-
Дыууӕ фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсирдӕтты тыххӕйЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Уый фӕстӕ ма Йесо радзырдта иу фӕсномыг ныхас. Уымӕй та равдыста, дины разамонджытӕн сӕ бӕллӕх ӕрмӕст уый мидӕг кӕй нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн нӕ лӕггад кодтой – уыдон ма уыдысты фыдзӕрдӕ дӕр. Йесо радзырдта: «Иу лӕг скодта сӕнӕфсирдон, йӕ алыварс ын сӕхгӕдта, скъахта дзы сӕндуцӕн дзыхъхъ ӕмӕ дзы сарӕзта мӕсыг дӕр. Уый фӕстӕ сӕнӕфсирдон радта ӕххуырст кусджытӕм, йӕхӕдӕг та ацыди ӕндӕр бӕстӕм. Сӕнӕфсир тоныны афон куы ралӕууыд, уӕд сӕнӕфсирдоны кусджытӕм йӕ цагъары арвыста сӕнӕфсирӕй хай райсынмӕ. Фӕлӕ уыдон цагъары ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ афтидкъухӕй рарвыстой. Уӕд та сӕм арвыста ӕндӕр цагъары. Уымӕн та йӕ сӕр фӕхостой ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодтой. Арвыста ма сӕм ноджыдӕр иу цагъары, ӕмӕ уый та маргӕ акодтой. Уый фӕстӕ дӕр ма сӕм бирӕ цагъарты фервыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй маргӕ акодтой» (Марчы 12:1–5).
Цымӕ, Йесомӕ чи хъуыста, уыдон уыцы фӕсномыг ныхас бамбӕрстой? Чи зоны, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Исайы ныхӕстӕ: «Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы сӕнӕфсирдон у Израилы хӕдзар, Иудӕйы адӕм сты, кӕй уарзта, уыцы сӕнӕфсирбӕлӕстӕ. Уый ӕнхъӕлмӕ каст, рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕндзысты, фӕлӕ федта, закъон кӕй халынц» (Исай 5:7). Йесойы фӕсномыг ныхасы дӕр сӕнӕфсирдоны хицау у Йегъовӕ, сӕнӕфсирдон та – Израилы адӕм. Йегъовӕ сын йӕ Закъон кӕй радта, уый фӕрцы сӕ хъахъхъӕдта – зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын сӕ алыварс сӕхгӕдта. Уымӕй уӕлдай сӕм йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ ахуыр кодтаиккой ӕмӕ сын царды хорз дыргъ хӕссынӕн ӕххуыс кодтаиккой.
-
-
Дыууӕ фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсирдӕтты тыххӕйЙесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
-
-
Уӕдӕ, сӕхи дӕр нӕ фӕндыд, афтӕмӕй сӕхицӕн стӕрхон кодтой, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты Йегъовӕйы сӕнӕфсирдоны «кусджытӕй», ома Израилы адӕмы дины разамонджытӕй. Уыцы кусджытӕм Йегъовӕ цавӕр дыргъмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? Зӕгъӕм, цӕмӕй йын йӕ Фыртыл, ома Мессийӕйыл, ӕууӕндыдаиккой. Йесо дины разамонджытӕм комкоммӕ бакаст ӕмӕ сын загъта: «Фыстад афтӕ зӕгъы: „Аразджытӕ цы дур аппӕрстой, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уыцы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ, ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы“. Никуы бакастыстут уыцы ныхӕстӕ?» (Марчы 12:10, 11). Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ хъуыды бӕлвырддӕр бамбарын кодта: «Гъе уымӕн уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыцы адӕмӕн» (Матфейы 21:43).
-