-
Йесо йӕ хуыз аивтаЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Ермоны хохӕй Филиппы Кесаримӕ уыди 25 километры бӕрц. Йесо уым адӕмы куы ахуыр кодта, уӕд йӕ апостолтӕн фехъусын кодта диссаджы хабар: «Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, афтӕ фендзысты Адӕймаджы Фырты паддзахӕй ӕрцӕугӕ» (Матфейы 16:28).
Хӕрзаг, ахуыргӕнинӕгтӕ дис кодтой, цымӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕнды, зӕгъгӕ. Ууыл къуыри дӕр нӕма рацыд, афтӕ Йесо йӕ апостолтӕй ӕртӕйы – Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны – акодта ӕмӕ семӕ бӕрзонд хохмӕ ссыд. Уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕхсӕвыгон уыди, уымӕн ӕмӕ апостолтӕ ӕртӕйӕ дӕр ӕрфынӕй сты. Йесо куыд куывта, афтӕ сӕ разы йӕ хуыз аивта. Апостолтӕ федтой, йӕ цӕсгом хурау куыд ныррухс ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс урс-урсид куыд фестад ӕмӕ рухсау цӕхӕртӕ куыд калдта.
-
-
Йесо йӕ хуыз аивтаЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Куыд тынг бифидар кодтаид ацы цӕстылуайӕн Йесойы дӕр ӕмӕ йӕ апостолты дӕр! Уыдон афонӕй раздӕр федтой Чырыстийы Паддзахады кад. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ уыдон федтой «Адӕймаджы Фырты паддзахӕй ӕрцӕугӕ» (Матфейы 16:28). Хохыл ын «сӕхи цӕстӕй федтой йе стыр кад». Фарисейты фӕндыд, цӕмӕй сын Йесо диссаг равдыстаид ӕмӕ афтӕмӕй сбӕлвырд кодтаид, ӕцӕгдӕр Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзах кӕй у, уый. Фӕлӕ сын ницы диссаг равдыста. Йе ’ввахс ахуыргӕнинӕгты та йын Хуыцау уыцы кады аккаг скодта, ӕмӕ сӕ цӕстыты раз Йесо йӕ хуыз аивта. Уыцы цӕстылуайӕн уыди фидар бӕлвырдгӕнӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цы пехуымпарӕдтӕ фыст ӕрцыд, уыдон иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты, уымӕн. Фӕстӕдӕр Петр ахӕм ныхӕстӕ дӕр уымӕн ныффыста, зӕгъгӕ, мах «ноджы фидардӕрӕй ӕууӕндӕм пехуымпар-ныхасыл» (2 Петры 1:16–19).
-