Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Библийы 39 чиныг – Малахи
    Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
    • 4 Малахийы чиныгыл дзуттӕгтӕ кӕддӕриддӕр ӕууӕндыдысты. Ацы чиныджы ныхӕстӕ Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр кӕй сты ӕмӕ иуӕй-иу пехуымпарӕдты сӕххӕстмӕ кӕй амонынц, уымӕй бӕлвырд кӕнынц, Малахийы чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй уыд ӕмӕ, чырыстӕтты ӕмбырд кӕуыл ӕууӕндыд, уыцы Дзуттаг Фыстыты канонмӕ кӕй хауд (Мал. 1:2, 3 – Ром. 9:13; Мал. 3:1 – Матф. 11:10 ӕмӕ Лук. 1:76 ӕмӕ Лк 7:27; Мал. 4:5, 6 – Матф.11:14 ӕмӕ Мф 17:10–13, Марчы 9:11–13 ӕмӕ Лук. 1:17).

  • Библийы 39 чиныг – Малахи
    Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
    • 14 Малахийы чиныг Дзуттаг Фыстыты фӕстаг чиныг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ амоны, Мессийӕйы ӕрцыдимӕ цы хабӕрттӕ ’рцӕудзӕн, уыдонмӕ. Ӕмӕ Йесо цыппар ӕнусӕй фылдӕры фӕстӕ зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕд растдӕр уый тыххӕй ӕрцыдысты фыст Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ. Малахийы 3:1 куыд фыст у, уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ дзуры: «Мӕнӕ! Ӕз ӕрвитын мӕ минӕвары, ӕмӕ мын мӕ размӕ фӕндаг асыгъдӕг кӕндзӕн». Зӕронд Захарийыл сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд бамбарын кодта, уыцы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст сты йӕ фырт Аргъауӕг Иоанныл (Лук. 1:76). Фӕстӕдӕр уыцы хъуыды Йесо Чырысти дӕр загъта: «Сылгоймагӕй чи райгуырд, уыдонӕй Аргъауӕг Иоаннӕй уӕлдӕр нӕ уыди, фӕлӕ уӕларвон паддзахады гыццылдӕр чи у, уый дӕр уымӕй уӕлдӕр у». Малахи куыд загъта, афтӕмӕй Иоанн ӕрвыст уыд, цӕмӕй «барӕвдз кодтаид... фӕндаг». Уӕдӕ фӕстӕдӕр Йесо Паддзахады бадзырд кӕимӕ скодта, уыдоны ’хсӕн Иоанн нӕ уыд (Матф. 11:7–12; Лук. 7:27, 28; 22:28–30).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын