«Ӕппынӕдзух цӕут мӕ фӕдыл»
1 Бирӕ адӕмӕн царды иууыл сӕйрагдӕр у сӕхи уды мӕт, фӕлӕ уӕддӕр амондджын не сты. Йесо та радта, ӕцӕг амонд цӕмӕй кӕнгӕ у, ахӕм уынаффӕ, зӕгъгӕ, райсынӕй амондджындӕр хъуыддаг у раттын (Ап. к. 20:35). Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд... ӕмӕ ӕппынӕдзух цӕуӕд мӕ фӕдыл» (Марк. 8:34, НД). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕрмӕст иуӕй-иу хатт нӕхи исты хорздзинӕдтӕй фӕцух кӕнӕм. Алы бон дӕр цӕрӕм, нӕхи удыдзӕбӕхӕн нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ ссарынӕн (Ром. 14:8; 15:3).
2 Ӕркӕсӕм апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Уымӕн ӕппӕтӕй зынаргъдӕр уыд, Йесо Чырыстийы кӕй базыдта, уый. Павел йӕхи уды дзӕбӕхӕн нал цард, фӕлӕ йӕхи снывонд кодта Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг хъусын кӕнынӕн (Фил. 3:7, 8). «Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ суанг мӕхи дӕр цингӕнгӕ ратдзынӕн»,– загъта Павел (2 Кор. 12:15, НТ). Мах дӕр хъуамӕ нӕхи бафӕрсӕм: «Ӕз та цӕуыл хардз кӕнын мӕ рӕстӕг, мӕ хъарутӕ, мӕ курдиӕттӕ ӕмӕ мӕ исбон? Царды мын сӕйрагдӕр мӕхи уды мӕт у, ӕви Иегъовӕйы зӕрдӕ ссарыныл архайын?»
3 Фадӕттӕ агур. Алы аз дӕр, Иегъовӕйы адӕм бахардз кӕнынц миллиард сахатӕй фылдӕр Хуыцауы Паддзахады цардирвӕзынгӕнӕн хабар хъусын кӕныныл. Ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ ӕмбырды алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ уымӕй кӕрӕдзийӕн лӕггад кӕнынц. Бирӕ куыст вӕййы ӕмбырдты ӕмӕ конгрессты, стӕй ма аразынц Паддзахады залтӕ ӕмӕ зилынц, раст дин парахат кӕнынӕн чи ахъаз кӕны, ахӕм агъуыстытӕм дӕр. Ахъуыды кӕнын ма хъӕуы, рынчындӕттимӕ бастдзинады комитет ӕмӕ рынчынты чи бӕрӕг кӕны, уыцы къордты лӕггадгӕнӕг ӕфсымӕрты зӕрдиаг ӕххуысыл дӕр. Ӕппӕт дунейы нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ахӕм удуӕлдай куыст у стыр ӕххуыс! (Пс. 109:3).
4 Не ’ххуысы къух бадӕттыны фадат нын вӕййы, зӕгъӕм, бӕллӕхы рӕстӕг кӕнӕ ӕнӕнхъӕлӕджы исты куы ’рцӕуы, уӕд. Фӕлӕ арӕх ӕнӕуи лӕмбынӕг куы уӕм, уӕддӕр фендзыстӕм, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн ӕххуыс кӕнӕ ныфс авӕрын кӕм хъӕуы, уый (Ӕмб. 17:17). Иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ куы уӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд уымӕй фӕзмӕм Йесойы (Фил. 2:5–8). Цӕй уӕдӕ дӕрддӕр дӕр афтӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнӕм.