Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ӕмбырды хотӕн де ’ххуыс ма ӕвгъау кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2020 | сентябрь
    • Йесо бады ӕмӕ Марфӕ ӕмӕ Марийӕйы ахуыр кӕны. Уыдон йӕ къӕхты раз бадынц ӕмӕ йӕм хъусынц. Цалдӕр нывы: 1. Лӕг ӕмӕ ус ацӕргӕ рынчын хойы йӕ хӕдзары бабӕрӕг кодтой. Лӕг хоимӕ ныхас кӕны, хо та хӕринӕгтӕ дзӕкъулӕй исы. 2. Лӕг ӕмӕ ус хойы ӕмӕ йӕ гыццыл чызджы бинонты ахуыры. 3. Иу ӕфсымӕр дыууӕ хойӕн сӕ машинӕйы цалх ивынӕн ӕххуыс кӕны

      Йесойау махӕн дӕр нӕ бон у ӕвдисын, нӕ иузӕрдион хоты кӕй уарзӕм ӕмӕ сыл кӕй тыхсӕм (кӕс 6–9 абзацтӕ)e

      6. Лукайы 10:38–42 стихты цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ Йесо Марфӕ ӕмӕ Марийӕйӕн куыд баххуыс кодта?

      6 Йесо-иу рӕстӕг ӕрвыста, Хуыцауӕн чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгтимӕ ӕмӕ сын уыди хорз ӕмбал. Зӕгъӕм, уыцы сылгоймӕгтӕй дыууӕ уыдысты Марфӕ ӕмӕ Марийӕ, ӕвӕццӕгӕн, моймӕдзыд нӕ уыдысты. (Бакӕс Лукайы 10:38–42.) Йесо афтӕ ныхас кодта ӕмӕ йӕхи афтӕ дардта, ӕмӕ сын йемӕ тынг ӕнцон уыд. Иухатт Марийӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ-иу куыд кодтой, афтӕ йӕ къӕхты раз ӕрбадтc. Марийӕ афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йӕ ӕмбӕрста, Йесо йӕм уый тыххӕй кӕй не смӕсты уыдаид. Марфӕ та Марийӕмӕ смӕсты, кӕй йын не ’ххуыс кодта, уый тыххӕй ӕмӕ Йесойӕн йӕ хъуыды зӕгъын нӕ фӕтарст. Ӕмӕ Йесо сӕ дыууӕйӕн дӕр баххуыс кодта ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бамбарынӕн. Йесо дыууӕ хойы дӕр ӕмӕ сын се ’фсымӕр Лазӕры дӕр кӕй уарзта, уый бӕрӕг у, ӕндӕр хӕттыты дӕр-иу сӕм кӕй ӕрбацыд, уымӕй (Иоан. 12:1–3). Ӕмӕ Лазӕр тынг куы фӕрынчын, уӕд Марфӕ ӕмӕ Марийӕ зыдтой, сӕ бон кӕй уыд Йесомӕ фӕдзурын, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид (Иоан. 11:3, 5).

  • Ӕмбырды хотӕн де ’ххуыс ма ӕвгъау кӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2020 | сентябрь
    • c Иу энциклопедийы фыст ис: «Ахуыргӕнинӕгтӕ-иу бадтысты сӕ ахуыргӕнӕджы къӕхты раз. Афтӕ-иу кодтой, куы-иу сӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ахуыргӕнджытӕ суыдаиккой, уӕд. Фӕлӕ сылгоймагӕн уый бар нӕ уыд, цӕмӕй ахуыргӕнӕг уыдаид. Уымӕ гӕсгӕ, Марийӕ Йесойы къӕхты раз кӕй бадт ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг кӕй хъуыста, уый дзуттаг нӕлгоймӕгтӕн сӕ фылдӕрмӕ тынг диссаг фӕкастаид».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын