-
Агурӕм ӕцӕг хъӕздыгдзинадХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2017 | июль
-
-
4, 5. а) Радзур, Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы цы уынаффӕгӕнӕджы кой кодта, уый хабар. б) Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бафӕдзӕхста?
4 Бакӕс Лукайы 16:1–9. Йесо ӕнӕууӕнк хӕдзары уынаффӕгӕнӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый хъуамӕ не ’ппӕты дӕр хъуыдытыл бафтауа. Иу хицауӕн йӕ уынаффӕгӕнӕгӕй куы рахъаст кодтой, дӕ фӕллӕйттӕ дын хӕры, зӕгъгӕ, уӕд ӕй атӕрынвӕнд скодтаb. Фӕлӕ уынаффӕгӕнӕг равдыста «сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зонд, ӕмӕ йӕ цалынмӕ нӕ атардтой, уӕдмӕ балымӕн, фӕстӕдӕр ын чи баххуыс кодтаид, ахӕм адӕмимӕ. Йесойы ацы фӕсномыг ныхасӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ ацы дунейы исты хуызты фӕцӕрынӕн хъуамӕ мӕнгард митӕ кӕной. Афтӕ кӕнынц «ацы дунейы адӕм». Фӕлӕ Йесойы уымӕй фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн иу ахсджиаг хъуыддаг бамбарын кӕнын.
5 Йесо зыдта, зын уавӕры чи бахауд, уыцы уынаффӕгӕнӕгау йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕр сӕ фылдӕрӕн зын кӕй уыдзӕн ацы мӕнгард дунейы цардамӕлттӕ кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ сӕ разӕнгард кӕны: «Скӕнут уӕхицӕн хӕлӕрттӕ мӕнгард хъӕздыгдзинады фӕрцы, цӕмӕй уӕм хъӕздыгдзинад куы нал уа, уӕд уӕ уыдон [ома Йегъовӕ ӕмӕ Йесо] суазӕг кӕной ӕнусон цӕрӕнбынӕтты». Йесойы уынаффӕйӕ нӕ бон цы у зондӕн райсын?
6. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ коммерци кӕй хъуамӕ ма уыдаид?
6 Йесо хъӕздыгдзинад «мӕнгард» цӕмӕн схуыдта, уый нӕ бамбарын кодта, фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ коммерци кӕй хъуамӕ ма уыдаид. Зӕгъӕм, Едемы цӕхӕрадоны Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн ратта, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыди, уымӕй бирӕ фылдӕр (Райд. 2:15, 16). Стӕй фыццаг ӕнусы Хуыцау сӕрст чырыстӕттӕн йӕ сыгъдӕг тыхӕй куы ӕххуыс кодта, уӕд «сӕ иу дӕр афтӕ нӕ дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ мулк мӕхи у, фӕлӕ сын алцыдӕр уыд иумӕйаг» (Хъуыд. 4:32). Пехуымпар Исай загъта, кӕй уыдзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, зӕхх цы тыллӕг дӕтты, уымӕй адӕм се ’ппӕт дӕр бафсӕддзысты (Ис. 25:6–9; 65:21, 22). Фӕлӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ сӕ хъӕуы «сӕрӕндзинад», кӕнӕ куырыхон зондӕй архайын, цӕмӕй «мӕнгард хъӕздыгдзинады» фӕрцы цардамӕлттӕ дӕр кӕной, ӕмӕ ма уыимӕ Хуыцауы зӕрдӕ дӕр рухс кӕной.
-
-
Агурӕм ӕцӕг хъӕздыгдзинадХъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2017 | июль
-
-
7. Лукайы 16:10–13 стихты цавӕр уынаффӕ ис?
7 Бакӕс Лукайы 16:10–13. Йесойы фӕсномыг ныхасы уынаффӕгӕнӕг йӕхицӕн ӕмбӕлттӕ скодта йӕхи пайдайӕн. Фӕлӕ Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ сӕхицӕн уӕлӕрвты хӕлӕрттӕ сӕхи пайдайӕн кӕй хъуамӕ скодтаиккой. Уый бамбарын кодта, «мӕнгард хъӕздыгдзинадӕй» куыд пайда кӕнӕм, уымӕй кӕй уыдзӕн бӕрӕг, Хуыцауыл иузӕрдион стӕм ӕви нӕ. Уый нӕ бон цавӕр хъуыддӕгтӕй у равдисын?
-