-
Библийы 32 чиныг – ИонӕФыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
-
-
3 Гуырысхойаг нӕу, Ионӕйы чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис. Йесо Чырысти, «уырнындзинады фӕндагыл нӕ чи кӕны», уый дзырдта, Ионӕ ӕцӕгӕйдӕр кӕй цард. Уый Хуыцауы ӕххуысӕй райхӕлдта Ионӕйы чиныгӕй дыууӕ пехуымпарадон цауы ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, Ионӕйы чиныг ӕцӕгӕйдӕр пехуымпарӕдты чиныг кӕй у (Дзут. 12:2; Матф. 12:39–41; 16:4; Лук. 11:29–32). Ионӕйы чиныг дзуттӕгтӕ кӕддӕриддӕр нымадтой, Хуыцауы фӕндӕй фыст чи ’рцыд ӕмӕ бӕлвырд хабӕрттӕ кӕм ис, ахӕм чиныгыл. Ионӕ йӕ рӕдыдтыты ӕмӕ йӕ лӕмӕгъдзинӕдты тыххӕй ӕргом кӕй фыссы, уый дӕр бӕлвырд кӕны, чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис.
-
-
Библийы 32 чиныг – ИонӕФыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
-
-
11 Йесо дины разамонджытӕн загъта, зӕгъгӕ, уын ӕрмӕстдӕр «Ионӕйы нысан» лӕвӕрд уыдзӕн (Матфейы 12:38–41, НФ). Ионӕ ӕртӕ бон ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы куы фӕцис «Шеолы хуылфы», уӕд уый фӕстӕ араст Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ Ниневимӕ, афтӕмӕй сси ниневийӕгтӕн «нысан» (Ионӕ 1:17 [2:1]; 2:2 [2:3]; 3:1–4). Йесо дӕр раст афтӕ ӕртӕ боны фӕцис зӕппадзы ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Хуыцау райгас кодта. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыцы хабары тыххӕй куы хъусын кодтой, уӕд Йесо уыцы фӕлтӕрӕн сси нысан. Дзуттӕгтӕ рӕстӕг куыд нымадтой ӕмӕ, Йесойы тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ уыд загъд, уыдон кӕй сӕххӕст сты, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы рӕстӕг, «ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ӕхсӕвы» сты ӕртӕ ӕнӕхъӕн бонӕй къаддӕрb.
12 Йесо ма, фӕсмон кӕмӕ ’рцыд, уыцы ниневийӕгты фӕстӕдӕр абарста, дзуттӕгтӕ йӕм цы саузӕрдӕ ӕмӕ ӕнӕуынон ахаст дардтой, уыимӕ: «Тӕрхоны бон Ниневийы адӕм ацы дуджы адӕмимӕ мӕрдтӕй сыстдзысты ӕмӕ сын стӕрхон кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ уыдон Ионӕйы ныхӕсты фӕстӕ ӕрфӕсмон кодтой. Ӕмӕ ам та ис, Ионӕйӕ дӕр уӕлдӕр чи у, уый» (Кӕс ма Матфейы 16:4 ӕмӕ Лукайы 11:30, 32). Йесо цы зӕгъынмӕ хъавыд ацы ныхӕстӕй, «Ионӕйӕ дӕр уӕлдӕр чи у, уый», зӕгъгӕ? Уый дзырдта ӕппӕты зындгонддӕр пехуымпары тыххӕй, ома йӕхи тыххӕй. Йегъовӕ йӕ арвыста хъусын кӕнынмӕ ахӕм хабар: «Ӕрфӕсмон кӕнут, уымӕн ӕмӕ уӕларвон паддзахад ӕрхӕстӕг» (Матф. 4:17). Уӕддӕр уыцы дуджы цӕрӕг дзуттӕгтӕй бирӕтӕ нӕ райстой «Ионӕйы нысан». Абон та хъуыддаг куыд у? Кӕд бирӕтӕ нӕ хъусынц Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕм, уӕддӕр мингӕйттӕ пайда кӕнынц диссаджы фадатӕй ӕмӕ хъусынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ. Уыцы хабар фыццаг хъусын кодта «Адӕймаджы Фырт», Йесо Чырысти. Ионӕйы уацамынды фӕрцы чи ’рфӕсмон кодта ӕмӕ арфӕдзинӕдтӕ чи райста, уыцы ниневийӕгтау, уыдонӕн дӕр сӕ бон у райсын Йегъовӕйы рӕдау лӕвар – ӕнусон цард. О, ӕцӕгӕйдӕр «ирвӕзындзинад Йегъовӕйӕ у» (Ионӕ 2:9).
-