Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 93 сӕр, 218 ф.–219 ф., 3 абз.
  • Адӕймаджы Фырт фӕзындзӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕймаджы Фырт фӕзындзӕн
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕймаджы Фырты фӕзынд
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Хуыцауы Паддзахад, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Апостолтӕ Йесойы фӕрсынц йе ’рцыды тыххӕй
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 93 сӕр, 218 ф.–219 ф., 3 абз.
Нойы нау ленк кӕны

93 СӔР

Адӕймаджы Фырт фӕзындзӕн

ЛУКАЙЫ 17:20–37

  • ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД ИС СЕ ’ХСӔН

  • ЙЕСО КУЫД ФӔЗЫНДЗӔН?

Йесо нырма дӕр уыди кӕнӕ Самарийы, кӕнӕ Галилейӕйы. Ӕмӕ йӕ уым фарисейтӕ бафарстой, Хуыцауы Паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Уыдон афтӕ ӕнхъӕлдтой, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад стыр кад ӕмӕ цытимӕ ӕрцӕудзӕн. Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахад афтӕ не ’рцӕудзӕн, ӕмӕ йӕ цӕстӕй фенӕн уа. Ӕмӕ афтӕ дӕр ничи дзурдзӕн, мӕнӕ ис, кӕнӕ, уӕртӕ ис, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы паддзахад мӕнӕ уе ’хсӕн ис» (Лукайы 17:20, 21).

Чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Йесо уый кой кодта, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад ис Хуыцауы лӕггадгӕнджыты зӕрдӕты. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ уӕд Йесо фарисейтимӕ ныхас кодта, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад уыдоны зӕрдӕты уыдаид, уымӕн та гӕнӕн куыд ис? Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахад се ’хсӕн ӕцӕгдӕр уыди, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕ Паддзахады Паддзахӕй кӕй равзӕрста, уый, Йесо, уыди се ’хсӕн (Матфейы 21:5).

Ӕвӕццӕгӕн, фарисейтӕ куы ацыдысты, уӕд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бӕстондӕр бамбарын кодта, Хуыцауы Паддзахад куыд ӕрцӕудзӕн, уый. Фыццаг уал сӕ бафӕдзӕхста, уӕлӕрвты паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ куы хъуамӕ райстаид, уыцы рӕстӕджы тыххӕй: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ уӕ бафӕнддзӕн Адӕймаджы Фырты бонтӕй иу фенын, фӕлӕ йӕ нӕ фендзыстут» (Лукайы 17:22). Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, Адӕймаджы Фырт паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ фидӕны кӕй райсдзӕн. Ӕмӕ цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцӕуа, уӕдмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, чи зоны, кӕйдӕрты фӕнда йӕ фенын. Фӕлӕ сӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын бахъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Адӕймаджы Фырт, Хуыцау цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕй раздӕр не ’рцӕудзӕн.

Дарддӕр сын Йесо загъта: «Адӕм [уын] дзурдзысты, мӕнӕ ис, кӕнӕ, уӕртӕ ис, зӕгъгӕ, фӕлӕ-иу ма рацӕут ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕ ма алидзут. Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд арвӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ куыд ферттивы, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы фӕзына, уыцы бон дӕр» (Лукайы 17:23, 24). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕнг мессийӕты фӕдыл «ма алидзой»? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй ӕцӕг Мессийӕйы ӕрцыд уыдзӕн, арвӕрттывд арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ куыд фӕзыны, афтӕ. Йесо кӕй ӕрцыд, ома уӕлӕрвты паддзахы бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста, уый бӕрӕг уыдзӕн бӕлвырд хабӕрттӕй. Ӕмӕ, уыцы хабӕрттӕм йӕ хъус чи дара, уыдон сӕ се ’ппӕт дӕр фендзысты.

Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта раджы заманты хабӕрттӕ ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йе ’рцыды рӕстӕджы адӕм цавӕр зондыл хӕст уыдзысты, уый. Йесо загъта: «Нойы рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты рӕстӕджы дӕр... Афтӕ уыди Лоты рӕстӕджы дӕр: адӕм хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой, арӕзтой. Фӕлӕ Лот Содомӕй цы бон рацыд, уыцы бон арвӕй ныккалд зынг ӕмӕ сондон, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр фесӕфтысты. Афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы фӕзына, уыцы бон дӕр» (Лукайы 17:26–30).

Йесо афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, Ной ӕмӕ Лоты рӕстӕджы адӕм уый тыххӕй фесӕфтысты, ӕмӕ сӕ царды кӕйттӕ кодтой, ома хордтой, нуӕзтой, ӕлхӕдтой, уӕй кодтой, сагътой ӕмӕ арӕзтой. Уыцы хъуыддӕгтӕй кӕцыдӕртӕ Ной ӕмӕ Лот ӕмӕ сӕ бинонтӕ дӕр куыннӕ кодтаиккой. Фӕлӕ хъуыддаг уый мидӕг уыди, ӕмӕ иннӕ адӕм ӕгасӕй дӕр уыцы хабӕрттыл систы. Хуыцауы фӕндон та ӕппындӕр ницӕмӕ дардтой ӕмӕ, цы рӕстӕджы цардысты, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтой. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый ма рох кӕной ӕмӕ йӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕной. Афтӕмӕй сын бамбарын кодта, цы аразын сӕ хъӕудзӕн, цӕмӕй, фидӕны Хуыцау ацы дуне куы сафа, уӕд удӕгасӕй баззайой.

Лоты ус цӕхдур фестад

Ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ къӕрцхъус уой ӕмӕ, фӕстейӕ цы баззад, ома сӕ алыварс дунейы цы ис, уыдӕтты фӕдыл ма адзӕгъӕл уой. Йесо загъта: «Уыцы бон исчи хӕдзары сӕр куы уа, йӕ дзаумӕттӕ та – хӕдзары, уӕд сӕм мауал ӕрхизӕд, ӕмӕ, быдыры чи уа, уый дӕр мауал раздӕхӕд, хӕдзары йын цы баззад, уымӕ. Уӕ зӕрдыл дарут Лоты усы» (Лукайы 17:31, 32). Лоты ус цӕхдур фестад!

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дарддӕр радзырдта, Адӕймаджы Фырт Паддзах куы уа, уӕд хабар куыд уыдзӕн, уый тыххӕй. Загъта сын: «Уыцы ’хсӕв дыууӕ адӕймаджы уыдзысты иу хуыссӕны: сӕ иуы дзы акӕндзысты, иннӕйы та ныууадздзысты» (Лукайы 17:34). Куыд уынӕм, афтӕмӕй адӕмӕй иутӕ фервӕздзысты, иннӕты та ныууадздзысты, ома фесӕфдзысты.

Уӕд ӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой: «Уый кӕм уыдзӕн, Хицау?» Ӕмӕ сын Йесо дзуапп радта: «Хӕдмӕл кӕм уа, уырдӕм ӕрӕмбырд уыдзысты цӕргӕстӕ дӕр» (Лукайы 17:37). Ӕцӕгдӕр, ирвӕзындзинады фӕндагыл чи лӕууа, уыдон уыдзысты дардмӕуынаг цӕргӕсты хуызӕн. Фидӕны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты ӕцӕг Чырыстимӕ – Адӕймаджы Фыртмӕ. Уӕд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты, ома уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдоны, ӕфсаддзӕн, цардмӕ чи кӕны, уыцы рӕстдзинадӕй.

  • Хуыцауы Паддзахад фарисейты ’хсӕн цы хуызы уыди?

  • Чырыстийы ӕрцыд арвӕрттывдимӕ цӕмӕн ис абарӕн?

  • Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уой?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын