-
Йесо кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд?Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Ромы паддзах Август бардзырд радта, цӕмӕй алчидӕр йӕхи ныффыстаид, цы горӕты райгуырди, уым. Уымӕ гӕсгӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕйы ацӕуын хъуыди Иосифы райгуырӕн горӕт Вифлееммӕ. Уыцы горӕт уыди Иерусалимӕй хуссарырдӕм.
Уыцы рӕстӕг Вифлееммӕ сӕхи ныффыссынмӕ дуне адӕм ӕрцыд. Ӕмӕ Иосиф ӕмӕ Марийӕ ӕрлӕууыдысты скъӕты, уымӕн ӕмӕ ӕндӕр бынат никуы ссардтой. Афтӕмӕй Йесо райгуырд, хӕрджытӕ ӕмӕ иннӕ фос кӕм дардтой, уым. Марийӕ йӕ гыццыл хъӕбулы хӕцъилты батыхта ӕмӕ йӕ кӕвдӕсы, фосӕн холлаг кӕм февӕрынц, уым, нывӕрдта.
Паддзах Августӕн ахӕм бардзырд раттын йӕ сӕрызонды, ӕвӕццӕгӕн, Хуыцау сӕвӕрдта. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ уый фӕрцы Йесо райгуырд, йӕ фыдӕл, паддзах Давид, цы горӕтӕй уыд, уым. Фыстады бирӕ раздӕр загъд уыд, Хуыцау адӕмӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Хицау кӕй хъуамӕ райгуыра уыцы горӕты (Михей 5:2).
-
-
Йесо кӕд ӕмӕ кӕм райгуырд?Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Абон бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Йесо 25 декабры райгуырд. Фӕлӕ декабры Вифлеемы къӕвдатӕ вӕййы ӕмӕ дзы вӕййы уазал. Хатгай дзы мит дӕр фӕуары. Ӕмӕ ахӕм афон фыййӕуттӕ ӕхсӕв сӕ фосимӕ быдыры куыд хъуамӕ уыдаиккой! Стӕй Ромы паддзах зымӕджы хъызты адӕмы ахӕм дард балцы нӕ арвыстаид, уымӕн ӕмӕ ӕнӕуи дӕр йӕ ныхмӕ цыдысты. Уӕдӕ Йесо, ӕвӕццӕгӕн, райгуырди октябры.
-