Мӕнӕ цы загъта: «Уӕларвон паддзахад ма абарӕн ис, денджызы кӕй баппӕрстой ӕмӕ алыхуызон кӕсӕгтӕ кӕмӕй ӕрцахстой, ахӕм хызимӕ» (Матф. 13:47).

      16 Хыз амоны хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагмӕ. Уыцы хызы бахауы алыхуызон кӕсӕгтӕ. Йесо йӕ ныхас адарддӕр кодта: «[Хыз] куы байдзаг, уӕд ӕй былмӕ раластой, ӕмӕ хорз кӕсаг мигӕнӕнты сӕмбырд кодтой, чи нӕ бӕззыд, уыдон та акалдтой. Раст афтӕ уыдзӕн ацы цардӕвӕрды кӕрон дӕр: зӕдтӕ ацӕудзысты ӕмӕ ӕвзӕргӕнджыты рӕстгӕнджыты ’хсӕнӕй равзардзысты, ӕмӕ сӕ судзгӕ пецы баппардзысты. Уырдыгӕй цӕудзӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын» (Матф. 13:48–50).

      17. Хызы тыххӕй фӕсномыг ныхасы дзырд цы куыстыл цӕуы, уый кӕд ӕххӕст кӕны?

      17 Цымӕ ӕвзӕргӕнджыты рӕстгӕнджыты ’хсӕнӕй ӕвзарыны куыст фӕстаг тӕрхонмӕ амоны? Уыцы хабар, Йесо «кадджын цыд куы ’ркӕна» ӕмӕ фысты сӕгътӕй куы ахицӕн кӕна, уӕд уыдзӕн? (Матф. 25:31–33). Нӕ. Фӕстаг тӕрхон уыдзӕн, Йесо стыр бӕллӕхы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд. Йесо хызы тыххӕй фӕсномыг ныхасы цы куысты тыххӕй радзырдта, уый та цӕуы «ацы цардӕвӕрды кӕрон»b. Уый та хауы мах рӕстӕгмӕ – стыр бӕллӕхы размӕ цы рӕстӕг ис, уымӕ. Уӕдӕ абон ӕвзӕргӕнджыты рӕстгӕнджыты ’хсӕнӕй ӕвзарыны куыст куыд цӕуы?

      18, 19. а) Абон «кӕсӕгтӕ» ӕвзарыны куыст куыд цӕуы? ӕ) Ӕппӕт сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы дӕр цы аразын хъӕуы? (Кӕс фиппаинаг 21 фарсыл.)

      18 Нӕ рӕстӕджы милуангай «кӕсӕгтӕ», ома адӕймӕгтӕ, адӕмы «денджызӕй» «бахауынц» Йегъовӕйы ӕмбырдмӕ. Иутӕ ’рбацӕуынц Ӕрымысӕн изӕрмӕ, иннӕтӕ вӕййынц ӕмбырды фембӕлдты. Ис ахӕмтӕ дӕр, Библи чи ахуыр кӕны. Фӕлӕ цымӕ се ’ппӕт дӕр ӕцӕг чырыстӕттӕ свӕййынц? Гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ «былмӕ раластой», фӕлӕ Йесо Чырысти зӕгъы, ӕрмӕстдӕр «хорз кӕсаг» кӕй сӕмбырд кӕнынц мигӕнӕнты, ома чырыстон ӕмбырдты. Чи нӕ бӕззы, уыдон та акалынц. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг «судзгӕ пецы баппардзысты», ома сӕ фесафдзысты.

      19 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын чи райдыдта, уыдонӕй бирӕтӕ фӕстӕдӕр сӕ ахуыр ныууагътой. Чидӕр та схъомыл чырыстон бинонты ’хсӕн, фӕлӕ уӕддӕр Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг не сси. Уыцы адӕмы, гӕнӕн ис, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ бафӕндыд, кӕнӕ та йын алӕггад кодтой ӕрмӕст иуцасдӕр рӕстӕгc (Иез. 33:32, 33). Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй ӕппӕт сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы дӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй ӕрӕмбырд уой, мигӕнӕнимӕ барст чи цӕуы, уыцы ӕмбырдтӕм ӕмӕ уыцы ӕдас бынаты уой, цалынмӕ фӕстаг тӕрхоны бон не ’рцыд, уӕдмӕ.

  • Нӕ йӕ зоныс, кӕм сзайдзӕн, уый!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 15 июль
    • 20, 21. а) Паддзахад куыд рӕзы, уый тыххӕй Йесо цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уымӕй цы базыдтам? ӕ) Цавӕр фӕнд дӕм ис?

      20 Паддзахад куыд рӕзы, уый тыххӕй Йесо цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдоныл скодтам цыбыр афӕлгӕст. Уӕдӕ уымӕй цы базыдтам? Фыццаг, хъыцъыйы нӕмыг куыд рӕзы, уыйау тынг рӕзы, Паддзахады хабармӕ чи хъусы, уыцы адӕмы нымӕц. Йегъовӕйы хъуыддаг ницы бауромдзӕн! (Ис. 54:17). Уымӕй уӕлдай, бӕласы «аууоны йӕхицӕн бынат» чи скӕны, уыдон хъахъхъӕд сты Сайтан ӕмӕ йӕ фыддунейӕ. Дыккаг, ӕппӕт дӕр аразгӕ у, нӕмыг чи рӕзын кӕны, уымӕй – Хуыцауӕй. Хыссӕ ӕгасӕй дӕр ссады ӕмбӕхст ӕнхъизӕн куыд сӕнхъизын кодта, афтӕ, Паддзахад куыд рӕзы, уый дӕр кӕд алы хатт фенӕн кӕнӕ бамбарӕн нӕ вӕййы, уӕддӕр хъуыддаг размӕ цӕуы. Ӕртыккаг, Паддзахады хабармӕ чи байхъусы, уыдон се ’ппӕт дӕр хорз кӕсӕгтӕ не суыдзысты. Иуӕй-иутӕ разындзысты, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы ӕвзӕр кӕсӕгты кой кодта, уыдоны хуызӕн.

  • Нӕ йӕ зоныс, кӕм сзайдзӕн, уый!
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 15 июль
    • b Матфейы 13:39–43 Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныны тыххӕй дзырд цӕуы гыццыл ӕндӕргомау. Фӕлӕ уым цы хабӕртты кой ис, уыдон дӕр ӕххӕст кӕнынц, хызы тыххӕй фӕсномыг ныхас кӕд ӕххӕст кӕны, уыцы рӕстӕджы, ома «ацы цардӕвӕрды кӕрон». «Кӕсӕгтӕ» ӕвзарыны куыст дӕр тауын ӕмӕ кӕрдыны куыстау у дӕргъвӕтин, ӕмӕ ӕппӕт уыцы рӕстӕджы дӕргъы уыцы куыст цӕуы ӕнӕрлӕугӕйӕ («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 2000 аз, 15 октябрь, 25, 26 фӕрстӕ, уыр., «Кувут иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн», 178–181 фӕрстӕ, 8–11 абзацтӕ).

      c Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библи чи нал фӕахуыр кӕны кӕнӕ ’мбырдтӕм чи нал фӕцӕуы, уыдоны зӕдтӕ ӕвзӕр кӕсӕгтау аппарынц? Нӕ! Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ Йегъовӕмӕ раздӕхын кӕй фӕнды, уыдоныл Йегъовӕ йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн (Мал. 3:7).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын