-
Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры уавӕр фӕивтаЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Йесо радзырдта: «Цардис иу хъӕздыг лӕг, дардта зынаргъ дарӕс – тарсырх хъуымацӕй ӕмӕ кӕттагӕй, ӕмӕ йӕ бонтӕ цӕл-минас кӕнгӕйӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвыста. Йӕ кулдуары размӕ та-иу ын ӕрбахастой, йӕ буар хъӕдгӕмттӕй кӕмӕн нӕ зынд, иу ахӕм мӕгуыргуры, Лазӕр, зӕгъгӕ. Уый бӕллыд, уыцы хъӕздыг лӕджы фынгӕй цы муртӕ хауд, уыдонӕй йӕ гуыбын бафсадынмӕ. Ӕмӕ-иу ӕрбацыдысты куыйтӕ ӕмӕ-иу ын йӕ хъӕдгӕмттӕ стӕрдтой» (Лукайы 16:19–21).
-
-
Хъӕздыг лӕг ӕмӕ Лазӕры уавӕр фӕивтаЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Уыцы хъӕздыг ӕмӕ сӕрбӕрзонд дины разамонджытӕ хуымӕтӕг мӕгуыр адӕммӕ цы цӕстӕй кастысты? Ӕнӕрвӕссонӕй сӕ хуыдтой ам-хаа́ретс, ома ӕнӕфенд сау адӕм. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон Закъон нӕ зыдтой ӕмӕ уый аккаг дӕр нӕ уыдысты, цӕмӕй сын ӕй амыдтаиккой (Иоанны 7:49). Уый хорз ӕвдисы, Йесо кӕй кой ракодта, уыцы «мӕгуыргур, Лазӕр», цы уавӕры уыд, уый. Лазӕр афтӕ ӕххормаг уыди, ӕмӕ, «хъӕздыг лӕджы фынгӕй цы муртӕ хауд, уыдонӕй йӕ гуыбын бафсадынмӕ» бӕллыд. Лазӕрыл, йӕ буар хъӕдгӕмттӕй кӕй нал зынд, уый тыххӕй куыд ӕлгъ кодтой, афтӕ ӕлгъ кодтой хуымӕтӕг адӕмыл дӕр, раст цыма Хуыцауы цӕсты рынчын уыдысты, уыйау.
-