Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕ «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 январь
    • 5. Кувгӕйӕ нын цы зӕрдӕйы уаг хъуамӕ уа, уый ацы фӕсномыг ныхас куыд ӕвдисы?

      5 Ацы фӕсномыг ныхас ӕвдисы, цы йӕ хъуыд, уый зӕрдиагӕй чи куырдта, уыцы адӕймаджы зӕрдӕйы уаг нын кӕй хъуамӕ уа кувгӕйӕ. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаджы цы хъуыд, уый йӕ къухы бафтыд, уымӕн ӕмӕ кӕмӕ бацыд, уый «нал уагъта» (Лукайы 11:8). Библийы дзырдбаст «нал уадзы» иунӕг хатт йеддӕмӕ не ’мбӕлы. Грекъаг ӕвзаджы комкоммӕ нысан кӕны «къӕйныхдзинад». Арӕхдӕр ацы дзырд ӕвзӕр миниуӕгмӕ фӕамоны. Фӕлӕ адӕймаг хорз хъуыддаджы къӕйных куы уа, уӕд уымӕй раппӕлӕн дӕр ис. Ацы фӕсномыг ныхасы дӕр фысым раст ахӕм разынд. Цы йӕ хъуыд, уый кургӕйӕ ӕппындӕр ницӕмӕй ӕфсӕрмы кодта. Йесо ацы цӕвиттон ӕрхаста, цӕмӕй мах дӕр Хуыцаумӕ ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кувӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ма ӕрлӕууӕм, фӕлӕ дарддӕр курӕм, агурӕм ӕмӕ хойӕм. Ӕмӕ уӕд «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн».

  • Йегъовӕ «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 январь
    • 9, 10. а) Цӕмӕн хъӕуы Хуыцаумӕ йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй кувын? ӕ) Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ бафӕрсӕм ӕмӕ цӕмӕн?

      9 Ацы фӕсномыг ныхас ма нӕ цардмӕ ахӕссӕм. Зӕгъӕм, дӕ бинонтӕй исчи ӕмбисӕхсӕв ӕрбарынчын. Дохтыры райхъал кӕндзынӕ, баххуыс мын кӕн, зӕгъгӕ? Кӕд уӕззау рынчын нӕу, уӕд нӕ. Фӕлӕ кӕд йӕ зӕрдӕйӕ бавзӕр, уӕд дохтырмӕ фӕдзурын нӕ фефсӕрмы кӕндзынӕ. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ ахӕм тыхст уавӕры ӕндӕр гӕнӕн нӕй. Ӕмбарыс ӕй, дохтыры ’ххуыс ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Ӕххуыс куы нӕ ракурай, уӕд рынчыны цардӕн тӕссаг у. Ӕцӕг чырыстӕттӕ дӕр, зӕгъӕн ис, ӕппынӕдзух сты тӕссаг уавӕрты. Мах зонӕм, Сайтан «богътӕгӕнаг домбайау» кӕй разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра, уый (1 Петры 5:8). Цӕмӕй нӕ уырнындзинад ма фесафӕм, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы сыгъдӕг уды ’ххуыс. Хуыцауӕй ӕххуыс куы нӕ курӕм, уӕд нӕ уый ӕркӕндзӕн мӕлӕтмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕдзух ӕмӕ зӕрдиагӕй курӕм Хуыцауӕй йӕ сыгъдӕг уд (Ефесӕгтӕм 3:14–16). Афтӕ куы кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд баззайдзыстӕм кӕронмӕ фидар (Матфейы 10:22; 24:13).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын