Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Мацы дӕ хъыгдарӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 октябрь
    • «Марийӕ Йесойы... ныхасмӕ хъуыста. Марфӕ та цӕттӕ кӕныныл фӕци» (ЛУК. 10:39, 40).

  • Мацы дӕ хъыгдарӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 октябрь
    • 2 Марфӕ уыди хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕдау адӕймаг, стӕй ма уыди тынг кусаг дӕр. Фӕлӕ йӕ Йесо сӕйраджыдӕр уымӕн уарзта, ӕмӕ уыди фидар уырнындзинады хицау. Марфӕ ӕууӕндыд, Йесо цыдӕриддӕр амыдта, ууыл ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у (Иоан. 11:21–27). Фӕлӕ Марфӕ дӕр уыди ӕнӕххӕст адӕймаг, ӕмӕ махау уый дӕр рӕдыди. Зӕгъӕм, иухатт сӕм Йесо уазӕгуаты куы уыди, уӕд Марфӕ йӕ хо Марийӕмӕ смӕсты ӕмӕ Йесойӕн загъта, цӕмӕй йын бауайдзӕф кодтаид. Марфӕ загъта: «Хицау, мӕ хо ӕппӕт кӕнинӕгтӕ дӕр мӕнӕн кӕй ныууагъта, уый нӕ уыныс? Зӕгъ-ма йын, ӕмӕ мӕм фӕкӕса». (Бакӕс Лукайы 10:38–42.) Цымӕ Марфӕ афтӕ цӕмӕн загъта? Ӕмӕ йын Йесо цы дзуапп радта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

  • Мацы дӕ хъыгдарӕд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2015 | 15 октябрь
    • 4 Фӕлӕ Марфӕ хӕринаг цӕттӕ кӕныныл ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хабӕрттыл фӕци, цӕмӕй Йесойӕн хуыздӕр балӕггад кодтаид. Марийӕ йын кӕй не ’ххуыс кӕны, уый куы федта, уӕд смӕсты ӕмӕ Йесойӕн рахъаст кодта. Йесо уыдта, Марфӕ ӕгӕр кӕй тыхсы ӕмӕ йын фӕлмӕнӕй загъта: «Марфӕ, Марфӕ, цас цӕуылдӕрты мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс». Стӕй ма йын загъта, иу цыдӕр куы ӕрцӕттӕ кӕна, уӕддӕр фаг кӕй уыдзӕн. Уый фӕстӕ Йесо Марийӕйӕ раппӕлыд, лӕмбынӕг ӕм кӕй хъуыста, уый тыххӕй ӕмӕ загъта: «Марийӕ та хуыздӕр хай равзӕрста, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕн». Марийӕ уыцы изӕр цы бахордта, уый, ӕвӕццӕгӕн, фӕстӕдӕр нал ӕрхъуыды кодтаид, фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, кӕй никуы дзы ферох, уӕд сын Йесо цытӕ бацамыдта, стӕй дзы куыд раппӕлыд, уый. Уыцы хабарӕй 60 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд апостол Иоанн ныффыста: «Йесо бирӕ уарзта Марфӕйы [ӕмӕ] Марфӕйӕн йӕ хойы» (Иоан. 11:5). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Марфӕ Йесойы уынаффӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕй айста ӕмӕ йӕ царды кӕронмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кодта.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын