-
Чырысти зындоны арты кой кодта?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 15 июнь
-
-
ЗЫНДОНЫ арт кӕй ис, ууыл чи ӕууӕнды, уыдон хатт бӕлвырдгӕнӕнӕн ӕрхӕссынц Йесойы ныхӕстӕ Марчы 9:48 (кӕнӕ 44 ӕмӕ 46 стихтӕ). Уым Йесо кӕны кӕлмытӕ (кӕнӕ къуыдыр кӕлмытӕ) ӕмӕ арты кой. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ кӕлмытӕ мӕлгӕ нӕ кӕнынц, арт та – хуысгӕ. Уыцы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц, уымӕй дӕ исчи куы бафӕрсид, уӕд ын цавӕр дзуапп раттис?
Адӕймагӕн йӕ бон у, ӕмӕ дын бакӕса 44, 46 кӕнӕ 48 стих, чи йӕм ис, уыцы Библийӕ. Уымӕн ӕмӕ иуӕй-иу тӕлмацты ацы ӕртӕ стихы дӕр сты иухуызонa. «Ног дунейы тӕлмац»-ы фыст ис: «Дӕ цӕст [дӕ] куы рӕдийын кӕна, уӕд ӕй аппар. Цӕйнӕфӕлтау дӕ дыууӕ цӕстимӕ гееннӕйы ныппарой, фӕлтау Хуыцауы паддзахадмӕ сохъхъырӕй бацу. Уым сӕ кӕлмытӕ нӕ мӕлынц ӕмӕ дзы арт нӕ хуыссы» (Марчы 9:47, 48).
-
-
Чырысти зындоны арты кой кодта?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 15 июнь
-
-
a Дызӕрдыггаг чи не сты, Библийы уыцы тыхтӕтты 44 ӕмӕ 46 стихтӕ нӕй. Ахуыргӕндтӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, уыцы дыууӕ стихы фӕстӕдӕр кӕй бафтыдтой. Профессор Арчибальд Робертсон фыссы: «Ӕппӕты рагондӕр ӕмӕ хуыздӕр тыхтӕтты ацы дыууӕ стихы не сты. Уыдон фыццаг фӕзындысты хурныгуылӕн ӕмӕ сириаг (византийаг) тыхтӕтты, ӕмӕ 48 стихы цы фыст ис, уыдоны дӕр ӕндӕр ницы ис. Уымӕ гӕсгӕ, 44 ӕмӕ 46 стихтӕ айстам, фыццаг къухфыстыты кӕй не сты, уый тыххӕй».
-