-
Фӕсномыг ныхас сӕнӕфсирдоны кусджыты тыххӕйЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
«Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕнӕфсирдонмӕ кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыд, ахӕм адӕймагимӕ. Кусджытимӕ бон фӕйнӕ динарыл баныхас кодта, ӕмӕ сӕ стӕй йӕ сӕнӕфсирдонмӕ арвыста. Ӕртыккаг сахатмӕ ’ввахс дӕр та рацыд ӕмӕ ма базары фӕзы федта ноджы кӕйдӕрты ӕгуыстӕй лӕугӕ ӕмӕ сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ, ӕмӕ уын цы ’мбӕла, уый уын ратдзынӕн“. Ӕмӕ уыдон дӕр ацыдысты. Уый фӕстӕ та рацыди ӕхсӕзӕм сахатмӕ ’ввахс, стӕй та фарӕстӕм сахатмӕ ’ввахс дӕр ӕмӕ та афтӕ бакодта. Фӕстаг хатт ма рацыд иуӕндӕсӕм сахатмӕ ’ввахс ӕмӕ уым лӕугӕ баййӕфта ноджыдӕр кӕйдӕрты, ӕмӕ сӕ бафарста: „Ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цӕмӕн лӕуут?“ Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Ӕмӕ уӕд уыдонӕн дӕр загъта: „Сымах дӕр мӕ сӕнӕфсирдонмӕ ацӕут“» (Матфейы 20:1–7).

Адӕммӕ афтӕ каст, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы дины разамонджытӕ фыдӕбон кӕнынц ӕнӕрынцойӕ, зӕгъӕм, ӕрӕджы Йесойы хицӕн кӕныны тыххӕй чи фарста ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ракъахынмӕ чи хъавыд, уыцы фарисейтӕ. Уыдон уыдысты, сӕнӕфсирдоны ӕнӕхъӕн бон чи куыста ӕмӕ афтӕ чи ӕнхъӕлдта, ӕмӕ мызд дӕр ӕнӕхъӕн бонӕн, ома иу динар, райсдзысты, уыцы кусджыты хуызӕн.
-