Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йегъовӕ «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 январь
    • 11. Йесо фыд ӕмӕ фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас кувынимӕ куыд сбаста?

      11 Йесойы фӕсномыг ныхас фысымы тыххӕй ӕвдисы, Хуыцаумӕ чи фӕкувы, уыцы адӕймаджы зӕрдӕйы уаг. Иннӕ фӕсномыг ныхас та нын ӕргом кӕны, куывдмӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕйы уаг. Йесо бафарста: «Уе ’хсӕн ахӕм фыд ис, ӕмӕ дзы йӕ фырт кӕсаг куы ракура, уӕд ын кӕсаджы бӕсты калм ратдзӕн? Кӕнӕ дзы айк куы ракура, уӕд ын маргджын къӕдздым ратдзӕн? Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лукайы 11:11–13).

      12. Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм зӕрдиагӕй кӕй хъусы, уый Фыд ӕмӕ фырты тыххӕй фӕсномыг ныхас куыд ӕвдисы?

      12 Йесо фыд ӕмӕ фырты тыххӕй фӕсномыг ныхасы равдыста, Йегъовӕ, чи йӕм кувы, уыдонмӕ цы зӕрдӕ дары, уый (Лукайы 10:22). Дӕ хъус уал ӕрдар, ацы дыууӕ ӕмбисонды кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уымӕ. Кӕд фыццаджы адӕймаг ӕвӕндонӕй сразы ис баххуыс кӕныныл, уӕд дыккаджы та Йегъовӕ ӕвдыст цӕуы, йӕ сывӕллӕттӕн зӕрдиагӕй баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ чи у, ахӕм уарзӕгой ныййарӕгӕй (Псалом 49:15). Уымӕй уӕлдай ма Йесо ӕвдисы, куыд тынг хицӕн кӕны Йегъовӕ зӕххон фыдӕй. Йесо ӕмбарын кӕны: кӕд зӕххон фыд, «тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ», хорз лӕвар дӕтты йӕ фыртӕн, уӕд нӕ цас стырдӕр ныфс хъуамӕ уа, нӕ хӕларзӕрдӕ уӕларвон Фыд кӕй дӕтдзӕн сыгъдӕг уд йӕ лӕггадгӕнджытӕн (Иаковы 1:17).

  • Йегъовӕ «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 январь
    • 14. а) Фӕлварӕнтыл чи сӕмбӕлы, уыдонӕй иуӕй-иутӕм цавӕр хъуыды фӕзыны? ӕ) Зындзинӕдты рӕстӕг нӕ бон кӕд уыдзӕн Йегъовӕмӕ ныфсджынӕй кувын?

      14 Уарзӕгой фыды тыххӕй фӕсномыг ныхасы ма Йесо равдыста, Йегъовӕ цыфӕнды зӕххон ныййарӕгӕй дӕр бирӕ фӕлмӕнзӕрдӕдӕр кӕй у. Уӕдӕ нӕ афтӕ мачи ӕмӕ макуы хъуыды кӕнӕд, зӕгъгӕ, фӕлварӕнтыл кӕй ӕмбӕлӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Хуыцау разы нӕу, нал нын арфӕ кӕны. Цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнӕм, уый нӕ цыфыддӕр знаг Сайтаны фӕнды (Иов 4:1, 7, 8; Иоанны 8:44). Афтӕ хъуыды кӕнын Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ «фыддзинадӕй» нӕ фӕлвары (Иаковы 1:13). Уый ныл «калм» кӕнӕ «къӕдздымы» нӕ баппары – фӕлварӕнтӕ нын нӕ саразы. Нӕ уӕларвон Фыд дӕтты «хорздзинӕдтӕ, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Матфейы 7:11; Лукайы 11:13). Ӕцӕгдӕр, цас хуыздӕр ӕмбарӕм, Йегъовӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у ӕмӕ йӕ куыд зӕрдиагӕй фӕнды махӕн ӕххуыс кӕнын, уыйас ӕм ныфсджындӕрӕй кувдзыстӕм. Уӕд нын уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕджы зӕрдӕйы уаг: «Хуыцау фехъуыста, байхъуыста мӕ кувыны хъӕлӕсмӕ» (Псалом 9:38; 65:19).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын