Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Кӕд амард, уӕддӕр ма «ныр дӕр дзуры»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • 5. Авел цы рӕстӕджы цард, уый ӕмӕ «дунейы фӕзынды» рӕстӕг Йесо кӕрӕдзиимӕ цӕмӕн сбаста? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

      5 Авел райгуырд, Хуыцау фыццаг адӕмы куы сфӕлдыста, уымӕй бирӕ куы нӕма рацыд, уӕд. Йесо Чырысти Авелы тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, уый цард «дунейы фӕзынды» рӕстӕг. (Бакӕс Лукайы 11:50, 51.) Чырысти, «дуне», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, тӕригъӕдӕй фервӕзыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕмы кой кодта. Зӕххыл чи цард, уыдонӕй Авел кӕд цыппӕрӕм адӕймаг уыд, уӕддӕр, куыд зыны, афтӕмӕй у, Хуыцау йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны аккагыл кӕй нымайы, уыдонӕй фыццагa. Уӕдӕ уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Авел, раст зондыл ӕй чи арӕзтаид, ахӕм адӕмы ’хсӕн хъомыл кодта.

  • Кӕд амард, уӕддӕр ма «ныр дӕр дзуры»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • a Дзырдбаст «дунейы фӕзынд»-ӕн йӕ хъуыды у «мыггаг ӕппӕрст ӕрцыд», ӕмӕ амоны цот кӕнынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ам дзырд цӕуы, фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн цот куы фӕзынд, ууыл. Фӕлӕ «дунейы фӕзынды» кой кӕнгӕйӕ Йесо Авелы тыххӕй цӕмӕн дзырдта, кӕд ӕмӕ зӕххыл фыццаг сывӕллон Каин уыди? Каины фӕндтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Йегъовӕйы ныхмӕ зонгӕ-зонын рацыд. Йӕ ныййарджытау Каин дӕр нӕ уыдзӕн, Хуыцау кӕй райгас кӕна ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕй кӕй ссӕрибар кӕна, уыдоны ’хсӕн.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын