-
Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ хъусХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2019 | мартъи
-
-
«ХЪУСУТ ӔМ»
7. Матфейы 17:1–5 стихтӕм гӕсгӕ, Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй кӕд ӕрдзырдта ӕмӕ цы загъта?
7 Бакӕс Матфейы 17:1–5. Дыккаг хатт Йегъовӕ уӕлӕрвтӕй ӕрдзырдта, Йесо «йӕ хуыз [куы] аивта», уӕд. Йесо йемӕ акодта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны ӕмӕ семӕ бӕрзонд хохмӕ ссыд. Уым диссаджы цӕстылуайӕн федтой. Йесойӕн йӕ цӕсгом хурау ныррухс, йӕ уӕлӕдарӕс та рухсау цӕхӕртӕ калын райдыдта. Йӕ разы февзӕрд дыууӕ лӕджы, «Моисей ӕмӕ Илийа», ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой йӕ мӕлӕт ӕмӕ йӕ райгасдзинады тыххӕй. Апостолтӕ уӕдмӕ «ӕрфынӕй сты», фӕлӕ, куы райхъал сты, уӕд уыцы диссаджы цӕстылуайӕн федтой (Лук. 9:29–32). Фӕстӕдӕр сӕ урс мигъ ӕрӕмбӕрзта, ӕмӕ сӕм мигъӕй райхъуысти хъӕлӕс – Хуыцауы хъӕлӕс! Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ цы ныхӕстӕ загъта, «ай у мӕ уарзон Фырт, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг Фырт», зӕгъгӕ, ахӕм ныхӕстӕ загъта ацы хатт дӕр. Фӕлӕ ма ныр йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Хъусут ӕм».
-
-
Йегъовӕ цы дзуры, уымӕ хъусХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2019 | мартъи
-
-
9. Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр уынаффӕтӕ радта?
9 «Хъусут ӕм». Йегъовӕ бӕлвырд бамбарын кодта, кӕй йӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ Фырт цы дзуры, уымӕ хъусӕм. Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бирӕ цыдӕртӕ амыдта. Зӕгъӕм сын бацамыдта, хорз хабар куыд хъуамӕ хъусын кӕной, уый, стӕй сӕ цалдӕр хатты бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма бафынӕй уой (Матф. 24:42; 28:19, 20). Йесо ма сӕ ноджыдӕр разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ тых, сӕ бонӕй Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕныныл архайдтаиккой ӕмӕ сӕ къухтӕ макуы ӕруагътаиккой (Лук. 13:24). Се ’ргом-иу сын раздӕхта, кӕрӕдзи кӕй хъуамӕ уарзой, се ’хсӕн иудзинад кӕй хъуамӕ уа ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной, уымӕ (Иоан. 15:10, 12, 13). Уыцы уынаффӕтӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн стыр ӕххуыс уыдысты. Ӕмӕ абон махӕн дӕр стыр ӕххуыс сты.
-